-
«Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
1, 2. Варнавӕ ӕмӕ Савл цы балцы цӕуинаг уыдысты, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ сӕ лӕггады фӕрцы дӕр Хъуыддӕгты 1:8 ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кодтой?
АЦЫ бон Антиохийы ӕмбырдӕн у диссаджы бон. Ӕмбырды цы пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ ис, уыдонӕй сыгъдӕг тых равзӕрста Варнавӕ ӕмӕ Савлы, цӕмӕй хорз хабар дард рӕттӕм фӕхӕццӕ кӕнойa (Хъуыд. 13:1, 2). Арӕхстджын хъусынгӕнджыты-иу ӕндӕр рӕттӕм уый размӕ дӕр арвыстой. Фӕлӕ-иу уӕд миссионертӕ ацыдысты, Чырыстийы ахуырӕдтӕ кӕм ӕрфидар сты, ахӕм рӕттӕм (Хъуыд. 8:14; 11:22). Ныр та Варнавӕ ӕмӕ Савлы ӕрвитынц, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм бӕстӕтӕм. Семӕ хъуамӕ ацӕуа Иоанн Марк дӕр, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна.
2 Ацы хабарӕй 14 азы раздӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «[Сымах] мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ Варнавӕ ӕмӕ Савлы ӕндӕр бӕстӕтӕм хъусын кӕнынмӕ кӕй ӕрвитынц, уый фӕрцы Йесойы ныхӕстӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзысты!b
-
-
«Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
4. а) Варнавӕ ӕмӕ Савл ахсджиаг хъуыддагӕн ӕвзӕрст куыд ӕрцыдысты ӕмӕ уымӕ иннӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй ракастысты? б) Ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй бар бакӕнынц, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?
4 Фӕлӕ цымӕ сыгъдӕг тых уыцы «хъуыддагӕн» Варнавӕ ӕмӕ Савлы цӕмӕн равзӕрста? (Хъуыд. 13:2). Уый тыххӕй Библи ницы зӕгъы. Фӕлӕ уый зонӕм, ӕмӕ уыцы дыууӕ адӕймаджы ӕвзӕрст ӕрцыдысты сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Никуы ис фыст, ӕмӕ Антиохийы ӕмбырды пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ уыцы уынаффӕйыл разы нӕ уыдысты. Фӕлӕ, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын баххуыс кодтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлӕн куыд ӕхсызгон уыдаид! Се ’фсымӕртӕ сӕм хӕлӕг нӕ кодтой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй «ком фӕдардтой, скуывтой ӕмӕ [сыл] сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. Стӕй сӕ афӕндараст кодтой» (Хъуыд. 13:3). Мах дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй бар бакӕнынц, уыдонӕн ӕмӕ, цӕстдарджытӕй кӕй сӕвӕрынц, уыцы нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Ахӕм ӕфсымӕртӕм хъуамӕ хӕлӕг ма кӕнӕм, фӕлӕ сын «сӕ фыдӕбоны тыххӕй... стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ уарзӕм» (1 Фес. 5:13).
-