-
«Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
8. Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконийӕ цӕмӕн ацыдысты ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
8 Цасдӕры фӕстӕ, Иконийы Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхмӕ чи цыд, уыдон сфӕнд кодтой, цӕмӕй сӕ дуртӕй амарой. Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сӕхи уырдыгӕй айстой ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдысты хъусын кӕнынмӕ (Хъуыд. 14:5–7). Абон дӕр хорз хабар хъусынгӕнджытӕ ӕмбаргӕйӕ фӕархайынц. Зӕгъӕм, нӕ ныхмӕ куы фӕдзурынц, уӕд дарддӕр ныфсджынӕй фӕхъусын кӕнӕм (Фил. 1:7; 1 Пет. 3:13–15). Фӕлӕ нӕм ӕртхъирӕнтӕ кӕнын куы райдайынц, уӕд нӕхицӕй хъӕбатыртӕ нӕ фӕаразӕм, цӕмӕй нӕхи цард дӕр ӕмӕ не ’мчырыстӕтты цард дӕр ӕнӕхъуаджы фыдбылызы ма баппарӕм (Ӕмб. 22:3).
-