-
«Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
-
-
16, 17. а) Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы фӕстагмӕ цавӕр хабары кой ракодта? ӕ) Уыцы хабар нырма разӕй кӕй ис, уый кӕцӕй зонӕм?
16 Фӕндзӕм: тӕмӕнтӕ калдзысты. Йесо йӕ пехуымпарады кӕронбӕттӕны загъта: «Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады» (Матф. 13:43). Ацы ныхӕстӕ кӕд ӕмӕ кӕм сӕххӕст уыдзысты? Уыцы хабар нырма разӕй ис. Йесо, ныртӕккӕ зӕххыл цы цӕуы, уый кой нӕ кодта, фӕлӕ, фидӕны уӕлӕрвты цы хабар ӕрцӕудзӕн, уый койf. Ӕркӕсӕм, ахӕм хатдзӕг цӕмӕ гӕсгӕ ис скӕнӕн, уыцы дыууӕ бӕлвырдгӕнӕнмӕ.
17 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Йесо загъта: «Уӕд рӕстгӕнджытӕ... тӕмӕнтӕ калдзысты». Дзырд «уӕд», ӕвӕццӕгӕн, амоны, Йесо уый хӕдразмӕ цы хабары кой скодта, уымӕ, ома хӕмпӕлгӕрдӕг судзгӕ пецы кӕй баппардзысты, уымӕ. Ӕмӕ уый та уыдзӕн стыр бӕллӕхӕн йӕ фӕстаг хайы рӕстӕджы. Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр «тӕмӕнтӕ калдзысты» растдӕр уӕд. Ныр та ӕркӕсӕм, уыцы хабар кӕм уыдзӕн, уымӕ. Йесо загъта, зӕгъгӕ, рӕстгӕнджытӕ «тӕмӕнтӕ калдзысты... паддзахады». Уый цӕуыл дзурӕг у? Стыр бӕллӕхы фыццаг хай куы фӕуа, уыцы рӕстӕг ма иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй зӕххыл чи уа, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр уӕдмӕ фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд, Йесо йӕ пехуымпарады куыд загъта, афтӕмӕй, уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты (Матф. 24:31). Ӕмӕ уым, «сӕ Фыды паддзахады», тӕмӕнтӕ калдзысты. Армагеддоны хӕдфӕстӕ та «Уӕрыккӕн», ома Йесойӕн, ӕмӕ йӕ «усагӕн», ома сӕрст чырыстӕттӕн, уыдзӕн «чындзӕхсӕв» (Рарг. 19:6–9).
-
-
«Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
-
-
f 16 абзац: Данелы 12:3 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕмбаргӕ чи у, уыдон [сӕрст чырыстӕттӕ] арвы рухсау ӕрттивдзысты». Сӕрст чырыстӕттӕ цалынмӕ зӕххыл сты, уӕдмӕ архайынц хъусын кӕныны хъуыддаджы, ӕмӕ афтӕмӕй арвы рухсау ӕрттивынц. Фӕлӕ Матфейы 13:43 стих та амоны, сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон Паддзахады тӕмӕнтӕ куы калой, уыцы рӕстӕгмӕ. Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ дыууӕ стихы дӕр амонынц иу цӕмӕдӕр – хъусын кӕныны хъуыддагмӕ.
-