-
«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
22, 23. Антиохийы чырыстӕттӕ куыд равдыстой, се ’мчырыстӕтты ӕфсымӕртау кӕй уарзтой, уый ӕмӕ сӕ абон дӕр Хуыцауы адӕм куыд бафӕзмынц?
22 Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «Хуыцауы фӕндӕй ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ» (Хъуыд. 11:26б). Уыцы ном хорз фидауы, Чырысти куыд цард, афтӕ чи цӕры, уыдоныл. Цымӕ ныр, ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон кӕрӕдзиимӕ ӕфсымӕртау цӕрдзысты? Ӕркӕсӕм, н. э. 46 азмӕ ’ввахс тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд цы ’рцыд, уымӕe. Ахӕм заманты-иу тынгдӕр мӕгуыртӕ фӕтыхстысты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕм нӕдӕр ӕхца уыди, нӕдӕр хойраг. Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕй бирӕтӕ уыдысты мӕгуыр ӕмӕ, ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд тынг хъуаг ӕййӕфтой. Гъемӕ Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ – уыимӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдон дӕр – уый куы базыдтой, уӕд сӕ алчидӕр, йӕ бон цас уыд, уыйас радта ӕмӕ Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн «баххуыс кодтой» (Хъуыд. 11:29). Куыд хорз равдыстой, кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр ӕфсымӕртау кӕй уарзтой, уый!
-
-
«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
e Рагон дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд ныффыста, афтӕмӕй «тынг ӕххормаг рӕстӕг» скодта, Ромы паддзах Клавдий куы уыд, уӕд (н. э. 41–54 азтӕ).
-