-
Исты дӕ бахъыгдардзӕн Йесойы фӕдыл цӕуын?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2021 | май
-
-
3. ЙЕСО ДЗУТТАГ ӔГЪДӔУТТӔЙ БИРӔТӔ НЕ ’ХХӔСТ КОДТА
Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо дзуттаг ӕгъдӕуттӕй кӕцыдӕртӕ кӕй не ’ххӕст кодта. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 13 абзац)d
13. Бирӕтӕ Йесомӕ фаутӕ цӕмӕн хастой?
13 Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕм диссаг фӕкаст, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ком кӕй нӕ дардтой, уый. Йесо сын бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгты ком дарын кӕй нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ нырма ӕгас уыд (Матф. 9:14–17). Фӕлӕ йӕм уӕддӕр фарисейтӕ ӕмӕ ма йӕ ныхмӕ ноджыдӕр чи цыд, уыдон фаутӕ хастой, се ’гъдӕуттӕ сын кӕй не ’ххӕст кодта, уый тыххӕй. Мӕсты йӕм кодтой, сабаты-иу рынчынты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй (Мар. 3:1–6; Иоан. 9:16). Уыдон сӕхицӕй ӕппӕлыдысты, сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ. Сӕхӕдӕг та адӕмӕн бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй кувӕндоны цыдӕртӕ уӕй кодтаиккой. Ӕмӕ сын Йесо куы бауайдзӕф кодта, уӕд ӕм тынг смӕсты сты (Матф. 21:12, 13, 15). Назареты ӕмбырдгӕнӕны та адӕмӕн ракодта, раджы заманты чи цард, уыдонӕй кӕйдӕрты кой. Ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кодта, хиуарзон кӕй уыдысты ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ йӕм уыдон дӕр мӕстӕй рафыхтысты (Лук. 4:16, 25–30). Бирӕтӕм ӕнахуыр фӕкаст, Йесо цы дзырдта ӕмӕ куыд кодта, уый, ӕмӕ йыл уый тыххӕй нӕ баууӕндыдысты (Матф. 11:16–19).
14. Йесо адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты ныхмӕ цӕмӕн дзырдта?
14 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Йегъовӕ пехуымпар Исайы уылты загъта: «Ацы адӕм мӕм ӕрмӕст дзыхӕй хӕстӕг кӕнынц ӕмӕ мӕ ӕрмӕст дзыхӕй кадджын кӕнынц, сӕ зӕрдӕтӕ та мӕнӕй адард кодтой. Уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ базыдтой, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый у Хуыцауӕй тӕрсын» (Ис. 29:13). Йесо дзырдта, Фыстадмӕ гӕсгӕ раст чи нӕ уыд, уыцы ӕгъдӕутты ныхмӕ. Адӕмы ӕрымысгӕ закъӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ Фыстадӕй ахсджиагдӕр кӕмӕн уыдысты, уыдон Йегъовӕйыл ӕмӕ Мессийӕйыл сӕ къух систой.
-
-
Исты дӕ бахъыгдардзӕн Йесойы фӕдыл цӕуын?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2021 | май
-
-
4. ЙЕСО НОГ ХИЦАУАД НӔ СӔВӔРДТА
Бирӕтӕн цӕлхдур сси, Йесо политикӕйы кӕй нӕ архайдта, уый. Абон дӕр бирӕтӕн ахӕм цыдӕр цӕлхдур куыд свӕййы? (кӕс 17 абзац)e
17. Йесойы рӕстӕджы бирӕтӕ цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты?
17 Йесойы рӕстӕджы бирӕты фӕндыд, цӕмӕй ног хицауад ӕвӕрд ӕрцыдаид. Ныфс сӕ уыди, Мессийӕ сӕ ромӕгты ӕфсондзӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн. Фӕлӕ Йесойы паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд не сразы (Иоан. 6:14, 15). Иннӕтӕ та, уыимӕ сауджынтӕ дӕр, тарстысты, Йесо ног хицауад куы сӕвӕра, уымӕй. Уӕд ромӕгтӕ смӕсты уыдаиккой ӕмӕ, сауджынтӕн цы бартӕ радтой, уыдон сын байстаиккой. Уыдӕтты тыххӕй дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йесойыл нӕ баууӕндыдысты.
18. Цӕмӕн рауад афтӕ, ӕмӕ бирӕтӕ Мессийӕйы тыххӕй кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ ницӕмӕ ’рдардтой?
18 Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Мессийӕйы тыххӕй бирӕ пехуымпарӕдты загъд уыд, паддзах кӕй суыдзӕн ӕмӕ уӕлахиздзау кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕй базонӕн уыд, Йесо уал раздӕр адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй кӕй хъуамӕ амардаид (Ис. 53:9, 12). Уӕдӕ дзуттӕгтӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ раст цӕуылнӕ ’мбӕрстой? Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд фервӕзтаиккой. Ӕмӕ сын Мессийӕ сӕ зындзинӕдтӕн уайтагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый кой кӕм нӕ уыд, уыцы пехуымпарӕдтӕ ницӕмӕ ’рдардтой (Иоан. 6:26, 27).
-