Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 август
    • 6 Йӕ апостолты тӕрсын цӕуылнӕ хъуыди, уый бамбарынӕн сын Йесо ӕрхаста дыууӕ цӕстуынгӕ цӕвиттоны. Загъта сын: «Дыууӕ сырддонцъиуы ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Ӕмӕ дзы уӕ Фыды ӕвастӕй иу дӕр не ’рхаудзӕни зӕхмӕ. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29–31, НТ). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, зындзинӕдтӕй уӕд кӕй нӕ тӕрсдзыстӕм, ӕмӕ Иегъовӕйӕ ныфсджын куы уӕм, фидарӕй йӕ куы зонӕм, кӕй ныл тыхсы. Хуыцауыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндыд апостол Павел. Уый фыста: «Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нын кӕй бон цы у? Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?» (Ромӕгтӕм 8:31, 32, НТ). Ды дӕр цыфӕнды фыдӕвзарӕны ма бахауай, уӕддӕр ӕй зон: цалынмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уай, уӕдмӕ дыл уый тыхсдзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ацы хъуыды ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо йӕ апостолтӕн цы ныффӕдзӕхста, уымӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм.

      Сырддонцъиуы аргъ

      7, 8. а) Йесойы заман сырддонцъиуӕн цы кад уыд? ӕ) Матфейы 10:29 грекъаг ӕвзагыл цӕмӕн ис фыст «гыццыл сырддонцъиутӕ»?

      7 Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хорз ӕвдисынц, Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕцыдӕр куыд зынаргъ у, уый. Фыццаг уал ахъуыды кӕнӕм сырддонцъиутыл. Уӕды заман сын сӕ дзидза хӕргӕ кодтой. Фӕлӕ хуымтӕ кӕй сӕфтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ нымадтой зианхӕссӕг мӕргътыл. Сырддонцъиутӕ афтӕ бирӕ, стӕй афтӕ аслам уыдысты, ӕмӕ йӕ абоны ӕхцатӕй куы банымайӕм, уӕд дзы дыууӕ балхӕнӕн уыди сом ӕмӕ ӕрдӕгӕй. Ӕртӕ сомӕй та цыди цыппар цъиуы нӕ, фӕлӕ фондз – иу дзы-иу радтой лӕвар, цыма капеччы аргъ дӕр нӕ уыд, афтӕ! (Лукайы 12:6).

      8 Зӕгъын хъӕуы, уыцы цъиутӕ цӕйас сты, уый тыххӕй дӕр. Иннӕ мӕргътимӕ абаргӕйӕ сырддонцъиутӕн сӕ хъомылтӕ дӕр сты тынг гыццыл. Фӕлӕ Матфейы 10:29 грекъаг дзырд куыд амоны, афтӕмӕй Йесо ӕнӕуи «сырддонцъиутӕ» дӕр нӕ загъта, фӕлӕ «гыццыл сырддонцъиутӕ». Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы уый фӕндыд, ӕмӕ йӕ апостолты цӕстыты раз сыстадаид хӕрзгыццыл, адӕмы цӕсты ӕппындӕр кад кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм цъиу.

      9. Йесо сырддонцъиуты тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхаста, уым цавӕр диссаджы хъуыды ис?

      9 Ацы абарсты ис диссаджы хъуыды: адӕмы цӕсты ӕппындӕр кад цӕмӕн нӕй, уымӕн Иегъовӕ Хуыцау кӕны стыр аргъ. Ацы хъуыды Йесо ноджы ирддӕрӕй равдыста, йӕ ныхӕстӕм ма куы бафтыдта, зӕгъгӕ, уыцы гыццыл сырддонцъиутӕй иу дӕр Иегъовӕйы ӕвастӕй «не ’рхаудзӕни зӕхмӕ»c. Йесо цы зӕгъинаг уыд, уый бӕлвырд у: кӕд Иегъовӕмӕ уыцы гыццыл цъиутӕ дӕр нымады сты, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕг адӕмыл та цас тынгдӕр хъуамӕ тыхса!

  • Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 август
    • c Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сырддонцъиу зӕхмӕ ӕрхауы, уый ӕнӕмӕнг афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ мӕлгӕ акӕны. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй грекъаг ӕвзаджы уыцы ныхӕстӕ бамбарӕн ис афтӕ дӕр, ӕмӕ маргъ зӕххыл хӕринагагур кӕй ӕрбады. Кӕд уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд уыцы мӕргътӕн Хуыцау канд сӕ мӕлӕт нӕ уыны, фӕлӕ сӕ цард, сӕ алы фезмӕлд дӕр, ома сыл тыхсы, ӕфсады сӕ (Матфейы 6:26).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын