-
Сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕс, цӕмӕй цард ӕмӕ фарн ссарайХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 ноябрь
-
-
8 Моисейы закъон тӕригъӕдджын адӕмӕн тӕрхон кодта, ома сын сӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта. Уымӕй уӕлдай, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ Израилы хистӕр сауджынтӕй чи лӕггад кодта, уыдон дӕр уыдысты ӕнӕххӕст ӕмӕ сӕ бон нӕ уыд, адӕмы тӕригъӕдӕй чи ссӕрибар кодтаид, ахӕм нывонд ӕрхӕссын. Уӕдӕ, «адӕм ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд», Закъоны цы фӕдзӕхстытӕ уыди, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ Хуыцау йӕ Фырты рарвыста, «тӕригъӕдджын адӕймагӕн цавӕр буар ис, уый хуызӕн буары» ӕмӕ йӕ нывондӕн ӕрхаста. Уый фӕрцы «тӕрхон рахаста, адӕймаджы мидӕг цы тӕригъӕд ис, уымӕн», ӕмӕ афтӕмӕй сарӕзта, «Закъонӕн цы нӕ бантыст, уый». Сӕрст чырыстӕттӕ Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ Йегъовӕ нымайы рӕстгӕнджытыл. Павел сӕ разӕнгард кӕны, зӕгъгӕ, цӕрут, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ». (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:3, 4.) Ӕмӕ хъуамӕ афтӕ цӕрой, цалынмӕ зӕххыл сты, уӕдмӕ. Кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд сын Хуыцау ратдзӕн «хӕрзиуӕг – цард» (Рарг. 2:10).
-
-
Сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕс, цӕмӕй цард ӕмӕ фарн ссарайХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 ноябрь
-
-
10. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъоны дӕлбар стӕм?
10 Апостол Павел ныффыста: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12). Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕт дӕр стӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъоны дӕлбар. Нӕ тӕригъӕдджын буар нӕ ӕдзухдӕр ардауы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл. Уыцы хъуыддӕгтӕ та кӕнынц мӕлӕтмӕ. Йӕ фыстӕджы галатӕгтӕм Павел ахӕм хъуыддӕгтӕ схуыдта «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (Гал. 5:19–21). Ахӕм адӕм цӕрынц, сӕ тӕригъӕдджын буар сын куыд дзуры, афтӕ (Ром. 8:4). Царды сын алы хъуыддаджы дӕр фӕндагамонӕг у сӕ тӕригъӕдджын буар. Фӕлӕ цымӕ кӕмӕй ис зӕгъӕн, тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ цӕры, зӕгъгӕ? Хӕтгӕ чи кӕны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны ӕмӕ ӕндӕр уӕззау тӕригъӕдтӕ чи аразы, ӕрмӕстдӕр уыдонӕй? Нӕ. Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕм хауы, бирӕтӕ лыстӕг хъӕндзинӕдтыл кӕй нымайынц, ахӕм миниуджытӕ дӕр, зӕгъӕм, ӕнӕууӕнк кӕнын, мӕстӕй фыцын, загъд кӕнын ӕмӕ хӕлӕг кӕнын. Цымӕ нӕ исчи зӕгъдзӕни, ӕз тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй иу дӕр нӕ аразын, зӕгъгӕ?
-
-
Сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕс, цӕмӕй цард ӕмӕ фарн ссарайХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 ноябрь
-
-
12 Мах абарӕн ис, уӕззау низӕй рынчын чи у ӕмӕ йӕхи чи дзӕбӕх кӕны, ахӕм адӕймагимӕ. Кӕд нӕ фӕнды, ӕмӕ кӕронмӕ сдзӕбӕх уӕм, уӕд нӕ хъӕуы, дохтыр нын куыд дзуры, афтӕ кӕнын. Кӕд, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъонӕй сӕрибар кӕны, уӕддӕр нырма стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Ӕмӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй ма нӕ цыдӕр хъӕуы аразын. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ цӕрӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ. Ӕрмӕстдӕр уӕд сӕххӕст кӕндзыстӕм «Закъоны рӕстаг фӕдзӕхстытӕ» ӕмӕ цы уӕззау низӕй рынчын стӕм, уымӕй сдзӕбӕх уыдзыстӕм.
Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ цӕрӕм
13. Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ цӕрын цы нысан кӕны?
13 Цӕмӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ чырыстон фӕндагыл размӕ цӕуӕм (1 Тим. 4:15). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ рӕдийдзыстӕм. Фӕлӕ хъуамӕ алы бон дӕр ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, сыгъдӕг тых нын куыд амоны, афтӕ цӕрыныл. Сыгъдӕг тыхы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзыстӕм (Гал. 5:16).
-