-
Хӕйрӕгӕй тӕрсын хъӕуы?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 ноябрь
-
-
Цӕвиттон. Ефесы цӕрджытӕй чырыстон дин чи райста, уыдоны тыххӕй Хъуыддӕгтӕ 19:19 стихы фыст ис иу цымыдисаг хабар: «Кӕлӕнгӕнджытӕй та бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой. Сӕ аргъ сын куы банымадтой, уӕд рауад фӕндзай мин ӕвзист ӕхцайы»a. Уыцы чырыстӕттӕ сӕ къух систой, спиритизмимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уыдӕттыл, кӕд тынг зынаргъ уыдысты, уӕддӕр. Уыцы хабарӕй бирӕ цыдӕртӕ у нӕ бон базонын. Ацы дуне йедзаг у хинтӕ-кӕлӕнтӕй ӕмӕ спиритизмӕй. Спиритизмимӕ баст дзауматы ӕмӕ хъуыддӕгты ӕвзӕрӕй ӕппындӕр куы ницы уынӕм, уӕддӕр ныл уыдӕтты уылты хӕйрӕджытӕ ӕндавдзысты. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй уыдӕттӕй дӕхи хизай, цыфӕнды зынаргъ дын ма слӕууой, уӕд дӕр (Дыккаг закъон 18:10–12).
-
-
Хӕйрӕгӕй тӕрсын хъӕуы?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 ноябрь
-
-
a Кӕд уыцы ӕвзист ӕхцатӕ ромаг динаритӕ уыдысты, уӕд абоны нымадӕй уый уыди, рӕстӕмбис мызд чи исы, ахӕм 50 000 кусӕгӕн сӕ иу боны мызд – уый та гыццыл ӕхца нӕу!
-