Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цы у хуыцауы ӕнцойад?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 июль
    • 3. «Ӕвдӕм бон» Йесо Чырыстийы рӕстӕджы дӕр кӕй нӕма фӕци, уый Иоанны 5:16, 17 стихтӕй куыд зыны?

      3 «Ӕвдӕм бон» Йесо Чырыстийы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ фыццаг чырыстӕтты рӕстӕджы дӕр кӕй нӕма фӕци, уымӕн ис дыууӕ бӕлвырдгӕнӕны. Фыццаг бӕлвырдгӕнӕн у, Йесо Чырысти йе знӕгтӕн цы загъта, уый. Йесо рынчынты сабаты дӕр кӕй дзӕбӕх кодта, уый тыххӕй йӕм йе знӕгтӕ мӕсты кодтой. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сабат уыд улӕфты бон ӕмӕ кусӕн ницы уыд. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоан. 5:16, 17). Цы зӕгъын ӕй фӕндыд уымӕй? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕн сӕ хъуыды уыд ахӕм: «Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд иу хъуыддаг аразӕм. Ныр цалдӕр миназы мӕ Фыдӕн у сабатбон, фӕлӕ уӕддӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ уӕд мӕнӕн мӕ бон цӕуылнӕ у сабаты исты аразын?» Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, йӕ рӕстӕджы дӕр ма кӕй уыд «ӕвдӕм бон», кӕнӕ Хуыцауы ӕнцойады бон, ома, Хуыцау зӕххыл куы ницыуал фӕлдыста, уыцы рӕстӕг. Фӕлӕ, Хуыцау уӕды онг дӕр кӕй «фыдӕбон кодта», уый та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый уыцы рӕстӕджы дӕр сабыргай ӕххӕст кодтаa.

  • Цы у хуыцауы ӕнцойад?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 июль
    • 5. Йегъовӕ «ӕвдӕм бон» цӕй тыххӕй рахицӕн кодта ӕмӕ йӕ фӕнд кӕронмӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн?

      5 Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ «ӕвдӕм бон» ахсджиаг хъуыддагӕн кӕй рахицӕн кодта. Райдианы 2:3 фыст ис: «Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта». Йегъовӕ уыцы «бон» рахицӕн кодта, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кодтаид, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыди, уый. Йӕ фӕнд та у, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрой ӕмӕ зӕхмӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зилой (Райд. 1:28). Гъе уыцы фӕнд сӕххӕст кӕныныл «ныры онг дӕр фыдӕбон кӕнынц» Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти, «сабатыл йӕ бар [кӕмӕн] цӕуы», уый (Матф. 12:8). Уӕдӕ Хуыцауы ӕнцойады бон уыдзӕн, цалынмӕ йӕ фӕнд кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый та уыдзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады кӕрон.

  • Цы у хуыцауы ӕнцойад?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 июль
    • a Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ кувӕндоны сабаты дӕр лӕггад кодтой, ӕмӕ уымӕй Моисейы закъон нӕ хӕлдтой. Йесойы та Хуыцау махӕн сӕвӕрдта хистӕр сауджынӕй. Уӕдӕ Йесойӕн уыдис бар, цӕмӕй сабаты арӕзтаид, Йегъовӕ йын цы бахӕс кодта, уый (Матф. 12:5, 6).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын