Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Паддзах йӕ адӕмы сыгъдӕг кӕны мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
    • 1–3. Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд цы сарӕзта?

      ЙЕСО тынг аргъ кодта Иерусалимы кувӕндонӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, ӕнусты дӕргъы зӕххыл адӕм ӕрмӕстдӕр уыцы кувӕндоны кӕй куывтой ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау, ӕмӕ йын чи кувы, уыдонӕн дӕр сӕ лӕггад хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп. Ӕмӕ-ма ныр ахъуыды кӕн, н. э. 33 азы 10 нисаны Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд ӕмӕ йӕ хынджылӕггаг кӕй скодтой, уый куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ куыд фӕрыстаид. (Бакӕс Матфейы 21:12, 13.)

      2 Ӕнӕфсис базаргӕнджытӕ ӕмӕ ӕхцаивджытӕ бадтысты ӕндӕр адӕмыхӕттыты кӕрты ӕмӕ, Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссынмӕ чи ’рцыд, уыцы адӕмы стыгътойa. Йесо кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ дзы «уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй чидӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр ратардта» ӕмӕ «ӕхцаивджытӕн... се стъӕлттӕ» афӕлдӕхта. (Абар Неемийы 13:7–9.) Уыцы зыд адӕмӕн Йесо карзӕй бауайдзӕф кодта, йӕ Фыды хӕдзарӕй йын «абырджыты лӕгӕт» кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, кувӕндонӕн ӕмӕ дзы кӕмӕн куывтой, уымӕн тынг кӕй аргъ кодта. Йӕ уӕларвон Фыдӕн кӕм куывтой, уый уыди сыгъдӕг бынат, ӕмӕ йӕ хъуамӕ хынджылӕггаг мачи кодтаид!

  • Паддзах йӕ адӕмы сыгъдӕг кӕны мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
    • a Дзуттӕгты алы аз дӕр хъуыди кувӕндонӕн хъалон фидын. Ӕмӕ-иу ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыдоны-иу уый тыххӕй хъуыди се ’хца баивын – семӕ-иу цы ӕхца ӕрбахастой, уымӕй Иерусалимы ницы уыди саразӕн. Ӕмӕ сӕ ӕхцаивӕггаг дӕр хъуыди фидын. Стӕй-иу сӕ, чи зоны, хъуыди кусӕрттаг балхӕнын. Йесо базаргӕнджыты ӕмӕ ӕхцаивджыты «абырджытӕ», ӕвӕццӕгӕн, уымӕн схуыдта, ӕмӕ сӕ нывӕндтӕ, сӕ лӕггӕдтӕ туджы аргъ кодтой.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын