-
«Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнӕмБӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
«Алырдӕмты чи ныххӕлиу, уыдон» (Хъуыд. 8:4–8)
3. а) Чи уыд Филипп? б) Самарийы адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар цӕуылнӕ фехъуыстой, фӕлӕ Йесо Самарийы тыххӕй цы загъта?
3 «Алырдӕмты чи ныххӕлиу», уыдонӕй сӕ иу уыд Филиппa (Хъуыд. 8:4; кӕс рамкӕ «„Хорз хабар хъусынгӕнӕг“ Филипп»). Уый ацыд Самаримӕ. Уыцы горӕты адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар нӕма фехъуыстой, уымӕн ӕмӕ иухатт Йесо йӕ апостолтӕн бафӕдзӕхста: «Самариаг горӕттӕй... макӕцымӕ бацӕут, фӕлӕ ацӕут Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонмӕ» (Матф. 10:5, 6). Фӕлӕ Йесо зыдта, фӕстӕдӕр Самарийы хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ загъта: «[Сымах] мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8).
-
-
«Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнӕмБӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
a Уый апостол Филипп нӕу, фӕлӕ, 5 сӕры кӕй кой цыди, уыцы Филипп. Уый уыд, Иерусалимы ӕфсымӕртӕ кӕй равзӕрстой, уыцы «авд лӕгӕй, хорз ном кӕмӕн уыд», уыдонӕй сӕ иу. Уыцы лӕгты снысан кодтой, цӕмӕй, грекъагау чи дзырдта ӕмӕ дзуттагау чи дзырдта, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн алы бон дӕр хӕринаг уӕрстаиккой (Хъуыд. 6:1–6).
-