-
«Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 август
-
-
7. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой ракодта, уый куыд бакодта?
7 Ногӕй та Йесойы фӕсномыг ныхасмӕ раздӕхӕм. Хъӕздыг лӕгмӕ уыйас тыллӕг куы ӕрзад, ӕмӕ йӕ кӕм бафснайдтаид, уый дӕр ын куы нӕ уыд, уӕд куыд бакодта? Уый сфӕнд кодта йӕ хордӕттӕ фехалын ӕмӕ стырдӕртӕ саразын, цӕмӕй дзы йӕ хор ӕмӕ йӕ фӕллӕйттӕ бафснайдтаид. Ахӕм фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ фӕныфсджын ӕмӕ афтӕ бахъӕлдзӕг, ӕмӕ ахъуыды кодта: «Мӕхицӕн зӕгъдзынӕн: „Ис дӕм бирӕ фӕллой бирӕ азты фаг. Ныр цӕр дӕ уды дзӕбӕхӕн, хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ“» (Лукайы 12:19).
«Ӕнӕзонд» – цӕмӕн?
8. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой кодта, уымӕй цы ферох?
8 Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы хъӕздыг лӕгӕн йӕ фӕндтӕ удӕнцой уыдысты, фӕлӕ сыл митын мӕсгуытӕй хъауджыдӕр ныфс ӕвӕрӕн нӕ уыд. Куыд зынди, афтӕмӕй алцыдӕр лыстӕггай сбарста, фӕлӕ ферох кодта ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – Хуыцауы фӕндон. Уыцы лӕг хъуыды кодта ӕрмӕст йӕхиуыл: йӕ удыдзӕбӕхӕн куыд цӕрдзӕн, куыд хӕрдзӕн, куыд нуаздзӕн ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй йӕ бонтӕ куыд ӕрвитдзӕн. Уымӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕм «бирӕ фӕллой» куы уа, уӕд «бирӕ азтӕ» фӕцӕрдзӕн. Фӕлӕ йе ’намондӕн, хъуыддӕгтӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ рауадысты. Йесо уымӕй размӕ загъта, зӕгъгӕ, «адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕддӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй аразгӕ нӕу» (Лукайы 12:15). Лӕг цӕуыл фӕфыдӕбон кодта, уыдон иууылдӕр уыцы ӕхсӕв ӕнӕхъуаджы фесты, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау загъта: «Куыд ӕнӕзонд дӕ! Ахсӕв дын дӕ цард байсдзысты, ӕмӕ уӕд, цы фӕллӕйттӕ скодтай, уыдон кӕмӕн баззайдзысты?» (Лукайы 12:20).
-
-
«Хуыцауы цӕсты... хъӕздыг» дӕ?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 август
-
-
10. Адӕймаг йӕ «бирӕ фӕллойы» фӕрцы «бирӕ азтӕ» цӕуылнӕ фӕцӕрдзӕн?
10 Хорз уаид, ацы хабарыл куы ахъуыды кӕниккам. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр, фӕсномыг ныхасы цы лӕджы кой цыд, уый хуызӕн суӕм – бирӕ кусӕм, цӕмӕй нӕм «бирӕ фӕллой» уа, фӕлӕ «бирӕ азтӕ» цӕй фӕрцы ис фӕцӕрӕн, уый ма аразӕм? (Иоанны 3:16; 17:3). Библийы фыст ис: «Зынаргъ дзауматӕ ницы пайда уыдзысты масты бон» ӕмӕ «йӕ хъӕздыгдзинадыл йӕ ныфс чи дары, уый ӕрхаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 11:4, 28). Уӕдӕ Йесо дӕр йӕ фӕсномыг ныхасы кӕрон уымӕн загъта: «Афтӕ рауайы йӕ хабар, хӕзнатӕ йӕхицӕн чи фембырд кӕны, Хуыцауы цӕсты та хъӕздыг чи нӕ вӕййы, уымӕн» (Лукайы 12:21).
-