Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Ӕппӕт дӕр аразгӕ у, чи йӕ рӕзын кӕны, уымӕй, Хуыцауӕй»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июль
    • Фынӕй чи кӕны, уыцы тауӕг

      13, 14. а) Дӕхи ныхӕстӕй радзур Марчы 4:26–29 фыст фӕсномыг ныхас. ӕ) Кӕмӕ амоны тауӕг ӕмӕ цы у мыггаг?

      13 Марчы 4:26–29 ма тауӕджы тыххӕй ис ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас: «Хуыцауы паддзахад у, зӕххы мыггаг чи ныппӕрста, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Уый ӕхсӕвы фынӕй фӕкӕны, бонӕй сысты. Уӕдмӕ мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы – куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны. Афтӕ зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг: фыццаг мӕнӕу ссӕуы, уый фӕстӕ скӕны ӕфсир, стӕй уӕд ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы. Куыддӕр сцӕттӕ вӕййы, афтӕ та йыл ӕхсырф рауадзы, уымӕн ӕмӕ ӕрцыд йӕ кӕрдын афон».

      14 Чи у уыцы тауӕг? Чырыстон аргъуантӕй иуӕй-иутӕ амонынц, уый Йесо йӕхӕдӕг кӕй у. Фӕлӕ куыд ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо фынӕй кӕны ӕмӕ нӕ зоны, нӕмыг куыд рӕзы, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн гӕнӕн нӕй! Уӕдӕ уыцы тауӕг, фыццаг кӕй кой кодтам, уыцы тауӕгау, ӕвдисы Хуыцауы Паддзахады хабар хъусынгӕнджыты – Паддзахады мыггаг зынгзӕрдӕйӕ чи тауы, уыдоны. Зӕххы цы мыггаг ныппарынц, уый у, кӕй хъусын кӕнынц, уыцы дзырдb.

      15, 16. Йесо тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым цы загъта, хоры нӕмыг куыд рӕзы ӕмӕ ахуыргӕнинаг куыд рӕзы, уый тыххӕй?

      15 Йесо загъта, зӕгъгӕ, «тауӕг ӕхсӕвы фынӕй фӕкӕны, бонӕй сысты». Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ тауӕг цыдӕр раст нӕ аразы. Йесо ам дзуры, адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд цӕрынц, уый тыххӕй. Ацы стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у: адӕймаг боныгон кусгӕ кӕны, ӕхсӕвыгон та – фынӕй. Дарддӕр Йесо бамбарын кодта, уыцы рӕстӕджы дӕргъы цы цӕуы, уый: «Мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы». Стӕй ма загъта: «Куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны». Ам хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ мыггаг йӕхӕдӕг зайы – «зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг»c.

      16 Йесо ам цы ’мбарын кӕны? Уый кӕны, хоры нӕмыг куыд рӕзы, уый кой. «Афтӕ зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг: фыццаг мӕнӕу ссӕуы, уый фӕстӕ скӕны ӕфсир, стӕй уӕд ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы» (Марчы 4:28). Рӕзгӕ кӕны сабыргай. Нӕй йӕ тыххӕй сырӕзын кӕнӕн кӕнӕ афтӕ бакӕнӕн, цӕмӕй тагъддӕр сырӕза. Уый зӕгъӕн ис, ахуыргӕнинаг куыд рӕзы, уымӕй дӕр. «Йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», ахӕм адӕймаджы зӕрдӕйы Йегъовӕ ӕцӕгдзинад сындӕггай рӕзын кӕны (Ап. хъ. 13:48; Дзут. 6:1).

      17. Паддзахады тыллӕг чи фембырд кӕны ӕмӕ тыллӕгыл чи фӕцин кӕны?

      17 Хор «куыддӕр сцӕттӕ вӕййы, афтӕ» ралӕууы хуымгӕрдӕн. Куыд дзы фӕархайы тауӕг? Йегъовӕ ног ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕты йӕ Паддзахады ӕцӕгдзинады мыггаг куы сырӕзын кӕны, уӕд сӕ уырнындзинад сфидар вӕййы, Хуыцауы бауарзынц ӕмӕ сӕ бафӕнды, цӕмӕй йын сӕ цард снывонд кӕной. Уый фӕстӕ та райсынц донаргъуыд. Фӕлтӕрдджындӕр чи кӕны, уыцы ’фсымӕртӕн сӕ бон бавӕййы ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Паддзахады тыллӕг фембырд кӕнынц, мыггаг чи байтыдта, уый дӕр ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр (кӕд уыдон, ахуыргӕнинаг кӕмӕй сырӕзт, уыцы мыггаг сӕхӕдӕг нӕ байтыдтой, уӕддӕр). (Бакӕс Иоанны 4:36–38.) Уӕдӕ «тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕнынц».

  • «Ӕппӕт дӕр аразгӕ у, чи йӕ рӕзын кӕны, уымӕй, Хуыцауӕй»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июль
    • b Раздӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, уыцы мыггаг амоны адӕймаджы миниуджытӕм ӕмӕ уыдон фӕзынынц бӕрӕг уавӕрты. Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесойы фӕсномыг ныхасы мыггаг нӕ бамбыд ӕмӕ ’взӕр тыллӕг дӕр не ’рхаста. Уый рӕзыд, цалынмӕ не сцӕттӕ ис, уӕдмӕ. (Кӕс 1980 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 17–19 фӕрстӕ, англ.)

      c Номивӕг «йӕхӕдӕг»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд ма Библийы ’мбӕлы ноджыдӕр иу ран – Хъуыддӕгты 12:10. Уым фыст ис, ӕфсӕн кулдуар кӕй байгом «йӕхи ӕгъдауӕй», ома йӕхӕдӕг.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын