-
Цин кӕнӕм нӕ ныфсылХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 мартъи
-
-
10, 11. а) «Ӕндӕр фыстӕн» цавӕр ныфс ис? ӕ) Зӕххыл цӕрыны ныфс куыд баст у Чырыстиимӕ ӕмӕ, «Хуыцауы фыртты кад» кӕй раргом уыдзӕн, уыимӕ?
10 Апостол Павел фыста сӕрст чырыстӕттӕм, «Хуыцауы фырттӕм», цы диссаджы ныфс сын ис, уый тыххӕй, ома кӕй уыдзысты «бындартӕ Чырыстиимӕ иумӕ». Уый фӕстӕ та загъта, Йегъовӕ «ӕндӕр фыстӕн» цы диссаджы ныфс дӕтты, уый тыххӕй: «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцауы фыртты кад куы раргом уа, уымӕ. Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон баисты ницӕйаг царды хай, сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ ахӕм царды хай чи бакодта, уый фӕндӕй. Уыцы царды хай та сӕ бакодта ахӕм ныфсимӕ: Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:14–21).
-
-
Цин кӕнӕм нӕ ныфсылХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 мартъи
-
-
12. Сӕрст чырыстӕтты кад кӕй раргом уыдзӕн, уый адӕмӕн цавӕр диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?
12 Чырысти миназы дӕргъы паддзах куы уа, уӕд адӕм сӕ фыдӕбӕттӕй сулӕфдзысты. Уыцы рӕстӕг «Хуыцауы фыртты кад... раргом уыдзӕн» ӕндӕр хуызы дӕр. Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй схайджын уой, Чырыстийы нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар коммӕгӕс адӕм сабыргай «ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй» – тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт цы зиан ӕрхӕссы, уымӕй фервӕздзысты. Уыцы миназы дӕргъы, стӕй миназы кӕрон фӕстаг фӕлварӕны рӕстӕг Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд сӕ нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцӕудзысты «царды тыхтоны». Уӕд схайджын уыдзысты, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Рарг. 20:7, 8, 11, 12). Ӕвӕдза, уый цӕй диссаджы ныфс у!
-