-
Уынаффӕтӕ хъӕздыгдзинады фӕдылЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Хуыцауы Паддзахад чи агурдзӕн? Йесо раргом кодта, афтӕ кӕй кӕндзысты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты чысыл къорд – «гыццыл дзуг». Фӕстӕдӕр та раргом, 144 мины йеддӕмӕ кӕй нӕ уыдзысты. Хуыцау сын цавӕр хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта? Йесо уыдоны тыххӕй загъта: «Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын». Уыцы «гыццыл дзуджы» чи ис, уыдон сӕхицӕн, зӕххыл адавынӕй тӕссаг кӕмӕн у, ахӕм хӕзнатӕ не ’мбырд кӕндзысты. Фӕлӕ сӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзӕн, «къаддӕр чи нӕ кӕны, ахӕм хӕзнатимӕ». Уыцы хӕзнатӕ сты «уӕлӕрвты» – Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ кӕм уыдзысты, уым (Лукайы 12:32–34).
-
-
Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг, дӕхи цӕттӕ дар!Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Йесо бамбарын кодта, уӕларвон Паддзахадмӕ ӕрмӕстдӕр «гыццыл дзуг» кӕй бацӕудзӕн (Лукайы 12:32). Фӕлӕ сын уыцы диссаджы хӕрзиуӕг райсыны фадат кӕй ис, уымӕ хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсой. Адӕймаг йӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй куы нӕ кӕса, уӕд уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕн.
-