-
Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 январь
-
-
8 Уыцы фӕсномыг ныхас сын куы радзырдта, уӕд загъта: «Хъусут, уыцы ӕнӕхуыцау тӕрхонгӕнӕг цы загъта? Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, йӕ уыцы ӕвзӕрстыты тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн, кӕд тагъд нӕ кӕны, уӕддӕр? Зӕгъын уын: уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн?» (Лукайы 18:1–8).
«Нӕ хъуыддаг нын рӕстӕй равзар»
9. Идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы сӕйраг хъуыды цы у?
9 Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕсномыг ныхасӕн йӕ сӕйраг хъуыды бӕлвырд у. Уый банысан кодта Йесо дӕр. Идӕдз ус тӕрхонгӕнӕгӕй куырдта: «Нӕ хъуыддаг нын рӕстӕй равзар». Ӕмӕ йын тӕрхонгӕнӕг дӕр зӕрдӕ бавӕрдта. Дарддӕр Йесо фӕрсы: «Уӕд Хуыцау... раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн?» Ӕмӕ стӕй Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Уыцы хъуыддаг ӕнӕмӕнг бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй» (Лукайы 18:3, 5, 7, 8). Цымӕ бӕлвырддӕр та Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕд равзардзӕн?
10. а) Фыццаг ӕнусы мастисӕн бонтӕ кӕд ралӕууыдысты? ӕ) Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕд равзардзӕн ӕмӕ куыд?
10 Фыццаг ӕнусы «мастисӕн бонтӕ» ралӕууыдысты н. э. 70 азы, Иерусалим ӕмӕ кувӕндон куы ныппырх кодтой, уӕд (Лукайы 21:22). Абон та Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн йе «стыр бон» (Софони 1:14; Матфейы 24:21). Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ, йӕ адӕмӕн «зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй зындзинӕдтӕй бафиддзӕн», ӕмӕ уый уыдзӕн, «Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй» Йесо Чырысти йӕ маст куы иса, уӕд (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8; Ромӕгтӕм 12:19).
11. Куыд ӕмбаргӕ у, хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕн «ӕвӕстиатӕй», зӕгъгӕ?
11 Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ сты Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕн «ӕвӕстиатӕй»? Хуыцауы Ныхас ӕвдисы, «кӕд [Йегъовӕ] тагъд нӕ кӕны, уӕддӕр», афон куы ’рцӕуа, уӕд архайдзӕн ӕвӕстиатӕй (Лукайы 18:7, 8; 2 Петры 3:9, 10). Нойы бонты Доны хъаймӕт куы ’рцыд, уӕд фыддуне фесӕфт ӕвӕстиатӕй. Афтӕ уыд Лоты бонты дӕр – зынгӕй къӕвда уарын куы райдыдта, уӕд фыддзинад фесӕфт. Йесо загъта: «Афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы бон дӕр» (Лукайы 17:27–30). Ныр дӕр та фыддзинад фесӕфдзӕн ӕваст (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3). Уӕдӕ фидарӕй ӕууӕндӕм: Йегъовӕ Сайтаны дунейӕн иу бон дӕр уӕлдай нӕ ратдзӕн.
-
-
Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 январь
-
-
14. Йегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй у, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?
14 Уӕдӕ Хуыцауы тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй у, ууыл чи нал ӕууӕнды, уыдон тынг рӕдийынц. Цӕмӕн? Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ дызӕрдыг кӕнынц, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу зӕгъын, Хуыцау иузӕрдион кӕй нӕ разындзӕн, йӕ ныхас кӕй нӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Иов 9:12). Фӕлтау нӕ алчидӕр йӕхи бафӕрсӕд: ӕз мӕхӕдӕг баззайдзынӕн иузӕрдионӕй? Растдӕр ацы фарст радта Йесо, идӕдз ус ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй куы радзырдта, уӕд.
«Ахӕм уырнындзинад ссардзӕн зӕххыл?»
15. а) Цавӕр фарст радта Йесо ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ бафӕрсӕм?
15 Йесо радта цымыдисаг фарст: «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ахӕм уырнындзинад ссардзӕн зӕххыл?» (Лукайы 18:8, «Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ», англ.). Йесо «ахӕм уырнындзинад», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕнӕуи истӕуыл ӕууӕндыны тыхӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ идӕдз усы уырнындзинадыл. Йесо йӕ фарстӕн дзуапп нӕ радта. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ ахъуыды кодтаиккой сӕ уырнындзинадыл. Мыййаг сын афтӕ ӕрлӕмӕгъ, ӕмӕ сын тӕссаг уыд, цы ныууагътой, уымӕ аздӕхынӕй? Кӕнӕ сӕм уыд, идӕдз усмӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм? Уӕдӕ абон мах дӕр хъуамӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Цавӕр уырнындзинад ссардзӕн „Адӕймаджы Фырт“ мӕ зӕрдӕйы?»
16. Цавӕр уырнындзинад уыд идӕдз усмӕ?
16 Цӕмӕй махӕн дӕр Йегъовӕ нӕ хъуыддаг рӕстӕй равзара, уый тыххӕй нӕ хъӕуы идӕдз усы бафӕзмын. Цавӕр уырнындзинад ӕм уыд? Ӕдзух тӕрхонгӕнӕгмӕ цыд ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, нӕ хъуыддаг нын рӕстӕй равзар, зӕгъгӕ. Идӕдз ус уыцы фыдзӕрдӕ адӕймаджы нал уагъта, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг равзӕрстаид. Афтӕ Хуыцауы адӕмы бон дӕр у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, кӕд сӕ, куыд хъуыды кӕнынц, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕуа, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй кӕй ӕууӕндынц, уый ӕвдисынц, ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕкувынц, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм кӕй дзыназынц, уымӕй (Лукайы 18:7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, чырыстон адӕймаг куы нал кува, цӕмӕй Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй равзара, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ нал уырны, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, уый.
17. Цӕмӕн хъӕуы ӕппынӕдзух кувын ӕмӕ, Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй равзардзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндын?
17 Идӕдз ус цы уавӕрты уыд, уыдон нын ӕвдисынц, ӕппынӕдзух кувын ма нӕ цӕмӕн хъӕуы, уый. Ӕркӕсӕм, уый цы уавӕры уыд, уый нӕ уавӕрӕй цӕмӕй хицӕн кӕны. Уыцы идӕдз ус-иу ногӕй ӕмӕ ногӕй бацыд тӕрхонгӕнӕгмӕ, кӕд ын уый зӕрдӕ ницӕмӕй ӕвӕрдта, уӕддӕр. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы Ныхас та разӕнгард кӕны «ӕппынӕдзух кувынмӕ» (Ромӕгтӕм 12:12). Уыцы идӕдз усы ныфс нӕ уыд, йӕ хъуыддаг ын кӕй равзардзысты, уымӕй, фӕлӕ махӕн та Йегъовӕ фидарӕй зӕгъы, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн. Йӕ пехуымпары уылты загъта: «Кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн, нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Аввакум 2:3; Псалом 96:10). Стӕй идӕдз сылгоймагӕн йӕ хъуыддаджы ничи ӕххуыс кодта. Махӕн та ис хъомысджын ӕххуысгӕнӕг – Йесо. «Уый бады Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ йын мах тыххӕй фӕлӕгъстӕ кӕны» (Ромӕгтӕм 8:34; Дзуттӕгтӕм 7:25). Уӕдӕ кӕд идӕдз ус ахӕм зын уавӕры уӕвгӕйӕ ӕдзух лӕгъстӕ кодта тӕрхонгӕнӕгӕн, мӕ хъуыддаг мын равзар, зӕгъгӕ, уӕд мах та цас тынгдӕр хъуамӕ уырна, Йегъовӕ алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн, уый!
18. Кӕй кувӕм, уый нын нӕ уырнындзинад куыд бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинадыл куыд баст у?
18 Идӕдз усы тыххӕй фӕсномыг ныхас нын ӕвдисы, куывд ӕмӕ уырнындзинад ӕнгом баст кӕй сты, ӕмӕ нӕ зӕрдиаг куывдтыты фӕрцы нӕ уырнындзинад кӕй не ’рлӕмӕгъ уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕстмӕ куывдтытӕ нӕ уырнындзинадӕн ницы ’ххуыс сты (Матфейы 6:7, 8). Ӕнӕ Йегъовӕйӕ цӕрӕн кӕй нӕй, уый куы ’мбарӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй куы кувӕм, уӕд ӕм ӕнгомдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Уырнындзинад фервӕзынӕн ӕнӕмӕнг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй ӕдзухдӕр кувой ӕмӕ хъӕддыхӕй архайой (Лукайы 18:1; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы стыр бон ралӕудзӕн, мах уый тыххӕй кувӕм ӕви нӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн ӕви нӕ ӕмӕ йӕ хӕсты бон аирвӕздзыстӕм ӕви нӕ, уый аразгӕ у нӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ йӕм кӕй кувдзыстӕм ӕмӕ раст фӕндагыл кӕй цӕудзыстӕм, уымӕй.
19. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, фидарӕй нӕ кӕй уырны, Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн?
19 Куыд ӕй хъуыды кӕнӕм, афтӕмӕй, Йесо бафарста: «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ахӕм уырнындзинад ссардзӕн зӕххыл?» Цавӕр дзуапп ис йӕ цымыдисаг фарстӕн? Куыд ӕхсызгон нын у, ӕгас дунейы дӕр милуантӕ, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ куывдтытӕй, сӕ фӕразондзинадӕй ӕмӕ фидардзинадӕй кӕй ӕвдисынц, ахӕм уырнындзинад сӕм кӕй ис! Афтӕмӕй Йесойы фарстӕн разыйы дзуапп дӕттынц. О, кӕд нын абон Сайтаны дуне йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕй нӕ ныфс сӕтты, уӕддӕр мах фидарӕй уырны, Хуыцау алцыдӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн.
-