Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
    • 2. Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым хорз мыггаг цӕмӕ амоны?

      2 Фӕлӕ Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй иуы дзырд цӕуы, йемӕ иумӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон ӕмбырд кӕныны тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхас у мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй ӕмӕ фыст ис Матфейы 13 сӕры. Кӕд иннӕ цӕвиттоны мыггаг «Паддзахады тыххӕй дзырдмӕ» амоны, уӕд ацы фӕсномыг ныхасы та хорз мыггаг амоны ӕндӕр цӕмӕдӕр – «паддзахады фырттӕм» (Матф. 13:19, 38). Уыдон не сты, Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм, фӕлӕ – Паддзахады фырттӕ, ома Паддзахады бынтӕ чи райсдзӕн, уыдон (Ром. 8:14–17; бакӕс Галатӕгтӕм 4:6, 7).

  • «Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
    • 4. а) Йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы лӕг кӕмӕ амоны? ӕ) Йесо хорз мыггаг тауын кӕд ӕмӕ куыд райдыдта?

      4 Йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы лӕг кӕмӕ амоны? Йесо Чырысти ацы фарстайӕн дзуапп радта фӕстӕдӕр, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕсномыг ныхас куы ӕмбарын кодта, уӕд: «Хорз мыггаг чи байтыдта, уый у Адӕймаджы Фырт» (Матф. 13:37). Йесо, «Адӕймаджы Фырт», зӕххыл ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг куы лӕггад кодта, уӕд ӕрцӕттӕ кодта хуымтӕ (Матф. 8:20; 25:31; 26:64). Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ та тауын райдыдта хорз мыггаг – «паддзахады фырттӕ». Йесо Чырысти Йегъовӕйы номӕй архайгӕйӕ уыцы хъуыддаг райдыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгты сыгъдӕг удӕй куы схайджын кодта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй Хуыцауы фырттӕ куы скодта, уӕдb (Ап. хъ. 2:33). Хорз мыггагӕй равзӕрд мӕнӕу. Йесо уыцы хъуыддаг сарӕзта, цӕмӕй ӕппынфӕстаг ӕрӕмбырд кӕна, йӕ Паддзахады йемӕ иумӕ бынтӕ чи райсдзӕн ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр.

  • «Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
    • 5. Фӕсномыг ныхасы знаг чи у ӕмӕ кӕмӕ амоны хӕмпӕлгӕрдӕг?

      5 Чи у знаг ӕмӕ кӕмӕ амоны хӕмпӕлгӕрдӕг? Йесо загъта, знаг кӕй у «Хӕйрӕг», хӕпӕлгӕрдӕг та – «Фыдбылызы фырттӕ» (Матф. 13:25, 38, 39). Йесо цы хӕмпӕлгӕрдӕджы кой кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, у мӕгъӕлда. Ацы маргджын зайӕгой цалынмӕ нӕ сырӕзы, уӕдмӕ вӕййы мӕнӕуы хуызӕн. Уый амоны, йӕхи паддзахады фырттӕ чи хоны, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг кӕмӕн не сты, уыцы мӕнг чырыстӕттӕм. Уыдон сӕхи хонынц Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сты Сайтан Хӕйрӕджы «байзӕддаджы» хай (Райд. 3:15).

  • «Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
    • 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕг кӕй не сси?

      7 Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕг суыдзӕн, фӕлӕ хӕмпӕлгӕрдӕг мӕнӕуты ’хсӕн тыд кӕй ӕрцыд. Уымӕ гӕсгӕ ацы фӕсномыг ныхас нӕ амоны, раст дин чи ныууагъта, уыцы чырыстӕттӕм. Фӕлӕ амоны, Хӕйрӕг ууыл кӕй архайдта, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ахӕм адӕмы бакодтаид, ӕмӕ чырыстӕтты зыгъуыммӕ зондыл сарӕзтаиккой. Иоанн, апостолтӕй фӕстаг, куы базӕронд, уӕд, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, ахӕм адӕм сбирӕ сты (2 Пет. 2:1–3; 1 Иоан. 2:18).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын