Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фӕлварӕнты уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • Уайдзӕфы фӕстӕ дӕр – иузӕрдион

      11. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ кӕдӕм ацыд? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

      11 Уыцы хабӕрттӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йесо йӕ апостолтимӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕимӕдӕрты араст дард балцы цӕгатырдӕм. Уым, Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ цӕгат кӕроны, уыд Ермоны хох. Ӕмӕ-иу уыцы урссӕр хохы цъупп иуӕй-иу хатт зынди Галилейӕйы денджызӕй. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цыди, Филиппы Кесарийы раз чи уыд, уыцы хъӕутӕм, ӕмӕ Ермоны хох сӕ разы бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр кодтаb. Уыцы рӕсугъд ранӕй хуссарырдӕм куы акастаис, уӕд дзы хорз зынди Зӕрдӕвӕрд зӕххӕн йӕ фылдӕр хай. Ӕмӕ уым Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты иу ахсджиаг хъуыддагӕй бафарста.

      12, 13. а) Йесойы цӕмӕн фӕндыд, адӕм дзы цы хъуыды кодтой, уый базонын? ӕ) Петр Йесойӕн цавӕр дзуапп радта, уымӕй йӕ уырнындзинад куыд равдыста?

      12 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Цы дзурынц адӕм мӕн тыххӕй, чи, дам, у?» Хӕрзаг, Петр ӕдзынӕг каст Йесойы цӕстытӕм ӕмӕ та йӕ ногӕй бамбӕрста, йӕ Хицау куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, куыд уӕззау зонды хицау у ӕмӕ куыд ӕмбаргӕ у. Йесойы фӕндыд базонын, адӕм цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уымӕй цавӕр хатдзӕгтӕ скодтой. Ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ радзырдтой, адӕм ӕй кӕуыл нымадтой, уый. Фӕлӕ ма Йесойы ноджыдӕр иу цыдӕр фӕндыд базонын. Цымӕ, ӕдзухдӕр йемӕ чи вӕййы, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц? Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сымах та куыд хъуыды кӕнут, чи дӕн?» (Лук. 9:18–20).

  • Фӕлварӕнты уыд иузӕрдион
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • b Галилейӕйы денджызы былгӕронӕй сӕ цӕуын хъуыди 50 километры. Кӕм уыдысты, уыцы бынат уыд денджызӕй 210 метры дӕлдӕр. Ӕмӕ сӕ цӕуын кӕдӕм хъуыд, уый та уыд денджызӕй 350 метры уӕлдӕр. Кӕуылты цыдысты, уым ӕрдз уыди тынг рӕсугъд.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын