-
«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 июль
-
-
2. Чырыстӕттӕ Иерусалимы алыварс ромаг ӕфсад куы федтаиккой, уӕд куыд хъуамӕ бакодтаиккой ӕмӕ уымӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы уыд?
2 Уымӕй бирӕ раздӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты уыцы хабарӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ сын загъта: «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг. Уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алыварс цы хъӕутӕ ис, уым чи уа, уыдон та горӕтмӕ ма бацӕуӕнт» (Лук. 21:20, 21). Фӕлӕ кӕд Иерусалимы алыварс ромаг ӕфсад уыди, уӕд чырыстӕттӕн сӕ бон куыд хъуамӕ бауыдаид, Чырысти куыд загъта, афтӕ бакӕнын? Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ ромаг ӕфсад цӕмӕндӕр ӕнӕнхъӕлӕджы Иерусалимӕй ацыд! Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ уыцы тохӕн йӕ рӕстӕг «фӕцыбыр» (Матф. 24:22). Ромаг ӕфсад куы ацыд, уӕд иузӕрдион чырыстӕттӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ се ’ппӕт дӕр хӕхтӕм алыгъдаиккойa. Фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 70 азы, ромаг ӕфсад ногӕй Иерусалимыл ӕрхъула кодта. Ацы хатт ромӕгтӕ горӕтӕй дур дурыл нал ныууагътой. Фӕлӕ Йесомӕ чи байхъуыста, уыдонӕй иу дӕр нӕ фесӕфт.
-
-
«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 июль
-
-
ФӔЛВАРӔНЫ ӔМӔ ТӔРХОНЫ РӔСТӔГ
7, 8. Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд нӕ бон цы уыдзӕн равдисын ӕмӕ уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕм иннӕ адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕндзысты?
7 Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ та цы уыдзӕн? Уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый. Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты зӕххон организацитӕм, Библи «къӕдзӕхтӕ» кӕй хоны, уыдонмӕ (Рарг. 6:15–17). Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕмӕн та се скаст уыдзӕн сӕ Хуыцаумӕ. Фыццаг ӕнусы Ромы ӕфсад Иерусалимӕй куы ацыд, уӕд уыцы тохӕн йӕ рӕстӕг «фӕцыбыр». Фӕлӕ уӕд дзуттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕвиппайды чырыстон диныл нӕ ныххӕцыдысты. Уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕн уыди фадат, цӕмӕй Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ Иерусалимӕй алыгъдаиккой. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ фидӕны Стыр Вавилоны ныхмӕ куы рацӕуой ӕмӕ уыцы хабар куы «фӕцыбыр уа», уӕд дӕр адӕм раст динмӕ нӕ агуылф кӕндзысты. Уыцы рӕстӕг ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый равдисын ӕмӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын (Матф. 25:34–40).
8 Мах ӕй бӕлвырд нӕ зонӕм, уыцы фӕлварӕны рӕстӕг нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ цард ӕнцон нӕ уыдзӕн ӕмӕ нӕ хъӕудзӕн нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Цӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ удӕгасӕй баззадаиккой, уый тыххӕй сӕ бахъуыди сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ зындзинӕдтӕн быхсын (Мар. 13:15–18). Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттӕм: «Цӕттӕ дӕн, ме ’хца ӕмӕ мӕ мулк кӕй фесафдзынӕн, уымӕ? Цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайон, уый тыххӕй, цыдӕриддӕр бахъӕуа, уый сараздзынӕн?» Ахъуыды-ма кӕн, уыцы рӕстӕг мах йеддӕмӕ Хуыцауӕн ничиуал лӕггад кӕндзӕн! Ӕмӕ уымӕй нӕ уавӕр уыдзӕн пехуымпар Данелы уавӕры хуызӕн – уый Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, цыфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр (Дан. 6:10, 11).
-