-
Чырысти разамынд дӕтты йе ’мбырдӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 апрель
-
-
7. а) Ӕгас зӕххыл цы ӕмбырдтӕ ис, уыдонӕн Йесо Разамонӕг советы уылты разамынд куыд дӕтты? ӕ) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстон цӕстдарджытӕ нысангонд цӕуынц сыгъдӕг удӕй?
7 I ӕнусы куыд уыди, афтӕ ныр дӕр сӕрст цӕстдарджытӕй фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты гыццыл къорд ӕххӕст кӕны Разамонӕг советы хӕстӕ, уый архайы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары номӕй. Ацы советы уылты нӕ Разамонӕг Чырысти ӕмбырдты ӕвӕры хистӕр нӕлгоймӕгты, сӕрстытӕй дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕй» дӕр, уыцы хъуыддагӕн чи бӕззы, ахӕмты. Ӕвӕргӕ та сӕ кӕны, Иегъовӕ йын хицаудзинады бартӕ йӕ къухмӕ цы сыгъдӕг уды руаджы радта, уый уылты (Куыстытӕ 2:32, 33). Фыццаджыдӕр уыцы цӕстдарджытӕ хъуамӕ цӕрой, Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй цы Ныхас ӕрцыд фыст, уый сӕ куыд домы, афтӕ (1 Тимофеймӕ 3:1—7; Титмӕ 1:5—9; 2 Петры 1:20, 21). Стӕй бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕрты искӕй хистӕр нӕлгоймагӕй сӕвӕрын куы фӕфӕнды, уӕд фӕкувынц Хуыцаумӕ ӕмӕ архайынц сыгъдӕг уды амындмӕ гӕсгӕ. Бӕрӕг ма вӕййы, уыцы адӕймаг сыгъдӕг уды дыргъ кӕй хӕссы, уый дӕр (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уымӕ гӕсгӕ Павелы фӕдзӕхст, «хъахъхъӕнут уӕхи ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд сымах хистӕртӕн цы дзугӕн сӕвӕрдта,— уый дӕр», зӕгъгӕ, хауы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр, сӕрстытӕ уой ӕви нӕ (Куыстытӕ 20:28, НФ). Уыцы нысангонд нӕлгоймӕгтӕ Разамонӕг советы амындтӕм гӕсгӕ аудынц ӕмбырдыл. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Чырысти немӕ кӕй ис ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕмбырдӕн разамынд кӕй дӕтты, уый.
-
-
Чырысти разамынд дӕтты йе ’мбырдӕнХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 апрель
-
-
11. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы кад кӕнӕм, уӕд нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрӕм?
11 Нӕ Разамонӕг Чырысти нын хистӕр нӕлгоймӕгты хуызы цы лӕвӕрттӕ радта, уыдон йӕхицӕй хъауджыдӕр алцӕмӕй ӕххӕст не сты. Уымӕ гӕсгӕ хатт рӕдийгӕ дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр архайӕм, Чырысти ӕмбырды цы фӕтк сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ. Нывонддзырд дӕтгӕйӕ ӕмӕ аргъуыд исгӕйӕ цы загътам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын нысан кӕны, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты Хуыцау кӕй сӕвӕрдта, уый кӕй ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй кӕсӕм. «Сыгъдӕг уды номӕй» аргъуыд кӕй райстам, уымӕй равдыстам, сыгъдӕг уд цы у ӕмӕ йын Иегъовӕйы фӕндты цавӕр ахадындзинад ис, уый кӕй ӕмбарӕм (Матфейы 28:19). Уый та нысан кӕны, сыгъдӕг уды разамындмӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ йӕ, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕнынӕн чи хъыгдары, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи кӕй хизӕм. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнӕм: сыгъдӕг уды разамындӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕвӕрд чи ӕрцыди, уыдонимӕ ӕмвӕндӕй куы нӕ архайӕм, уӕд цымӕ уый зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрӕм?
-