Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 15. Хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтыл ӕмӕ дзауматыл дзырд куы цӕуа, уӕд нӕ бон куыд у ефесӕгты бафӕзмын?

      15 Скевӕйы фырттӕ кӕй фӕхудинаг сты, уый адӕм куы базыдтой, уӕд се ’ппӕты дӕр Хуыцауы тас бацыд. Ӕмӕ бирӕтӕ уырнджытӕ систы ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Ефес йедзаг уыд ахӕм хъуыддӕгтӕй. Адӕм иууылдӕр кодтой хинтӕ, уыди сӕм дӕсныты дзауматӕ ӕмӕ дӕсныты чингуытӕ дӕр. Фӕлӕ ныр ефесӕгтӕй бирӕтӕ сфӕнд кодтой сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басудзын, кӕд сӕ аргъ абоны ӕхцатӕй дӕсгай мин доллӕртӕ уыди, уӕддӕрd. Лука фыссы: «Гъе ахӕм тых уыди Йегъовӕйы ныхасӕн: тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:17–20). Уӕдӕ та ацы хабар дӕр куыд хорз равдыста, рӕстдзинад бирӕ уӕлдӕр кӕй у мӕнгдзинадӕй ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй! Уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм махӕн дӕр фӕзминаг сты. Абон дӕр дуне йедзаг у хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Нӕ хӕдзары ахӕм дзауматӕй исты куы ссарӕм, уӕд сӕ мах дӕр хъуамӕ ефесӕгтау уайтагъд фесафӕм. Цӕй уӕдӕ нӕхи хизӕм ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтӕй, цыфӕнды зын нын ма уа, уӕддӕр.

  • «Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • d Лука куыд фыссы, афтӕмӕй сӕ аргъ уыди 50 000 ӕвзист ӕхцайы. Кӕд динарты кой кодта, уӕд уыйбӕрц ӕхца бакусынӕн уӕды рӕстӕджы адӕймаджы кусын бахъуыдаид 50 000 боны, ома 137 азы бӕрц, уымӕй дӕр, къуыри авд боны куы куыстаид, уӕд.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын