Библийы чиныг 58 – Дзуттӕгтӕм
Ныффыста йӕ: Павел
Кӕм ӕрцыд фыст: Ромы
Фыст фӕцис: н. э. 61 азмӕ ӕв.
ПАВЕЛ сӕйраджыдӕр хъусын кодта «ӕндӕр адӕмтӕн». Фӕлӕ, цымӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзуттӕгтӕн нӕ хъусын кодта? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Цалынмӕ Павел донаргъуыд нӕ райста ӕмӕ йын хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ бахӕс кодтой, уӕдмӕ Хицау Йесо загъта Ананийӕн: «Уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр» (Ап. хъ. 9:15; Гал. 2:8, 9). Павел Израилы фырттӕн Чырыстийы тыххӕй кӕй хъуамӕ хъусын кодтаид, растдӕр уый тыххӕй ныффыста йӕ фыстӕг Дзуттӕгтӕм.
2 Фӕлӕ иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнынц, Дзуттӕгтӕм фыстӕг Павел кӕй ныффыста, уымӕн ӕмӕ дзы йӕ ном нӕй. Фӕлӕ уый ницы диссаг у, уымӕн ӕмӕ Фыстады иннӕ чингуытӕй бирӕты нӕй, чи сӕ ныффыста, уыдоны нӕмттӕ. Фӕлӕ уый базонӕн вӕййы чиныгӕн йӕхицӕй. Иуӕй-иутӕ ма афтӕ дӕр хъуыды кӕнынц, Павел дзуттаг чырыстӕттӕм йӕ фыстӕджы йӕ ном барӕй кӕй нӕ ныффыста, уымӕн ӕмӕ дзы Иудейӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕ се сӕфт уыдтой (Ап. хъ. 21:28). Дзуттӕгтӕм чиныг цы ӕвзагӕй фыст у, уый йӕ иннӕ чингуытӕй хицӕн кӕны, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, йӕ ныффыссӕг Павел кӕй нӕ уыд. Павел ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм фыстаид, дзуттӕгтӕм, ӕви чырыстӕттӕм, уӕддӕр-иу алы хатт дӕр «алыхуызон адӕмӕн... сси алцыдӕр». Ацы фыстӕджы Павел дзуттӕгтӕн ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, цӕмӕй сӕ хорз бамбӕрстаиккой ӕмӕ сын саргъ кодтаиккой (1 Кор. 9:22).
3 Дзуттӕгтӕм фыстӕг Павел кӕй ныффыста, уый бӕлвырд кӕны чиныг йӕхӕдӕг. Зӕгъӕм, базонӕн дзы ис, йӕ ныффыссӕг Италийы кӕй уыд ӕмӕ Тимофеимӕ кӕй лӕггад кодта. Уый та амоны Павелмӕ (Дзут. 13:23, 24). Стӕй дзы цы ахуырӕдты кой ис, уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, Павел ӕй кӕй ныффыста, кӕд сӕ ацы хатт ӕндӕрхуызон ӕмбарын кӕны, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ дзуттаг чырыстӕттӕн фыста. Ацы фыстӕджы тыххӕй иу ахуыргонд афтӕ загъта: «Ӕцӕгдӕр дзуттӕгтӕн фыст кӕй у, уый фыстӕгӕн йӕхицӕй зыны. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн фыст куы ’рцыдаид, уӕд ӕй дӕс мин адӕймаджы дӕр куы бакастаиккой, уӕддӕр ӕй ничи бамбӕрстаид, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты ӕгъдӕуттӕ нӕ зонынц. Афтӕмӕй та ӕнӕхъӕн фыстӕджы уыцы ӕгъдӕутты кой кӕны» («Clarke’s Commentary», v. 6, p. 681). Ацы хабары фӕрцы нӕ бон у бамбарын, ацы фыстӕг йӕ иннӕ фыстӕджытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый.
4 1930 азы ссардтой Честер Биттийы папирус №2 (P46), ӕмӕ уый у ноджыдӕр иу бӕлвырдгӕнӕн, Дзуттӕгтӕм фыстӕг Павел кӕй ныффыста. Ацы папирус фыст ӕрцыд Павелы мӕлӕтӕй ӕнус ӕмӕ ’рдӕг куы рацыд, уӕд. Уыцы папирусы тыххӕй зындгонд англисаг ахуыргонд Фредерик Кеньон загъта: «Ацы кодексы Дзуттӕгтӕм чиныг ӕмбӕлы Ромӕгтӕм фыстӕджы хӕдфӕстӕ (афтӕ ’вӕрд никуы уыд). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ манускрипт фыст куы ’рцыд, уӕд ӕппындӕр дызӕрдыггаг нӕ уыд, Павел ӕй кӕй ныффыста»a. Ацы хъуыддаджы фӕдыл ма иу дзырдуаты фыст ис: «Ӕппӕт бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр ууыл дзурӕг сты, ацы фыстӕг Павел кӕй ныффыста»b.
5 Дзуттӕгтӕм чиныгыл фыццаг чырыстӕттӕ кӕй ӕууӕндыдысты, уымӕй уӕлдай ма чиныджы цы фыст ис, уый дӕр бӕлвырд кӕны, «Хуыцауы комытӕфӕй» фыст кӕй у. Дзуттаг Фыстытӕй дзы ис бирӕ пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ дзы ӕвдыст цӕуы, се ’ппӕт дӕр Йесо Чырыстийыл куыд сӕххӕст сты, уый. Ӕрмӕст фыццаг сӕры дӕр авд скъуыддзагӕй къаддӕр нӕй Дзуттаг Фыстытӕй. Уыдон ӕвдисынц, Фырт зӕдтӕй бӕрзонддӕр бынат кӕй ахсы. Чиныг кадджын кӕны Йегъовӕйӕн йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ ном, Йесойы та хоны, цардмӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕг ӕмӕ ӕвдисы, Хуыцауы Паддзахад Чырыстийы разамындӕй адӕмы иунӕг ӕцӕг ныфс кӕй у.
6 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Павел дзуттӕгтӕм йӕ фыстӕг ныффыста Италийы. Фыстӕджы кӕрон загъта: «Уый дӕр ма уын зӕгъинаг дӕн, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейы кӕй рауагътой. Ӕмӕ кӕд тагъд зына, уӕд уӕм иумӕ ӕрцӕудзыстӕм» (13:23). Ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕнхъӕл уыд, ахӕстонӕй йӕ раздӕр кӕй рауадздзысты ӕмӕ Тимофеимӕ кӕй фембӕлдзӕн (уый дӕр уыд ахӕстоны, фӕлӕ йӕ уӕдмӕ рауагътой). Уӕдӕ Павел йӕ фыстӕг ныффыста н. э. 61 азы, Ромы фыццаг хатт ахӕстоны куы бадт ӕмӕ ма йын иу аз куы баззад, уӕд.
7 Дзуттаг цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон куы ’рхӕццӕ, уӕд дзуттаг чырыстӕттӕн Иудейӕйы ралӕууыд се стырдӕр фӕлварӕны рӕстӕг, уӕлдайдӕр Иерусалимы чи цард, уыдонӕн. Хорз хабар куыд парахат кодтой, афтӕ дзуттӕгтӕ чырыстӕтты ныхмӕ кодтой знӕтдӕр ӕмӕ карздӕр. Цалдӕр азы размӕ дӕр, куыддӕр Павел Иерусалимы фӕзынд, афтӕ дзуттаг диныл хӕст адӕм бӕстӕ сызмӕстой ӕмӕ хъӕр систой: «Амарут ӕй! Ахӕм адӕймаджы зӕххӕй фесафын хъӕуы!». 40 дзуттагӕй фылдӕр расомы кодтой, зӕгъгӕ, цалынмӕ йӕ амарӕм, уӕдмӕ нӕдӕр хӕргӕ кӕндзыстӕм, нӕдӕр нуазгӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй бахъуыд стыр ӕфсады къорд, цӕмӕй Павелы Кесаримӕ ӕхсӕвы акодтаиккой (Ап. хъ. 22:22; 23:12–15, 23, 24). Ахӕм уавӕрты цардысты, лӕггад кодтой ӕмӕ сӕ уырнындзинадыл тох кодтой дзуттаг чырыстӕттӕ. Уыдон хъуамӕ зыдтаиккой, Чырысти куыд сӕххӕст кодта Моисейы Закъон. Уый сын ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй та фӕстӕмӕ дзуттаг дины ӕгъдӕуттӕм ма раздӕхтаиккой, ӕмӕ та Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ нывӕдтӕ хӕссын ма райдыдтаиккой – уыдӕттӕ систы ӕнӕпайда.
8 Апостол Павелӕй хуыздӕр ничи ӕмбӕрста, дзуттаг чырыстӕттӕ цы зындзинӕдтӕ ӕмӕ ’фхӕрд ӕййӕфтой, уый. Павелӕй, кӕддӕры фарисейӕ, хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ сын ничи хаста ӕмӕ дзуттаг ӕгъдӕутты ныхмӕ уый куыд фидарӕй дзырдта, афтӕ ничи. Павел ахуыр кодта Гамалиилмӕ ӕмӕ хорз зыдта Моисейы Закъон, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын, Чырысти Закъон кӕй сӕххӕст кодта, ӕмӕ цы нывӕндтӕ хӕссын хъуыд, уыдон уымӕ кӕй амыдтой. Павел равдыста, уыцы Закъон ног бадзырдӕй ивд кӕй ӕрцыд, ӕмӕ уыцы бадзырд бирӕ хуыздӕр кӕй у ӕмӕ фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. Фӕд-фӕдыл арӕхстджынӕй цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдон уыдысты ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ сыл адӕймаг нӕ дызӕрдыг кодта. Павел дзуттаг чырыстӕттӕн бамбарын кодта: Закъоны бадзырд йӕ кӕронмӕ ӕрцыд ӕмӕ ног бадзырд йӕ тыхы бацыд; хистӕр сауджын Чырысти кӕй у, уый бирӕ хуыздӕр у, Аароны байзӕддӕгтӕ сауджынтӕ кӕй уыдысты, уымӕй; Чырыстийы нывонд зынаргъдӕр у галтӕ ӕмӕ сӕгъты нывӕндтӕй; раздӕр-иу сауджынтӕ бацыдысты зӕххон цатырмӕ, ныр та Чырысти бацыд Йегъовӕйы размӕ. Кӕд ацы диссаджы ног ахуырӕдтӕ ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕн ӕнӕуынон уыдысты, уӕддӕр сын Павел Дзуттаг Фыстытӕй уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, ӕмӕ сыл ӕмбаргӕ дзуттӕгтӕ баууӕндыдаиккой, уый сын зын нӕ уыд.
9 Дзуттаг чырыстӕттӕм уыцы фыстӕг кӕй уыдис, уый фӕрцы сӕ бон уыд, чи сӕ ’фхӕрдта, уыцы дзуттӕгтӕн фидар ныхкъуырд дӕттын, стӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын, Хуыцауы чи агуырдта, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ дзуттӕгтӕн. Ацы фыстӕгӕй хорз зыны, Павел ӕфсымӕрты куыд тынг уарзта ӕмӕ йӕ куыд тынг фӕндыд, се стыр зынты сын истӕмӕй куы баххуыс кодтаид, уый.
ЦЫ ПАЙДА У
23 Дзуттӕгтӕм фыстӕджы Чырыстийы тыххӕй ис бирӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ Дзуттаг Фыстытӕй. Моисейы Закъонӕй дзы бирӕ цӕуылдӕртыл цӕуы ныхас: бадзырд; туг; минӕвар; цатыр; сауджынтӕ кӕй уыд, уый ӕмӕ кувинӕгтӕ. Ӕмбарын кӕны, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй амыдтой стырдӕр кӕмӕдӕр, Хуыцау рагацау кӕй тыххӕй загъта, уымӕ – Йесо Чырыстимӕ ӕмӕ йӕ нывондмӕ, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст Закъон. Закъон «йӕ тыхы... нал ис ӕмӕ цы фӕзӕронд кӕны, уый та тагъд фесӕфдзӕн»,– загъта Павел. Фӕлӕ «Йесо Чырысти уыцы иухуызон у – знон дӕр, абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр» (8:13; 13:8; 10:1). Куыд цин кодтаиккой дзуттӕгтӕ ацы фыстӕг кӕсгӕйӕ!
24 Фӕлӕ абон махӕн та цы пайда у ацы фыстӕг? Кӕд мах Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм, уӕддӕр Павелы ныхӕстӕй цы ис зондӕн райсӕн? Ӕмбарын нын кӕны, ахсджиагдӕр бадзырд арӕзт кӕй ӕрцыд, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый бындурыл, ома йӕ байзӕддаджы руаджы зӕххыл адӕм се ’ппӕт дӕр арфӕгонд ӕрцӕудзысты. Уый махӕн у иунӕг ӕцӕг ныфс – Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, раджы заманты цы загъта, уый ӕмӕ нӕ Авраамы байзӕддаджы, Йесо Чырыстийы фӕрцы, хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Кӕд нӕ Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр, Адамы тӕригъӕдджын байзӕддӕгтӕ стӕм ӕмӕ нӕ хъӕуы фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр сауджын, тӕригъӕдӕй нӕ чи фервӕзын кӕна, уӕлӕрвты Йегъовӕйы раз чи ис ӕмӕ йын мах тыххӕй чи балӕгъстӕ кӕны. Дзуттӕгтӕм фыстӕгӕй ис базонӕн, Чырысти кӕй у, Хуыцауы ног дунемӕ нӕ чи бакӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ чи ’мбары, уыцы хистӕр сауджын. Уый махау алцӕмӕй дӕр фӕлвӕрд ӕрцыд ӕмӕ нӕ хоны, цӕмӕй «баввахс уӕм, стыр хорзӕх кӕцӕй цӕуы, уыцы паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна» (4:15, 16).
25 Уымӕй уӕлдай ма, Дзуттӕгтӕм фыстӕгӕй базонӕн ис, Дзуттаг Фыстыты раджы заманты цы пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст, уыдон фӕстӕдӕр диссаджы хуызы куыд сӕххӕст сты, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ нын сты разамынд ӕмӕ ныфсы хос. Зӕгъӕм, Псалом 110:1 цы пехуымпарад ис, уый Павел фондз хатты сбаста Хуыцауы Паддзахады байзӕддагимӕ, Йесо Чырыстиимӕ, зӕгъгӕ, «ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахизырдыгӕй» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ йын йе знӕгты йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ (Дзут. 12:2; 10:12, 13; 1:3, 13; 8:1). Стӕй ма Павел ӕрхаста Псалом 110:4 ныхӕстӕ ӕмӕ бамбарын кодта, цы ахсджиаг бынат ахсы Хуыцауы Фырт – у «Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм». Библийы цы Мелхиседекы кой ис, уымӕн «нӕдӕр фыд уыд, нӕдӕр мад, бӕрӕг нӕ уыд, чи сты йӕ фыдӕлтӕ, йӕ цардыбонтӕн нӕдӕр райдиан ис ӕмӕ нӕдӕр кӕрон». Афтӕ Йесо дӕр у Паддзах ӕмӕ «сауджын ӕнустӕм», цӕмӕй йӕ нывонды фӕрцы ӕнусон хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсса коммӕгӕс адӕмӕн (Дзут. 5:6, 10; 6:20; 7:1–21). Павел Псалом 45:6, 7 стихтӕ уыцы Паддзах ӕмӕ Сауджыны тыххӕй ӕрхаста: «Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, ӕмӕ дӕ паддзахады лӕдзӕг у рӕстдзинады лӕдзӕг. Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт федтай. Ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй уӕлдай Хуыцау, дӕ Хуыцау, цины сойӕ дӕр уымӕн байсӕрста» (Дзут. 1:8, 9). Павел Дзуттаг Фыстытӕй скъуыддзӕгтӕ кӕй хаста ӕмӕ Йесо Чырыстийыл куыд сӕххӕст сты, уый куыд равдыста, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбарӕм Хуыцауы фӕндтӕ.
26 Дзуттӕгтӕм фыстӕгӕй бӕрӕг у, Авраам зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, «фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы сахармӕ» – уыцы сахар ис «уӕлӕрвты». Авраам бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта йӕхи, цӕмӕй «уырнындзинады фӕрцы» уыцы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕй схайджын уа ӕмӕ, «хуыздӕр райгасӕй» схорзӕхджын уа. Дзуттӕгтӕм 11 сӕры кӕсӕм Авраамы ӕмӕ ӕндӕр иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. Уыдон иууылдӕр махӕн фӕзминаг сты. Сӕ хабӕрттӕ сын куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ нӕм иумӕ цы кад ӕрхауд ӕмӕ нӕм цы ныфс ис, уымӕй. Уый руаджы нӕ тынгдӕр фӕнды «нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорын» (11:8, 10, 16, 35; 12:1).
27 Павел Аггейы пехуымпарадӕй скъуыддзаг куы ’рхаста, уӕд йе ’ргом раздӕхта Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ: «Ноджы ма иу хатт ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕрмӕст зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр» (Дзут. 12:26; Агг. 2:6). Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзах Йесо Чырысти, Байзӕддаг, уыдзысты ӕнустӕм. «Уӕдӕ, фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй, уыцы паддзахадмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уый зонгӕйӕ, дарддӕр дӕр фидар хӕцӕм Хуыцауы стыр хорзӕхыл – уый фӕрцы йын у нӕ бон, йӕ фӕндон куыд у, афтӕ лӕггад кӕнын, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ». Ацы диссаджы фыстӕг нын ныфс дӕтты, Чырысти «дыккаг хатт уый тыххӕй [кӕй] нал фӕзындзӕн, цӕмӕй тӕригъӕд фесафа, фӕлӕ куы фӕзына, уӕд ӕй фендзысты, ирвӕзындзинадмӕ йӕм зӕрдиагӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон». «Цӕй уӕдӕ уый уылты Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм». Хуыцау Йегъовӕйы кадджын ном ӕнустӕм рухс кӕнӕд Паддзах ӕмӕ Сауджын Йесо Чырыстийы уылты! (Дзут. 12:28; 9:28; 13:15).
[Фиппаинӕгтӕ]
a «The Story of the Bible», 1964, p. 91.
b «McClintock and Strong’s Cyclopedia», 1981 reprint, Vol. IV, p. 147.