-
Фӕллад, фӕлӕ фидарХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 сентябрь
-
-
1, 2. а) Йесо, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр йӕхимӕ куыд хоны? ӕ) Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у?
МАХӔН, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн, зонгӕ сты йӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕ: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн... уымӕн ӕмӕ Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог» (Матфейы 11:28—30). Чырыстӕттӕн ма ис ахӕм хорзӕх дӕр — ӕрцӕуы сыл «циндзинады рӕстӕджытӕ Хицауы цӕсгомӕй» (Куыстытӕ 3:20). Дӕхиуыл дӕр ӕй бавзӕрстаис, Библийы ӕцӕгад кӕй базыдтай, рухс фидӕны ныфс дӕ кӕй ис ӕмӕ Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый цӕй стыр цин ӕмӕ удӕнцой у.
2 Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ сфӕлмӕцы. Ӕмӕ уый иутӕн ахӕссы цыбыр рӕстӕг, иннӕтӕн — фылдӕр. Рӕстӕг цӕуы, ӕмӕ, чи зоны, кӕмӕндӕр йӕ чырыстон хӕстӕ — Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ уа, афтӕ — удӕнцой нал вӕййынц, фӕлӕ йӕм уӕззау уаргъау фӕкӕсынц. Ахӕм хъуыдытӕ нӕ уӕгъд куы нӕ уадзой, уӕд нӕ Иегъовӕимӕ цы хӕлардзинады тӕгтӕ бӕтты, уыдонӕн аскъуыйынӕй тӕссаг у.
-
-
Фӕллад, фӕлӕ фидарХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 сентябрь
-
-
Чырыстон дин уаргъ нӕу
5. Уый гӕнӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йесо чырыстон фӕндаджы тыххӕй цы хъуыдытӕ загъта, уыдон кӕмӕдӕр ныхмӕвӕрд фӕкӕсой?
5 Раст у, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл цӕуай, уый тыххӕй хъӕуы удӕй арт цӕгъдын (Лукайы 13:24). Йесо ма афтӕ дӕр загъта: «Чи цӕуы Мӕ фӕдыл ӕмӕ нӕ хӕссы йӕ дзуар [«хъизӕмӕрты цӕджындз», НД], уый бон нӕу Мӕ ахуыргӕнинаг уӕвын» (Лукайы 14:27). Чи зоны нӕм фыццаг афтӕ фӕкӕса, цыма ацы ныхӕстӕ ӕмӕ раздӕр кӕй загъта, зӕгъгӕ, мӕ уаргъ у рог ӕмӕ удӕнцойы хос, уыдон сты ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу.
6, 7. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй нӕ фӕлмӕцӕм?
6 Исты хорз хъуыддаг аразгӕйӕ адӕймаг кӕд уӕззау куыст фӕкӕны, йӕ удӕй арт фӕцӕгъды ӕмӕ тынг бафӕллайы, уӕддӕр дзы вӕййы райгонд, удӕнцой дзы райсы (Екклесиаст 3:13, 22). Ӕмӕ уӕд, адӕмӕн Библийы диссаджы ӕцӕгад кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй хуыздӕр хъуыддаг исты ис?! Афтӕ ма, кӕд Хуыцауы ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу, уӕддӕр нын цы пайда хӕссы, уый ницӕимӕ ис абарӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:10—20). Кӕд нӕ адӕм лӕггад кӕнын хъыгдарынц, уӕддӕр нӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй ӕфхӕрынц, уый нӕхицӕн нымайӕм стыр кадыл (1 Петры 4:14).
7 Йесойы уаргъ у удӕнцойы хос. Уый бӕрӕг у, Хуыцауы рухсӕй иппӕрд адӕм мӕнг дины уаргъӕй куыд тыхсынц, уыимӕ абаргӕйӕ. Хуыцау нӕ фӕлмӕн уарзт кӕны ӕмӕ нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы. Иегъовӕйы «фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» (1 Иоанны 5:3). Фыстадыл чи ӕнцайы, уыцы ӕцӕг чырыстон дин уаргъ нӕу. Уӕдӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, нӕ ныфс уымӕй нӕ сӕтты, уымӕй нӕ фӕлмӕцӕм.
-