Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | июль
    • 14. Зӕрдӕрыст адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ кӕуыл фӕлӕууа, ахӕм ныхӕстӕ нӕ бон кӕм у ссарын?

      14 Хатгай ма адӕймаг нӕ фӕзоны, зӕрдӕрыст адӕймагӕн, йӕ зӕрдӕ цӕуыл фӕлӕууа, ахӕмӕй цы зӕгъа, уый дӕр. Фӕлӕ Библи зӕгъы, «зондджыны ӕвзаг... у ӕвдадзы хос», зӕгъгӕ (Ӕмб. 12:18). Бирӕтӕн стыр ӕххуыс фесты, брошюрӕйы «Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...» цы хорз хъуыдытӕ ис, уыдонc. Фӕлӕ арӕх ӕрмӕстдӕр фӕхъӕуы, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕуын» (Ром. 12:15). Габи, йӕ лӕг кӕмӕн амард, иу ахӕм хо, зӕгъы: «Мӕ цӕссыгтӕ фӕзӕгъынц, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ дӕр мемӕ куы фӕкӕуынц, уӕд мын фенцондӕр вӕййы. Уӕд мӕм афтӕ нал фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг дӕн».

  • «Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | июль
    • 20. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ нын стыр удӕнцойы хос цӕмӕн сты?

      20 Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ, удӕнцойдӕттӕг Хуыцау, мӕрдты куы райгас кӕна, уӕд рыст ӕмӕ мастӕн сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ нын уый стыр удӕнцой хӕссы (Иоан. 5:28, 29). Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй «фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй [кӕй] ныссӕрфдзӕн» (Ис. 25:8). Ӕмӕ уӕд, «кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ» кӕуын нал хъӕудзӕн, фӕлӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр цин кӕндзысты, «цин чи кӕны, уыдонимӕ» (Ром. 12:15).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын