Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йӕ апостолты бацӕттӕ кодта, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Йесо йӕ апостолтӕн диссаджы амындтӕ радта, дыгӕйттӕй куы ацӕуой, уӕд куыд хъуамӕ хъусын кӕной, уый фӕдыл. Фӕлӕ ууыл не ’рлӕууыд. Йесо сыл тыхсти, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхста, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй. «Хъусут, ӕз сымах ӕрвитын, фысты бирӕгъты ’хсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. [...] Уӕхи адӕмӕй хъахъхъӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ се ’мбырдгӕнӕнты ехсӕй нӕмдзысты. Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм» (Матфейы 10:16–18).

  • Йӕ апостолты бацӕттӕ кодта, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо йӕ 12 апостолӕн диссаджы амындтӕ радта, бафӕдзӕхста сӕ, тӕссаг сын цӕмӕй уыд, уыдӕттӕй ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Фӕлӕ ма апостолтӕй дарддӕр уыцы ныхӕстӕ стыр ӕххуыс хъуамӕ уыдаиккой, уыцы хъуыддаджы Йесойӕн йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасы фӕстӕ чи архайдтаид, уыдонӕн дӕр. Уый цӕмӕй бӕрӕг у? Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй се сӕфт уындзысты «ӕппӕт адӕм дӕр» – хъусын кӕнынмӕ йӕ апостолты кӕмӕ арвыста, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ. Стӕй Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ апостолты, Галилейӕйы куы хъусын кодтой, уыцы цыбыр рӕстӕг хицӕутты ӕмӕ паддзӕхты раз ӕрлӕууын кодтой кӕнӕ дзы сӕ хиуӕтты ардыдӕй искӕй амардтой.

      Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо йӕ апостолтӕн уыцы хабӕрттӕ куы дзырдта, уӕд фидӕны кой кӕй кодта. Зӕгъӕм, Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ кӕндзысты, «афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт». Цымӕ йӕ ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд? Паддзах Йесо Чырысти Хуыцауы номӕй тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъуыстгонд нӕма фӕуыдзысты.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын