-
«Уӕ кӕрӕдзи уарзут»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 февраль
-
-
5, 6. а) Йесо цавӕр дыууӕ цыбыр ӕмбисонды радзырдта? ӕ) Ацы дыууӕ ӕмбисонды Иегъовӕйы цавӕр Хуыцауӕй ӕвдисынц?
5 Чи фӕдзӕгъӕл, уыдонмӕ Иегъовӕ цы зӕрдӕ дары, уый адӕмӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо радзырдта дыууӕ цыбыр ӕмбисонды. Фыццаг уыд фыййауы тыххӕй. Йесо загъта: «Сымахӕй сӕдӕ фысы кӕмӕ уа ӕмӕ дзы иу куы фесӕфа, уӕд нӕ ныууадздзӕн нӕуӕдз фарасты ӕдзӕрӕг ран, ӕмӕ нӕ ацӕудзӕн сӕфт фысы агурынмӕ, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ? Ссаргӕйӕ та йӕ цингӕнгӕ сисдзӕн йе уӕхсджытӕм; ӕмӕ ӕрцӕугӕйӕ сӕхимӕ, фӕдзурдзӕн йӕ хӕлӕрттӕм ӕмӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ зӕгъдзӕн уыдонӕн: „цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт фысы“. Зӕгъын уын, афтӕ уӕлӕрвты иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕн, цӕйнӕфӕлтау нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгыл, фӕсмон кӕнын кӕй нӕ хъӕуы» (Лукайы 15:4—7).
-
-
«Уӕ кӕрӕдзи уарзут»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 февраль
-
-
Сӕфт, фӕлӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ
8. а) Фыййау ӕмӕ сылгоймаг цы фесӕфтой, ууыл куыд стыхстысты? ӕ) Цы фесӕфтой, ууыл сӕ дыууӕ дӕр афтӕ кӕй стыхстысты, уый цӕуыл дзурӕг у?
8 Дыууӕ ӕмбисонды дӕр чидӕр цыдӕр фесӕфта, фӕлӕ ма ӕркӕсӕм, цы фесӕфтой, ууыл куыд стыхстысты, уымӕ. Фыййау хъуыды дӕр нӕ акодта: «Дӕлӕмӕ дӕр ӕмӕ уӕлӕмӕ дӕр фыс у, цы йӕ агурон? Уӕртӕ ма мӕм 99 фысы куы ис! Ӕнӕ уымӕй дӕр фӕцӕрдзынӕн». Сылгоймаг дӕр нӕ загъта: «Цӕуыл тыхсын, иу драхмӕ йедтӕмӕ куы ницы у? Фараст драхмӕйы дӕр мын фаг сты». Нӕ, фыййау йӕ сӕфт фысы агурынмӕ фӕцыд, раст ӕм цыма ӕндӕр фыстӕ нал уыд, уыйау. Сылгоймаг дӕр драхмӕйыл афтӕ стыхст, цыма йӕм ӕхцайы капекк нал баззад. Сӕ дыууӕйӕн дӕр, цы фесӕфтой, уый уыди зынаргъ. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг у?
9. Фыййау ӕмӕ сылгоймаг афтӕ кӕй стыхстысты, уый цы ӕвдисы?
9 Ӕркӕсӕм ма, Йесо дыууӕ ӕмбисонды дӕр йӕ ныхас куыд фӕцис: «Афтӕ уӕлӕрвты иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕн» ӕмӕ «тӕккӕ афтӕ, зӕгъын сымахӕн, вӕййы цин Хуыцауы Зӕдтӕм иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр». Фыййау ӕмӕ сылгоймаг, цы фесӕфтой, ууыл афтӕ кӕй стыхстысты, уый иу гыццыл ӕвдисы Иегъовӕ ӕмӕ йӕ уӕларвон скӕндтыты ӕнкъарӕнтӕ. Фыййау йе сӕфт фысы куыд бирӕ уарзта, сылгоймаджы зӕрдӕ та драхмӕйыл куыд фӕрыст, растдӕр афтӕ, чи адзӕгъӕл вӕййы ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕй йӕхи чи аиуварс кӕны, уыдоны дӕр Иегъовӕ афтӕ уарзы, йӕ зӕрдӕ сыл афтӕ риссы (Иереми 31:3). Ахӕм адӕймӕгтӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕйы коммӕ нӕ кӕсынц. Кӕд ӕрлӕмӕгъ сты, уӕддӕр, чи зоны, Иегъовӕйы уагӕвӕрдтыл сӕ къух бынтондӕр нӕ систой (Псалом 118:176; Куыстытӕ 15:29). Уый тыххӕй Иегъовӕйы никуы фӕндыд, цӕмӕй ахӕм адӕймӕгтӕ «йӕ цӕсгомы разӕй фесӕфтаиккой» (4 Паддзахӕдты 13:23).
10, 11. а) Ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? ӕ) Йесойы дыууӕ ӕмбисондмӕ гӕсгӕ, ахӕм адӕймӕгтыл куыд хъуамӕ аудӕм?
10 Мах дӕр Иегъовӕ ӕмӕ Йесойау, чи ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ чырыстон ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдоныл тынг тыхсӕм ӕмӕ нӕ сӕ хорз фӕнды (Иезекил 34:16; Лукайы 19:10). Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уый, пайда кӕмӕй нал ис, ахӕмыл нӕ нымайӕм, фӕлӕ сӕфт фысыл. Ахӕм хъуыдытӕ нӕм нӕ вӕййы: «Лӕмӕгъ у, ӕмӕ йыл мӕ зӕрдӕ цы рисса? Ӕмбырды куы нӕ уа, уӕддӕр ницы кӕны». Нӕ, мах афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм. Чи адзӕгъӕл ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхын кӕй фӕнды, уыдонмӕ мах дӕр Иегъовӕйау кӕсӕм: нӕ зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ сты.
-
-
«Уӕ кӕрӕдзи уарзут»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 февраль
-
-
Нӕхӕдӕг фӕраздӕр уӕм
12. Фыййау кӕй «ацыд сӕфт фысы агурынмӕ», уый йӕ цы хуызӕн адӕймагӕй ӕвдисы?
12 Фыццаг ӕмбисонды Йесо дзуры, фыййау кӕй «ацыд сӕфт фысы агурынмӕ». Уый не ’нхъӕлмӕ каст, цалынмӕ фыс йӕхӕдӕг ӕрцыдаид, фӕлӕ фӕраздӕр ӕмӕ йӕ агурӕг ацыд. Кӕд йӕ фӕндаг зын, тӕссаг ӕмӕ дард уыд, уӕддӕр ӕй уый нӕ баурӕдта. Агуырдта йӕ, «цалынмӕ йӕ [не] ссара, уӕдмӕ» (Лукайы 15:4).
13. Рагзаманты иузӕрдион адӕм лӕмӕгъты куыд фидар кодтой, ӕмӕ сӕ куыд ис фӕзмӕн?
13 Уӕдӕ фидардӕр чи у, уый хъуамӕ фӕраздӕр уа, ӕмӕ чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕ бацӕуа — йӕ ныфсыл ын ныфс бафтауа. Рагзаманты дӕр иузӕрдион адӕм ацы хъуыддаг хорз ӕмбӕрстой. Зӕгъӕм, паддзах Саулы фырт Ионафан куы базыдта, йе ’ввахс хӕлар Давиды ныфс кӕй асаст, уӕд «сыстад ӕмӕ Давидмӕ хъӕдмӕ ацыд, цӕмӕй йын йӕ цонг фӕфидар кодтаид, зӕгъгӕ дӕ Хуыцауӕй ныфс уӕд» (1 Паддзахӕдты 23:15, 16). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ та, стыр хицау Нееми куы федта йе ’мтуг, йе ’мстӕг иудейтӕ кӕй ӕрлӕмӕгъ сты, уӕд уый дӕр ӕвӕстиатӕй «сыстад» ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы уӕ зӕрдыл дарут (Нееми 4:14). Мах дӕр-иу хъуамӕ «сыстӕм», ома хъуамӕ фӕраздӕр уӕм, цӕмӕй-иу, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонмӕ бацӕуӕм ӕмӕ-иу сӕ фӕфидар кӕнӕм. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ӕмбырды кӕмӕ хауы?
14. Чырыстон ӕмбырды чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн зӕрдиагӕй чи хъуамӕ ӕххуыс кӕна?
14 Уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «ӕнӕхъару цӕнгтӕ фидар кӕной ӕмӕ ӕдых зӕнгты хъару уадзой» ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ тыхст кӕмӕн у, уыдонӕн дзурой: „Фидар лӕуут. Ма тӕрсут“» (Исай 35:3, 4; 1 Петры 5:1, 2). Фӕлӕ Павел афтӕ куы дзырдта, зӕгъгӕ, «ныфсхаст кӕнут зӕрдӕсастыты» (НФ) ӕмӕ «ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн», уӕд уый ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕм нӕ хауд. Павел фыста «Фессалоникӕйы [ӕгас] аргъуанмӕ [ӕмбырдмӕ]» (1 Фессалоникӕгтӕм 1:1; 5:14). Уӕдӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕной лӕмӕгътӕн. Йесойы ӕмбисонды фыййау куыд бакодта, афтӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ «сӕфт фысы агурӕг» цӕуа. Фӕлӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс куы курӕм, уӕд ӕнтыстджындӕр уыдзыстӕм. Де ’мбырды чи ӕрлӕмӕгъ, уымӕн дӕ бон куыд баххуыс кӕнын у?
-