-
Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм иудзинад уӕд не ’хсӕн дӕрХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | июнь
-
-
ХЪУЛОН МИТӔ НЫУУАДЗЫНӔН ХЪӔУЫ УАРЗОНДЗИНАД ӔМӔ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД
8. Чырыстӕтты сӕйраджыдӕр цы иу кӕны? Бамбарын ӕй кӕн.
8 Йесо бамбарын кодта, сӕйраджыдӕр нӕ цы иу кӕны, уый. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Сымах... уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут». (Бакӕс Матфейы 23:8, 9.) «Ӕфсымӕртӕ» нӕ уымӕн ис схонӕн, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Адамы цот стӕм (Хъуыд. 17:26). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уымӕн кӕй сты, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы нымайынц сӕ уӕларвон Фыдыл (Матф. 12:50). Уыдон иууылдӕр систы Хуыцауы стыр бинонтӕй, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл баста уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад. Ӕмӕ-иу апостолтӕ сӕ фыстӕджыты се ’мчырыстӕтты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уымӕн схуыдтой (Ром. 1:13; 1 Пет. 2:17; 1 Иоан. 3:13)a.
-
-
Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы ’хсӕн цы иудзинад ис, ахӕм иудзинад уӕд не ’хсӕн дӕрХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | июнь
-
-
a Дзырд «ӕфсымӕртӕ», гӕнӕн ис, ӕмӕ амона ӕмбырды хотӕм дӕр. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел Ромы цӕрӕг «ӕфсымӕртӕм» цы фыстӕг ныффыста, уый хотӕм дӕр кӕй хауди, уымӕн ӕмӕ дзы кӕйдӕрты номгай ранымадта (Ром. 16:3, 6, 12). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» рагӕй фӕстӕмӕ дӕр чырыстӕтты хоны «хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ».
-