-
«Чырыстийы зонд» базонынХъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 мартъи
-
-
«Чырыстийы зонд» базонын
«Чи базыдта Хуыцауы зонд, цӕмӕй йын тӕрхон кӕна? Махмӕ та ис Чырыстийы зонд» (1 КОРИНФӔГТӔМ 2:16).
1, 2. Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы Йесойы тыххӕй цы раргом кӕнын банымадта ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл?
ЦЫХУЫЗӔН уыд Йесо ӕддаг бакастӕй? Цавӕр сӕрыхъуынтӕ йын уыд? Йӕ цӕсгом? Йӕ цӕстытӕ? Йӕ ас? Йӕ уӕз та? Ӕнусты дӕргъы алыхуызон нывгӕнджытӕ Йесойы ӕвдыстой зӕрдӕмӕдзӕугӕ хуызы дӕр ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хуызы дӕр. Иутӕ йӕ ныв кодтой хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймагӕй, иннӕтӕ та — ӕдых ӕмӕ фӕлурсӕй.
2 Фӕлӕ Библи стыр нысаниуӕг нӕ дӕтты Йесойы ӕддаг бакастӕн. Иегъовӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл банымадта махӕн раргом кӕнын, Йесойӕн йе ’ддаг бакастӕй бирӕ стырдӕр нысаниуӕг цӕмӕн ис, уый: йӕ удыхъӕд. Евангелитӕ нын канд уый не ’ргом кӕнынц, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, фӕлӕ ма йӕ уыцы ныхӕстӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕм цы арф ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ разӕнгард кодтой, уый дӕр. Уыцы цыппар чиныджы фыст ӕрцыдысты Хуыцауы удцырынӕй ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, апостол Павел «Чырыстийы зонд» цы хоны, уый бамбарынӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:16). Йесо куыд хъуыды кодта, цы ӕнкъардта ӕмӕ цавӕр адӕймаг уыд, уый зонын тынг ахсджиаг у. Цӕмӕн? Уымӕн ис, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ аххосаджы.
3. «Чырыстийы зондимӕ» зонгӕ кӕнгӕйӕ цы бамбардзыстӕм?
3 Фыццаг уый, ӕмӕ нын «Чырыстийы зонд» ӕххуыс кӕны Иегъовӕ Хуыцауы «зонд» бамбарынӕн. Йесойӕн йӕ Фыдимӕ ахӕм ӕнгом ахастытӕ уыд, ӕмӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Чи у Фырт, ничи зоны Фыды йеддӕмӕ, ӕмӕ чи у Фыд, ничи зоны Фырты йеддӕмӕ, ӕмӕ Фырты кӕмӕн фӕнды раргом кӕны» (Лукайы 10:22). Уыцы ныхӕстӕй цыма Йесойы зӕгъын фӕндыд: «Кӕд уӕ фӕнды, Иегъовӕ цавӕр у, уый зонын, уӕд кӕсут мӕнмӕ» (Иоанны 14:9). Уӕдӕ Евангелитӕ Йесойы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты тыххӕй цы дзурынц, уый ахуыргӕнгӕйӕ мах зонгӕ кӕнӕм, Иегъовӕ куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цы ӕнкъары, уыимӕ. Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы та хӕстӕгдӕр кӕнӕм Хуыцаумӕ (Иаковы 4:8).
4. Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды Чырыстийы фӕзмын, уӕд уал, фыццаджыдӕр, цӕуыл хъуамӕ сахуыр уӕм ӕмӕ цӕмӕн?
4 Дыккаг уый, ӕмӕ Чырыстийы зонд кӕй зонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны «Йӕ къахфӕдтыл» цӕуынӕн (1 Петры 2:21). Йесойы фӕдыл цӕуын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ йын ӕрмӕстдӕр йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕлхат кӕнӕм. Ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй кӕй ӕвзӕрынц, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, уый тыххӕй махӕн дӕр хъуамӕ уа, уымӕн цы «зондахаст» уыдис, ахӕм зондахаст (Филиппӕгтӕм 2:5, НД). Ӕндӕр ныхӕстӕй, кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды Чырыстийы фӕзмын, уӕд уал хъуамӕ, фыццаджыдӕр, сахуыр уӕм уый хуызӕн хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕнкъарын, не ’нӕххӕстдзинад нын цас дӕтты фадат, уыйбӕрц. Цӕй уӕдӕ «Чырыстийы зонд» цы у, уый Евангелиты ӕххуысӕй лӕмбынӕг равзарӕм. Фыццаг уал равзардзыстӕм, Йесойы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтыл цы ӕндӕвта, уый.
Йӕ цард зӕхмӕ ӕрцӕуыны агъоммӕ
5, 6. а) Ӕнгом ахастытӕ нын кӕимӕ ис, уыдон ныл куыд ӕндавынц? ӕ) Хуыцауы фыццаггуырд Фырт цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕларвыл кӕимӕ уыд ӕмӕ йыл уый куыд бандӕвта?
5 Махӕй алкӕуылдӕр, ома нӕ хъуыдытӕ, не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ уагахастыл йе хорзырдӕм, йе та ӕвзӕрырдӕм ӕдавынц, ӕнгом ахастытӕ нын кӕимӕ ис, уыдонa (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕларвыл ӕввахс ахастыты кӕимӕ уыд, уымӕ. Иоанны Евангели куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Йесо цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ уыд «Дзырд», ома уый дзырдта Хуыцауы номӕй. Иоанн дзуры: «Райдианы уыд Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыд Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыд Хуыцау. Уый уыд райдианы Хуыцаумӕ» (Иоанны 1:1, 2). Иегъовӕйӕн райдиан кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ Дзырд Хуыцаумӕ уыд «райдианӕй», зӕгъгӕ, хауы, Хуыцау фӕлдисын куы райдыдта, уыцы рӕстӕгмӕ (Псалом 89:3). Йесо у «ӕппӕт скӕндтытӕй раздӕр гуырд». Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд уый уыдис иннӕ уӕларвон фӕлдисондтӕ ӕмӕ уырдзӕй басгарӕн кӕмӕн ис, уыцы дуне скӕныны агъоммӕ дӕр (Колоссӕгтӕм 1:15; Раргомад 3:14).
6 Иуӕй-иу зонадон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уырдзӕй басгарӕн кӕмӕн ис, уыцы Дун-дуне фӕзынд, ӕппынкъаддӕр, 12 миллиард азы размӕ. Кӕд ацы бӕрӕггӕнӕнтӕ гыццыл уӕддӕр сты раст, уӕд Адамы сфӕлдисыны размӕ Хуыцауы фыццаггуырд Фырт йӕ Фыдимӕ уыд ӕнӕнымӕц миллиард азты дӕргъы. (Абар Михей 5:2.) Сӕ кӕрӕдзиимӕ сын уыд, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнгом ӕмӕ уарзӕгой ахастытӕ. Цалынмӕ адӕймаг не сси, уӕдмӕ ахӕсгӕ хуызы зондджындзинадӕй ӕвдыст чи у, уыцы фыццаггуырд Фырт йӕхӕдӕг дзуры: «Ӕз уыдтӕн... [Иегъовӕйы] цин алы бон дӕр, ӕдзухдӕр цин кодтон Йӕ разы» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 8:30). Хуыцауы Фырт, уарзондзинад иууыл сӕрӕй Кӕмӕй цӕуы, уыимӕ ӕнӕнымӕц ӕнусты дӕргъы ахӕм ӕнгом ахастыты кӕй уыд, уый йыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг бандӕвта (1 Иоанны 4:8). Уыцы Фырт алкӕмӕй хуыздӕр базыдта йӕ Фыды хъуыдытӕ, йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ царды мидӕг дӕр фӕзмыдта алкӕмӕй хуыздӕр (Матфейы 11:27).
Зӕххон цард ӕмӕ йӕ уавӕртӕ
7. Хуыцауы фыццаггуырд Фырт зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уыцы аххосӕгтӕй иу цавӕр у?
7 Хуыцауы Фырт нырма бирӕ цӕуылдӕрты хъуамӕ сахуыр уыдаид: Иегъовӕйы фӕндомӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ суыдаид, «не ’дыхдзинӕдтыл кӕй зӕрдӕ рыстаид», ахӕм тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын (Дзуттытӕм 4:15, НФ). Уӕдӕ Хуыцауы Фырт зӕхмӕ кӕй ӕрцыд, уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу растдӕр уый уыд, цӕмӕй райстаид, уыцы хӕс сӕххӕст кӕнын ын чи баххуыс кодтаид, ахӕм фӕлтӕрддзинад. Ам зӕххыл, туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймаг уӕвгӕйӕ, Йесо бахауд, раздӕр ӕрмӕстдӕр уӕларвӕй кӕй уыдта, ахӕм уавӕрты. Ныр йӕхӕдӕг уыд хайджын адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕй. Фӕллайгӕ дӕр-иу бакодта, зыдта дойны ӕмӕ ӕххормаг цы у, уый дӕр (Матфейы 4:2; Иоанны 4:6, 7). Стӕй канд уый нӕ, Йесо ӕмбӕлд алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмӕ хъизӕмар дӕр кодта. Афтӕмӕй «сфӕлтӕрдта коммӕ кӕсыныл» ӕмӕ ӕххӕстӕй цӕттӕ уыд Хистӕр сауджыны хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ (Дзуттытӕм 5:8—10).
8. Цы зонӕм Йесойы зӕххон царды райдианы тыххӕй?
8 Цы зӕгъӕн ис Йесойы зӕххон царды райдианы тыххӕй? Йӕ сабибонты тыххӕй нӕм бирӕ ницы ӕрхӕццӕ. Уӕвгӕ та ӕрмӕстдӕр Матфей ӕмӕ Лука фехъусын кодтой йӕ райгуырды тыххӕй. Евангелитӕ чи фыста, уыдон зыдтой, Йесо зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕларвыл кӕй цард, уый. Ӕмӕ иууыл тынгдӕр уый ӕмбарын кодта, цавӕр адӕймаг уыд, ахӕм цӕмӕн сси, уый. Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы, уӕддӕр Йесо адӕймаг кӕй уыд, уый. Ӕмӕ кӕд ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр хъуамӕ рацыдаид адӕймаджы рӕзты ӕппӕт къӕпхӕнтӕ дӕр: уый хъуамӕ уыдаид ноггуырд, стӕй саби, уый фӕстӕ хъуамӕ уыдаид ӕхсӕн кары ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ лӕджы кармӕ бахызтаид — ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Йесо ӕдзухдӕр кодтаид ахуыр (Лукайы 2:51, 52). Йесойы сабибонты тыххӕй нын Библи ӕргом кӕны, йӕ удыхъӕдыл ын зынгӕ чи бандӕвта, уыцы хабӕрттӕ.
9. а) Йесо мӕгуыр бинонты ’хсӕн кӕй райгуырд, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Цавӕр уавӕрты хъомыл кодта Йесо?
9 Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо райгуырд мӕгуыр бинонты ’хсӕн. Уый бӕрӕг у, йӕ райгуырдӕй 40 боны фӕстӕ Иосиф ӕмӕ Мариа кувӕндонмӕ цы нывондимӕ ӕрбацыдысты, уымӕй. Кӕд Закъонмӕ гӕсгӕ басудзинаг нывондӕн афӕдздзыд уӕрыкк хъуыд, тӕригъӕды тыххӕй та лӕппын бӕлон, йе та ӕхсинаг, уӕд уыдон та ӕрбахастой «дыууӕ ӕхсинӕджы, кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны» (Лукайы 2:24). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ мӕгуыртӕн уыд сӕ бон ахӕм нывонд ӕрхӕссын (Левит 12:6—8). Уӕдмӕ уыцы мӕгуыр бинонтӕ фылдӕр кодтой. Йесо диссаджы хуызы куы райгуырд, уый фӕстӕ ма Иосиф ӕмӕ Мариайӕн фӕзынд, ӕппынкъаддӕр, ӕхсӕз сывӕллоны (Матфейы 13:55, 56). Уӕдӕ Йесо хъомыл кодта стыр бинонты ’хсӕн, хуымӕтӕг хӕдзары.
10. Мариа ӕмӕ Иосифы Хуыцауы тас кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
10 Йесойы хъомыл кодтой, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм уарзӕгой ныййарджытӕ. Йӕ мад Мариа уыд номдзыд, кадджын сылгоймаг. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм, зӕд Гавриил ыл цавӕр ныхӕстимӕ сӕмбӕлд, уый: «Цин кӕн, хорз лӕвар райсӕг! Хицау Демӕ [«Иегъовӕ демӕ ис», НД]» (Лукайы 1:28). Иосиф дӕр уыд сыгъдӕгзӕрдӕ, Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг. Уый алы аз дӕр 150 километры цыд Иерусалиммӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. Мариа дӕр иу уыдис йемӕ, кӕд уый ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕн уыд ӕнӕмӕнг хъуыддаг, уӕддӕр (Рацыд 23:17; Лукайы 2:41). Иу ахӕм балцы рӕстӕджы Иосиф ӕмӕ Мариа 12-аздзыд Йесойы бирӕ фӕцагуырдтой, ӕмӕ йӕ ссардтой кувӕндоны ахуыргӕнджыты ’хсӕн. Йесо йӕ ныййарджыты тынг тыхстӕй куы федта, уӕд загъта: «[Ау,] сымах нӕ зыдтат, Мӕнӕн кӕй ӕмбӕлы уӕвын уым, Мӕ Фыды цы у?» (Лукайы 2:49). «Фыд» — ӕвӕццӕгӕн, гыццыл Йесойӕн ацы дзырдимӕ баст уыдысты йӕ иууыл рӕсугъддӕр бӕллицтӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы ӕхсызгондӕр ӕнкъарӕнтӕ. Фыццаджыдӕр, уымӕн ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, загътой, йӕ ӕцӕг фыд Иегъовӕ кӕй у, уый. Дыккаг та уый, ӕмӕ кӕд Иосиф йе ’цӕг фыд нӕ уыд, уӕддӕр ӕй хъомыл кодта тынг хорз. Иегъовӕ йӕ зынаргъ Фырты дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаджы бӕрны нӕ бакодтаид!
11. Цавӕр дӕсныйад райста Йесо ӕмӕ Библи куы фыстой, уӕд ахӕм куыст цӕимӕ уыд баст?
11 Йе ’рыгон бонты Назареты Йесо сахуыр хъӕддзаумагӕнӕджы дӕсныйадыл, ӕвӕццӕгӕн ӕй чи схаста, уыцы фыд Иосифӕй. Йесо уыцы куыст афтӕ хорз базыдта, ӕмӕ йын йӕхи дӕр хуыдтой «хъӕддзаумагӕнӕг» (Маркы 6:3, НФ). Библи фыст куы цыдис, уыцы заманты хъӕддӕснытӕ арӕзтой хӕдзӕрттӕ, хӕдзары дзаумӕттӕ (уыимӕ фынгтӕ, бандӕттӕ ӕмӕ даргъбандӕттӕ), стӕй зӕхкусӕн мигӕнӕнтӕ дӕр. Н. э. II ӕнусы цӕрӕг Хъизӕмаргӕнӕг Юстин йӕ уацмысы, «Ныхас Трифоимӕ» (англ.), зӕгъгӕ, Йесойы тыххӕй фыста: «Цы адӕмы ’хсӕн цард, уыдон ӕй зыдтой хъӕддӕсныйӕ, уый арӕхдӕр арӕзта гутӕттӕ ӕмӕ ӕфсӕндзтӕ». Рагзаманты хъӕддӕсны хъӕдӕрмӕг ӕлхӕнгӕ нӕ кодта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы куыст ӕнцон нӕ уыд. Уый-иу, ӕвӕццӕгӕн, ацыд хъӕдмӕ, уым-иу хорз бӕлас равзӕрста, ракалдта-иу ӕй ӕмӕ-иу ӕй хӕдзармӕ ӕрхаста. Уӕдӕ Йесо зыдта, куыд зын у цардӕн амал кӕнын, ӕлхӕнджытимӕ ныхас кӕнын, тыхамӕлттӕй къӕбӕры фаг кусын.
12. Ӕвӕццӕгӕн, Иосиф Йесойӕ раздӕр кӕй амард, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕмӕ уый Йесойӕн цы нысан кодта?
12 Йесо хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕххуыс кодта бинонты дарынӕн, уымӕн ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй Иосиф Йесойӕ раздӕр амардb. Журнал «Сионы Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» 1900 азы 1 январы рауагъды (англ.) дзырдӕуыд: «Таурӕгъмӕ гӕсгӕ Иосиф амард, Йесо ма хӕрз ӕрыгон куы уыд, уӕд ӕмӕ Йесо сахуыр кодта хъӕддзаумагӕнӕджы дӕсныйад ӕмӕ бинонтӕн сси сӕ дарӕг». Ацы хъуыдыйӕн бӕлвырдгӕнӕн ис Фыстады, цыран дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Йесо йӕхӕдӕг дӕр уыд хъӕддзаумагӕнӕг. Стӕй ма уыцы ран дзырдӕуы йӕ мад ӕмӕ мадӕй иу кӕимӕ уыд, уыцы ӕфсымӕрты тыххӕй дӕр, Иосифы тыххӕй та дзы иу ныхас дӕр нӕй (Маркы 6:3, НФ) [...] Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ Хицау бирӕ рӕстӕг, ӕстдӕс азы бӕрц [Лукайы 2:41—49-ӕм стихты кӕй кой цӕуы], ӕххӕст кодта ӕрвылбоны хӕстӕ, цалынмӕ донаргъуыд нӕ райста, уӕдмӕ». Уӕдӕ Мариа ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ, Йесо дӕр семӕ, афтӕмӕй ӕмбӕрстой, уарзон цардӕмбалы ӕмӕ уарзӕгой фыды мӕлӕт сфӕразын куыд зын у, уый.
13. Йесо йӕ лӕггаддзинад куы райдыдта, уӕд ӕм, иу адӕймагмӕ дӕр чи нӕ уыд, ахӕм зонындзинӕнӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ арф ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн уыд?
13 Йесойӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ӕнцон цард нӕ уыд. Уый бамбӕрста, мӕгуыр, хуымӕтӕг адӕмы цард куыд зын у, уый. Н. э. 29 азы Йесо хъуамӕ ӕрӕвнӕлдтаид, Хуыцау ын йӕ бӕрны цы хӕс бакодта, уый ӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы аз фӕззӕджы донаргъуыд райста ӕмӕ сси Хуыцауы духовон Фырт. Уӕд ын «байгом арв»; уый ӕвӕццӕгӕн нысан кӕны, уӕларвыл куыд цард, куыд хъуыды кодта ӕмӕ цы ӕнкъардта, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрхъуыды кӕнын йӕ бон кӕй сси, уый (Лукайы 3:21, 22). Уымӕ гӕсгӕ Йесо зӕххыл йӕ лӕггаддзинад куы райдыдта, уӕд ӕм уыдис, иу адӕймагмӕ дӕр чи нӕ уыд, ахӕм зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ ӕнкъарынад. Уӕдӕ, Евангелитӕ чи фыста, уыдон дӕр фылдӕр Йесойӕн йӕ лӕггаддзинады тыххӕй уымӕн ныффыстой. Фӕлӕ уӕддӕр, суанг цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уыдонӕй дӕр алцы не сси сӕ бон ныффыссын (Иоанны 21:25). Фӕлӕ Хуыцауы удцырынӕй цы ныффыстой, уый фаг у ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаджы зондахаст бамбарынӕн.
Цавӕр адӕймаг уыд Йесо
14. Йесо фӕлмӕн ӕмӕ ӕнкъараг адӕймаг кӕй уыд, уый нын Евангелитӕ куыд ӕвдисынц?
14 Евангелитӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йесо уыд тынг фӕлмӕн ӕмӕ ӕнкъараг. Алыхуызон уавӕрты йе ’нкъарӕнтӕ дӕр уыдысты алыхуызон: уый фӕтӕригъӕд кодта хъотырджынӕн (Маркы 1:40, 41); хъыг кодта адӕмы дурзӕрдӕдзинадыл (Лукайы 19:41, 42); йӕ маст фыхтис ӕнӕфсис ӕхцаивджытӕм (Иоанны 2:13—17). Йесо афтӕ тӕригъӕдгӕнаг уыд, ӕмӕ-иу йӕ цӕссыгтӕ дӕр ӕркалдысты, стӕй йе ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕхсгӕ дӕр нӕ кодта. Йе ’ввахс хӕлар Лазӕр куы амард, ӕмӕ йын йӕ хо Мариайы дзыназгӕ куы федта, уӕд Йесойӕн йӕ зӕрдӕ афтӕ суынгӕг, ӕмӕ адӕмы раз йӕхӕдӕг дӕр скуыдта (Иоанны 11:32—36).
15. Йесо ӕнкъараг кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг йӕ ахастӕй адӕммӕ?
15 Йесо куыд тӕригъӕдгӕнаг уыдис, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг кӕны йӕ ахастӕй адӕммӕ. Уый йӕхи никуы атигъ кодта мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмыл, фӕлӕ сын ӕххуыс кодта «сӕ удтӕн ӕнцойад ссарынӕн» (Матфейы 11:4, 5, 28—30, НФ). Уый афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы уыд, ӕмӕ ӕнамонд, тыхст адӕмӕн рӕстӕг ма ссардтаид, зӕгъӕм, сусӕгӕй йын йӕ дарӕсыл чи аныдзӕвыд, уыцы тугнизӕй рынчын сылгоймагӕн, кӕнӕ йӕм чи хъӕр кодта ӕмӕ ныссабыр кӕнын кӕй нӕ бафӕрӕзтой, уыцы куырм мӕгуыргурӕн (Матфейы 9:20—22; Маркы 10:46—52). Йесо адӕмӕн каст сӕ хорз миниуджытӕм ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ аргъ кодта, ӕппӕлыдис-иу сӕ уыцы хорз миниуджыты тыххӕй; фӕлӕ кӕм хъуыд, уым цӕттӕ уыд уайдзӕф бакӕнынмӕ дӕр (Матфейы 16:23; Иоанны 1:47; 8:44). Уӕды заманы сылгоймагӕн кӕд ницы бартӕ уыд, уӕддӕр сӕм Йесо дардта уӕздан ахаст, аргъ сын кодта, никуы сӕ дӕлдӕр кодта (Иоанны 4:9, 27). Уӕдӕ диссаг нӕу, сылгоймӕгтӕ йын афтӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй «лӕггад кодтой сӕ исӕй», уый (Лукайы 8:3, НФ).
16. Йесо царды алцӕмӕндӕр ӕгъдау кӕй зыдта ӕмӕ йӕм мулчы цӕстӕй кӕй нӕ каст, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
16 Йесо царды алцӕмӕн дӕр зыдта ӕгъдау ӕмӕ бӕрц. Мулчы цӕстӕй нӕ каст цардмӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй йын исбонӕй бирӕ ницы уыд. Йӕхӕдӕг загъта, «Мӕ сӕр кӕм бакъул кӕнон, уый дӕр [мын] нӕй», зӕгъгӕ (Матфейы 8:20, НФ). Фӕлӕ уыимӕ Йесо уарзта иннӕты циныл цин ӕфтауын. Иухатт Йесо ацыд чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ ахӕм цаутӕ та ӕнӕ цагъд, ӕнӕ зард ӕмӕ ӕнӕ хъазтӕй никуы уыдысты. Уӕдӕ уый тыххӕй дӕр нӕ бацыд, цӕмӕй чындзӕхсӕвы адӕмӕн сӕ циндзинад фехӕлдтаид. Уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ фыццаг диссаг дӕр уым сарӕзта. Сӕн куы фӕцис, уӕд дон фестын кодта диссаджы сӕн — нуазинаг, «кӕцы хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ» (Псалом 103:15; Иоанны 2:1—11). Афтӕмӕй уый баххуыс кодта, цӕмӕй адӕм сӕ циндзинад адарддӕр кодтаиккой, сиахс ӕмӕ чындзы та худинагӕй бахызта. Йесойӕн цардмӕ раст цӕстӕнгас кӕй уыд, уый ма бӕрӕг у, бирӕ рӕстӕг-иу ӕвӕллайгӕйӕ кӕй лӕггад кодта, Евангелиты фылдӕр ахӕм цауты тыххӕй кӕй дзырдӕуы, уымӕй дӕр (Иоанны 4:34).
17. Йесо номдзыд ахуыргӕнӕг кӕй уыд, уый диссаг цӕуылнӕ у ӕмӕ йӕ амындты ирдӕй цы зынди?
17 Йесо уыд номдзыд ахуыргӕнӕг. Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ, уый арӕх пайда кодта, ӕрвылбоны царды арӕх цӕуыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕхӕдӕг хорз цы зыдта, ахӕм цӕвиттонтӕй (Матфейы 13:33; Лукайы 15:8). Бынтон диссаг та, куыд амыдта, уый уыд. Йесо дӕлӕ-уӕлӕ ныхас никуы кодта, фӕлӕ алыхатт дӕр дзырдта ӕнцонӕмбарӕн, хуымӕтӕг ӕмӕ адӕймагӕн ӕцӕгӕй цы баххуыс кодтаид, ахӕм бӕлвырд хъуыдытӕ. Уымӕй ахсджиагдӕр та, цӕуыл ахуыр кодта, уый уыд. Йӕ амындты ирдӕй зынди, куыд тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕм чи хъуыста, уыдон Иегъовӕйы хъуыдытӕ, ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ фӕндӕгтимӕ базонгӕ уыдаиккой, уый (Иоанны 17:6—8).
18, 19. а) Йесо йӕ Фыды цавӕр ирд фӕлгӕнцты ӕвдыста? ӕ) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
18 Йесо арӕх пайда кодта цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй ӕмӕ уый фӕрцы йӕ Фыды ӕвдыста, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ирд фӕлгонцты. Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл бирӕ ис дзурӕн иумӕйаг, сур ныхӕстӕй. Фӕлӕ бынтон ӕндӕр хъуыддаг у, Иегъовӕйы абарын, ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм фыдимӕ. Уыцы фыдӕн йе сӕфт фырт фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхт, уый йын афтӕ ӕхсызгон уыд, «ӕмӕ йӕм азгъордта, ныттыхсти йӕ ӕфцӕджы ӕмӕ йын пъатӕ кодта» (Лукайы 15:11—24, НФ). Дины разамонджытӕм хуымӕтӕг адӕм нымады дӕр кӕм нӕ уыдысты, уыцы ӕгъатыр цардыуаг сафинагыл банымайгӕйӕ, Йесо бамбарын кодта, йӕ Фыд хӕларзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, хъӕрӕй кувгӕйӕ йӕхицӕй чи ӕппӕлыд, уыцы фарисейӕ йын сӕрныллӕг мытӕр, кӕнӕ хъалонисӕджы лӕгъстӕтӕ ӕхсызгондӕр кӕй сты, уый (Лукайы 18:9—14). Йесо Иегъовӕйы ӕвдыста уарзӕгой Хуыцауӕй, йе ’вастӕй гыццыл цъиу дӕр зӕхмӕ кӕмӕн не ’рхаудзӕн. «Ма тӕрсут,— фидар кодта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты,— сымах хуыздӕр стут бирӕ гыццыл цъиутӕй» (Матфейы 10:29, 31). Уӕдӕ ӕмбарӕм, адӕм «Йӕ амындыл» цӕмӕн дис кодтой ӕмӕ йӕм сӕхи цӕмӕн ластой, уый (Матфейы 7:28, 29, НФ). Иухатт тынг «бирӕ адӕм» ӕнӕхъӕн ӕртӕ боны уыдысты йемӕ, афтӕмӕй цы бахордтаиккой, уый дӕр сын нӕ уыдис! (Маркы 8:1, 2).
19 Мах бузныг хъуамӕ уӕм, Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы «Чырыстийы зонд» кӕй раргом кодта, уый тыххӕй! Фӕлӕ куыд ахуыр кӕнӕм «Чырыстийы зондыл» ӕмӕ адӕмимӕ ахастыты куыд ӕвдисӕм ахӕм зондахаст? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Ӕнгом ахастытӕ уӕларвон фӕлдисондтыл дӕр кӕй ӕндавынц, уый бӕрӕг у Раргомады 12:3, 4-ӕм стихтӕй. Уым Сайтан ӕвдыст цӕуы, йе стыр ӕндӕвдӕй иннӕ «стъалыты» дӕр, ома Хуыцауы уӕларвон фыртты йӕхирдӕм чи ракодта ӕмӕ сӕ йемӕ растады фӕндагыл чи слӕууын кодта, ахӕм «кӕфхъуындарӕй». (Абар Иов 38:7.)
b Библийы Иосифы тыххӕй фӕстаг хатт дзырдӕуы, дыууадӕсаздзыд Йесойы кувӕндоны куы ссардтой, уӕд. Йесо йӕ лӕггаддзинад райдыдта Канӕйы чындзӕхсӕвы, фӕлӕ Фыстады ницы дзырдӕуы, Иосиф дӕр уым кӕй уыд, уый тыххӕй (Иоанны 2:1—3). Н. э. 33 азы, цӕджындзыл тыгъдӕй, Йесо Мариайы бафӕдзӕхста йӕ уарзон апостол Иоаннӕн. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Иосифы удӕгасӕй Йесо афтӕ бакодтаид (Иоанны 19:26, 27).
-
-
«Чырыстийы зондыл» хӕст дӕ?Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 мартъи
-
-
«Чырыстийы зондыл» хӕст дӕ?
«Бараг ӕмӕ рӕвдауӕг Хуыцау та раттӕд сымахӕн амонд, цӕмӕй... иу зондыл хӕцат Йесо Чырыстийы ӕмдзинады» (РОМӔГТӔМ 15:5, НФ).
1. Йесойы куыд ӕвдисынц чырыстон дунейы нывгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕмӕ Йесойы ахӕм хуызы ныв кӕнын раст цӕуылнӕ у?
«УЫЙ худгӕ никуы ничи федта», Йесойы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ фыст ис иу документы. Уыцы документӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ йӕ рагон ромаг паддзахадон кусӕг ныффыста, фӕлӕ уый раст нӕу. Уыцы документ ныртӕккӕ цы хуызы ис, афтӕмӕй зындгонд у XI ӕнусӕй, ӕмӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй тынг бандӕвта нывгӕнджытӕй бирӕтылa. Бирӕ нывты Йесо ӕвдыст цӕуы, худын дӕр чи нӕ зоны, ахӕм ӕнкъард ӕмӕ тарӕрфыг адӕймагӕй. Фӕлӕ уыцы афыст Йесомӕ ницы хуызы ис ахӕссӕн. Евангелитӕ кӕсгӕйӕ йӕ мах уынӕм уарзӕгой, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг адӕймагӕй.
2. Куыд у нӕ бон, цӕмӕй «иу зондыл хӕцӕм Йесо Чырыстиимӕ» ӕмӕ нын уый цӕмӕн баххуыс кӕндзӕн?
2 Цӕмӕй Йесойы ӕцӕгӕй зонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зондӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр раст ӕмбарӕм, зӕххыл цӕргӕйӕ Йесо цавӕр удыхъӕды хицау уыд, уый. Уый тыххӕй ӕркӕсӕм Евангелиты фыст цаутӕй цалдӕрмӕ. Уыдон фӕрцы мах базондзыстӕм, «Чырыстийы зонд» цы у, уый, ома йын цавӕр ӕнкъарӕнтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ зондахаст уыд, стӕй куыд хъуыды кодта, уый дӕр (1 Коринфӕгтӕм 2:16). Уыцы цаутӕм кӕсгӕйӕ, хорз уаид, куы хъуыды кӕниккам, цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй «иу зондыл хӕцӕм Йесо Чырыстийы ӕмдзинады» (Ромӕгтӕм 15:5, НФ). Уый нын баххуыс кӕндзӕн, царды мидӕг дӕр ӕмӕ адӕмимӕ дӕр йӕ цӕвиттонмӕ гӕсгӕ архайынӕн (Иоанны 13:15).
Уый уыд хуымӕтӕг
3, 4. а) Маркы 10:13—16-ӕм стихы цы хабар фыст ис, уый цавӕр уавӕры ӕрцыд? ӕ) Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ сывӕллӕтты хӕстӕг кӕй нӕ уагътой, уый куы федта, уӕд цы сарӕзта?
3 Адӕм Йесомӕ сӕхи ластой. Сӕрибарӕй йӕм цыдысты стырӕй чысылӕй, ӕхсӕнады сӕ чи цы уавӕры уыд, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Ӕркӕсӕм, Маркы 10:13—16-ӕм стихты кӕй кой цӕуы, уыцы цаумӕ. Уыцы хабар ӕрцыд Йесойы лӕггаддзинады кӕрон, фӕстаг хатт Иерусалиммӕ хъизӕмары мӕлӕтӕй амӕлынмӕ куы цыд, уӕд (Маркы 10:32—34).
4 Уыцы цау ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. Адӕм Йесомӕ кӕнынц сӕ сывӕллӕтты, хӕссынц ӕм ноггуырдты, цӕмӕй сын уый арфӕ ракӕнаb. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сывӕллӕтты Йесомӕ хӕстӕг нӕ уадзынц. Ӕвӕццӕгӕн уыдон хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ацы фӕстаг ахсджиаг къуыриты Йесойы сывӕллӕттӕм не ’вдӕлы. Фӕлӕ рӕдийынц. Ахуыргӕнинӕгтӕ цы ми кӕнынц, уый Йесо куы бамбӕрста, уӕд ын тынг зын уыд. Уый фӕдзырдта сывӕллӕтӕм ӕмӕ уый фӕстӕ апостолтӕн загъта: «Рауадзут Мӕм сывӕллӕтты ӕмӕ сӕ ма хъыгдарут» (Маркы 10:14, МСЕ). Йесо уый фӕстӕ цы сарӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, куыд тынг сӕ уарзта ӕмӕ йӕ куыд фӕндыд сӕ барӕвдауын. Евангелийы дзырдӕуы: «Йесо сывӕллӕтты ’рбакодта Йӕ хъӕбысы, ӕрӕвӕрдта сыл Йӕ къухтӕ ӕмӕ сын арфӕ ракодта» (Маркы 10:16, МСЕ). Йесо сывӕллӕтты куы рӕвдыдта ӕмӕ сӕ йӕ къухтӕм куы иста, уӕд сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ӕхсызгон уыд, нӕ дзы тарстысты.
5. Маркы 10:13—16-ӕм стихты цы хабар ис фыст, уый нын цы дзуры, Йесо цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй?
5 Ацы гыццыл скъуыддзагӕй дӕр бирӕ ис базонӕн, Йесо цавӕр удыхъӕды хицау уыд, уый тыххӕй. Уый уыд тынг хуымӕтӕг. Кӕд ын раздӕр уӕларвыл тынг кадджын бынат уыд, уӕддӕр ӕнӕххӕст адӕмыл дӕлӕмӕ никуы хӕцыд (Иоанны 17:5). Науӕд чи нӕ фӕхатыд, суанг ма сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцон кӕй уыд йемӕ, уый? Йесо уазалзӕрдӕ, ӕнкъард, йӕ былы бын чи никуы базыхъхъыр кодта, ахӕм адӕймаг куы уыдаид, уӕд ӕм цымӕ сӕхи ластаиккой? Алкӕмӕндӕр, стырӕй чысылӕй, ӕнцон уыд Йесоимӕ, уымӕн ӕмӕ йын хатыдысты йӕ зӕрдӕ, йӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, Йесо сыл йӕхи кӕй нӕ атигъ кӕндзӕн, уый.
6. Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хуымӕтӕгдӕр уой, уый тыххӕй цы саразӕн ис?
6 Ацы цауыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, нӕ бон у нӕхимӕ раттӕм фарст: цымӕ ӕз дӕр Чырыстийы зондыл дӕн хӕст? Ӕз дӕр хуымӕтӕг дӕн? Ацы уӕззау рӕстӕджыты Хуыцауы фысты хъӕуы хуымӕтӕг фыййӕуттӕ, «дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты хуызӕн» хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Исай 32:1, 2; 2 Тимофеймӕ 3:1). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, кӕд ӕмӕ уе ’фсымӕрты цард ӕмӕ хъуыддӕгтӕ уӕ зӕрдӕбынӕй цымыдис кӕной, ӕмӕ сын уӕ рӕстӕг ӕмӕ уӕ хъарутӕ ӕнӕвгъауӕй дӕттат, уӕд уыдон ӕнӕмӕг хатдзысты, кӕй сыл мӕт кӕнут, уый. Уый бӕрӕг уыдзӕн уӕ цӕстӕнгасӕй, уӕ хъӕлӕсыуагӕй ӕмӕ уӕ фӕлмӕн, уӕ уарзӕгой ахастӕй. Уӕд уӕм цӕудзысты иууылдӕр, суанг уӕм сывӕллӕттӕ дӕр сӕхи ласдзысты. Иу чырыстон сылгоймаг йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ иу хистӕр нӕлгоймагӕн цӕмӕн раргом кодта, уый тыххӕй загъта: «Уый мемӕ сабыр, фӕлмӕн ныхас кодта. Афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, иу ныхас дӕр не суыдаид мӕ бон зӕгъын. Фӕлӕ мӕ ныфс уыд, мӕ мӕт, мӕ сагъӕс мын кӕй бамбардзӕн».
Уый мӕт кодта иннӕтыл
7. а) Йесо иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кодта, уый куыд ӕвдыста? ӕ) Йесо куырм адӕймаджы цӕстырухс цадӕггай цӕмӕн раздӕхта?
7 Йесо уыдис тынг мӕтгӕнаг. Уый йӕ зӕрдӕмӕ арф иста адӕмы рис. Ӕнамонд адӕмы фендӕй дӕр-иу йӕ зӕрдӕ афтӕ тынг фӕрыст, ӕмӕ-иу ӕй бафӕндыд, цӕмӕй сын сӕ уӕззау уаргъ гыццыл истӕмӕй уӕддӕр фӕрогдӕр кодтаид (Матфейы 14:14). Уый ӕддейӕ ма Йесо ӕмбӕрста, адӕм цы хъуаг сты ӕмӕ цы у сӕ бон, ӕмӕ сӕ фылдӕр никуы домдта (Иоанны 16:12). Иухатт ӕм ӕрбакодтой иу куырм лӕджы ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Йесо уыцы адӕймагӕн раздӕхта йӕ цӕстырухс, ӕрмӕст ӕвиппайды нӕ, фӕлӕ сындӕггай. Фыццаг уал уыцы куырм адӕймаг суыдта ӕрмӕстдӕр гыццылтӕ, «уынын адӕмы, зынынц мӕм цӕугӕ бӕлӕстау», зӕгъгӕ, загъта уый. Уый фӕстӕ йын Йесо ӕххӕстӕй раздӕхта йӕ цӕстырухс. Фӕлӕ йӕ афтӕ сындӕггай цӕмӕн дзӕбӕх кодта? Чи зоны уымӕн, ӕмӕ дунейы рухс чи никуы федта, уый уайтагъд куы скӕсын кодтаид, хуры рухс ӕмӕ йӕ алфамбылай цы вазыгджын дуне уыд, уый ӕвиппайды куы федтаид, уӕд арвы цӕфау фӕуыдаид (Маркы 8:22—26, МСЕ).
8, 9. а) Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Дӕссахары арӕнтӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд цы ’рцыд? ӕ) Дӕхи ныхӕстӕй радзур, Йесо къуырма лӕджы куыд сдзӕбӕх кодта, уый.
8 Мӕнӕ ма ноджыдӕр иу цау. Уый ӕрцыд н. э. 32 азы Куадзӕны фӕстӕ. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бахӕццӕ сты Дӕссахары арӕнтӕм, Галилейы денджызы скӕсӕнфарсмӕ. Уым ӕй адӕм уайтагъд ссардтой ӕмӕ йӕм ӕрбакодтой сӕ рынчынты ӕмӕ сӕ цӕнкуылты, ӕмӕ Йесо се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта (Матфейы 15:29, 30). Цымыдисаг у, уыйбӕрц адӕмы ’хсӕн иу лӕг уӕлдай тыхст уавӕры кӕй уыд, Йесо уый кӕй фӕхатыд. Евангелитӕ чи фыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Марк ныффыста уыцы цау (Маркы 7:31—35).
9 Уыцы адӕймаг уыд къуырма, стӕй дзургӕ дӕр кодта тыхамӕлттӕй. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, фӕхатыд, уыцы адӕймаг фырмӕтӕй ӕмӕ фырӕфсӕрмӕй йӕхицӕн бынат кӕй нӕ ары, уый. Йесо йӕ уавӕры бацыд ӕмӕ ӕндӕрхуызон райдыдта архайын. Адӕмӕй йӕ ахибар кодта ӕмӕ йын уым къухтӕй бацамыдта, цы саразынмӕ йын хъавы, уый. «Йе ’нгуылдзтӕ йын бакодта йӕ хъусты, ату кодта ӕмӕ йын бавнӕлдта йе ’взагмӕ» (Маркы 7:33, МСЕ). Уый фӕстӕ Йесо скаст арвмӕ ӕмӕ цыма Хуыцаумӕ кувы, афтӕ арф ныуулӕфыд. Уымӕй Йесойы цыма афтӕ зӕгъын фӕндыд: «Ныртӕккӕ дын цы сараздзынӕн, уый уыдзӕн Хуыцауы тыхы руаджы». Ӕппынфӕстаг Йесо загъта: «Байгом у» (Маркы 7:34). Ӕмӕ лӕг райдыдта хъусын, стӕй куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурын дӕр.
10, 11. Иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын ӕмбырды? хӕдзары?
10 Ӕвӕдза, Йесо адӕммӕ йӕ хъус куыд лӕмбынӕг дардта! Кӕддӕриддӕр сын ӕмбӕрста се ’нкъарӕнтӕ, ӕмӕ сын цӕмӕй зын ма скодтаид, ууыл архайдта. Ӕмӕ чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, мах дӕр уыцы хъуыддаджы хъӕуы Йесойы фӕзмын, ома Чырыстийы зондыл ахуыр кӕнын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын. Библи нӕм сиды: «Ӕппын фӕстаг [ут] иуылдӕр ӕмвӕнд, тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзӕг, хӕларзӕрдӕ, хӕларуарзӕг, сабырзонды» (1 Петры 3:8). Уый тыххӕй та цыфӕнды ма дзурӕм ӕмӕ ма аразӕм, уӕддӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕ алыварс чи ис, уыдоны ӕнкъарӕнтыл.
11 Ӕмбырды уӕнгтӕм уый равдисӕн ис, куы сын аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нӕхицӕн куыд фӕнды, афтӕ сын куы кӕнӕм, уӕд (Матфейы 7:12). Уырдӕм хауы, канд цы дзурӕм, уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ куыд дзурӕм, ууыл хъуыды кӕнын дӕр (Колоссӕгтӕм 4:6). Дӕ зӕрдыл дар: «Ӕнӕзонд адӕймаджы ныхӕстӕ карды цӕфау сты» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:18). Бинонты ’хсӕн та? Сӕ кӕрӕдзи ӕцӕгӕй цы лӕг ӕмӕ ус уарзынц, уыдонӕн куыдфӕндыйы ахаст нӕй кӕрӕдзийы ӕнкъарӕнтӕм (Ефесӕгтӕм 5:33, НФ). Уыдон дӕрзӕг ныхас нӕ кӕнынц, ӕдзух кӕрӕдзимӕ фаутӕ нӕ хӕссынц, сӕхи хизынц ӕлхыскъ ӕмӕ рӕхуыст ныхӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй алкӕцы дӕр зӕрдӕйы арф хъӕдгом ныууадзы, ӕмӕ ахӕм хъӕдгом та тагъд нӕ байгас вӕййы. Афтӕ сывӕллӕттӕ дӕр дуртӕ не сты, уыдонӕн дӕр ис ӕнкъарӕнтӕ, ӕмӕ уарзӕгой ныййарджытӕ уый никуы рох кӕнынц. Исты хъуыддаджы сӕ бафхӕрын ӕмӕ сраст кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕддӕр уарзӕгой ныййарджытӕ аргъ кӕнынц сӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ афтӕ нӕ бакӕндзысты, цӕмӕй сывӕллонӕн фырхудинагӕй йӕ сӕрыл хӕрдмӕ схӕцын дӕр йӕ бон мауал уаc (Колоссӕгтӕм 3:21, НФ). Уӕдӕ нын, нӕ алыварс чи ис, уыдоны куы ’мбарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы зондыл хӕст кӕй стӕм.
Иннӕтыл зӕрдӕбынӕй ӕууӕндын
12. Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цавӕр ахаст уыд?
12 Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм уыд раст цӕстӕнгас, ома сӕ бон цы нӕ уыд, уый сӕ никуы домдта. Уый хорз зыдта, ӕнӕххӕст кӕй сты. Уымӕй дарддӕр Йесо уыдта, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Иоанны 2:24, 25). Фӕлӕ кӕд ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сын Йесо уыдта сӕ хорз миниуджытӕ. Уый ма уыдта, Иегъовӕ йӕм кӕй ӕрбакодта, уыцы адӕмӕн сӕ бон фӕстӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн саразын, уый дӕр (Иоанны 6:44). Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорз ахаст кӕй уыд, уый бӕрӕг у, семӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй. Зӕгъӕм, уый арӕх ӕвдыста, кӕй сыл ӕууӕндыд, уый.
13. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй ӕууӕндыд, уый куыд ӕвдыста?
13 Куыд ӕвдыста Йесо уыцы ӕууӕнкдзинад? Зӕххӕй куы ацыд, уӕд йӕ сӕрст ахуыргӕнинӕгты бӕрны бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг. Уыдон хъуамӕ ӕгас дунейыл разамынд кодтаиккой, йӕ Паддзахадимӕ цы хъуыддӕгтӕ уыдысты баст, уыдоныл (Матфейы 25:14, 15; Лукайы 12:42—44). Цалынмӕ зӕххыл лӕггад кодта ӕмӕ семӕ уыд, уӕдмӕ та суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр ӕвдыста, кӕй сыл ӕууӕндыд, уый. Бирӕ адӕмы бафсадынӕн хӕринаг диссаджы хуызы фылдӕр куы фестын кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ уыдон байуӕрстаиккой (Матфейы 14:15—21; 15:32—37).
14. Маркы 4:35—41-ӕм стихты цы фыст ис, уымӕй цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн?
14 Ныр та ӕркӕсӕм Маркы 4:35—41-ӕм стихты (МСЕ) цӕуыл дзырдӕуы, уымӕ. Ацы хатт Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ Галилейы денджызӕн йӕ иннӕ, скӕсӕн былмӕ сӕ ных сарӕзтой. Иу цасдӕр куы аленк кодтой, уӕд Йесо бӕлӕгъы фӕстаг хайы йӕхи ӕруагъта ӕмӕ тарф фынӕй баци. Фӕлӕ уӕдмӕ «тыхджын уад сыстад». Галилейы денджызы-иу ахӕм тыхджын дымгӕтӕ арӕх уыд. Денджызы ӕмвӕзадӕй дзӕвгар дӕлдӕр кӕй ис (200 метры), уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕрмӕ уӕлдӕф у иннӕ рӕттӕй бирӕ хъармдӕр, ӕмӕ денджыз арӕх фӕабухы. Уый ӕддейӕ, Галилейы денджызы цӕгатфарс ис Ермоны хох ӕмӕ уырдыгӕй Иорданы цӕугӕдоны дӕлвӕзы арӕх вӕййы тыхдымгӕтӕ. Гӕнӕн ис дымгӕйы уддзӕф никӕцӕй уа, фӕлӕ ӕваст тыхдымгӕ сыста. Ныр та ахъуыды кӕнӕм: Йесо схъомыл Галилейы ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ацы денджызы тыхдымгӕтӕ арӕх кӕй вӕййы, уый ма зыдтаид. Фӕлӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгты арӕхстдзинадыл ӕууӕндыд, уымӕн ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ дӕсны кӕсагахсджытӕ уыдысты ӕмӕ йӕхицӕн ӕнӕмӕтӕй фынӕй кодта (Матфейы 4:18, 19).
15. Йесойау махӕн дӕр нӕ бон куыд у ӕууӕндын?
15 Нӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы Йесойы фӕзмын? Иуӕй-иутӕн зын у искӕмӕн исты бахӕс кӕнын. Куыд фӕзӕгъынц, сӕ разӕй никӕй ауадздзысты. Гӕнӕн ис, уыдон хъуыды кӕнынц афтӕ: «Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй алцыдӕр хорз уа, уӕд ӕй дӕхӕдӕг бакӕн, искӕй зондӕй зонд нӕй!» Фӕлӕ алцыдӕр нӕхи кӕнинаг куы уа, уӕд тӕссаг у тыхы мур куынӕуал баззайа ӕмӕ нӕ бинонтӕн сӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы куы исӕм, уымӕй. Уый ӕддейӕ, иннӕтӕн сӕ бӕрны исты хӕслӕвӕрдтӕ кӕнӕ исты хъуыддӕгтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд сын фадат нӕ дӕттӕм, цӕмӕй истӕуыл сахуыр уой ӕмӕ сӕм ӕнӕмӕнгхъӕугӕ фӕлтӕрддзинад фӕзына. Уӕдӕ хорз уаид, уыцы хъуыддаджы нӕхиуыл куы кусиккам ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕн цыдӕр хъуыддӕгтӕ сӕ бӕрны кӕнгӕйӕ, куы ӕвдисиккам, кӕй сыл ӕууӕндӕм, уый. Ӕнӕзӕрдӕхудтӕй дӕхимӕ фарст ратт: цымӕ ацы хъуыддаджы Чырыстийы зондыл хӕст дӕн? Ӕфсымӕртӕн сӕ бон цы уа, уый кӕй араздзысты, ууыл ӕууӕндын ӕмӕ сын ӕнӕзивӕгӕй дӕттын хӕслӕвӕрдтӕ?
Йесо ӕвдыста, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый
16, 17. Кӕд Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ кӕй ныууадздзысты, уый, уӕддӕр сын йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?
16 Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм хорз ахаст кӕй уыд, уый ма бӕрӕг у ноджыдӕр иу хъуыддагӕй. Ӕвдыста сын, дызӕрдыг сыл кӕй нӕ кӕны, уый. Уый хорз зыны, йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв йӕ апостолтӕн цы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ загъта, уымӕй. Ӕркӕсӕм, цы ’рцыдис, уымӕ.
17 Уыцы изӕр Йесойы царды ӕрцыд бирӕ хабӕрттӕ. Йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта, ӕмӕ сын уымӕй равдыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уыдаиккой, уый. Стӕй ӕрбадтысты фынджы уӕлхъус, ӕмӕ уыцы ӕхсӕвӕрӕй бындур ӕрӕвӕрдта, йӕ мӕлӕт ын кӕд хъуамӕ нысан кӕной, уыцы зӕрдылдарӕн бонӕн. Уый фӕстӕ та апостолтӕ ногӕй быцӕуыл схӕцыдысты, стырдӕр сӕ чи у, уый тыххӕй. Фӕлӕ та сӕм Йесо ныр дӕр хыл нӕ кӕны, фӕлӕ сабырӕй ныхас кӕны семӕ. Уый сын загъта, дарддӕр цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй: «Иуылдӕр сымах фӕрӕдийдзыстут Мӕн тыххӕй ацы ӕхсӕв, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „ныццӕвдзынӕн фыййауы ӕмӕ ныххӕлиу уыдзысты дзуджы фыстӕ“» (Матфейы 26:31; Захари 13:7). Йесо зыдта, йе ’ввахс ӕмбӕлтты сӕр ӕй иууыл тынгдӕр куы хъӕуа, уӕд ӕй кӕй ныууадздзысты, уый. Фӕлӕ сын ӕй уӕддӕр сӕ цӕстмӕ нӕ бадардта. Нӕ, уый сын загъта: «Мӕ райгасы фӕстӕ та уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн Галилейы» (Матфейы 26:32). Афтӕмӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ мӕ кӕд сымах ныууадздзыстут, уӕддӕр уӕ ӕз нӕ ныууадздзынӕн. Йе стыр фӕлварӕнтӕ иууылдӕр фӕсте куы баззайой, уӕд та ногӕй фембӕлдзӕн семӕ.
18. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Галилейы куы фембӕлд, уӕд сын цавӕр ахсджиаг хӕс бакодта сӕ бӕрны ӕмӕ уыцы хӕс апостолтӕ куыд сӕххӕст кодтой?
18 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесо йӕ ныхасӕн хицау разынд. Фӕстӕдӕр Галилейы райгасуӕвӕг Йесо фӕзынд йӕ 11 ӕнувыд апостолмӕ, фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй уым семӕ уыд бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр (Матфейы 28:16, 17; 1 Коринфӕгтӕм 15:6). Уым сын Йесо сӕ бӕрны бакодта тынг ахсджиаг хъуыддаг: «Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Апостолты куыстыты чиныг у диссаджы бӕлвырдгӕнӕн, апостолтӕ уыцы хӕслӕвӕрд цӕсгомджынӕй кӕй сӕххӕст кодтой, уымӕн. I ӕнусы хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ райстой (Куыстытӕ 2:41, 42; 4:33; 5:27—32).
19. Йесо йӕ райгасы фӕстӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй цы ис базонӕн Чырыстийы зонды тыххӕй?
19 Цы нын ӕвдисы ацы цау Чырыстийы зонды тыххӕй? Кӕд Йесо йӕ апостолтӕм хъӕндзинӕдтӕ дӕр уыдта, уӕддӕр сӕ «кӕронмӕ... бауарзта» (Иоанны 13:1). Кӕд сӕм бирӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр уыдис, уӕддӕр сын ӕвдыста, кӕй сыл ӕууӕндыд, уый. Йесо сыл афтӕ фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Сӕ ахуыргӕнӕджы зӕрдӕ сӕм кӕй нӕ ӕхсайдта, уый сӕ ӕнӕмӕнг бафидар кодта ӕмӕ сӕ сразӕнгард кодта, цы куыст сын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнынмӕ.
20, 21. Не ’муырнджытӕм нӕ бон куыд у хорз ахаст дарын?
20 Ацы хъуыддаджы «Чырыстийы зондыл» хӕст кӕй стӕм, уый куыд ис равдисӕн? Не ’муырнджытӕм хъӕндзинӕдтӕ куы нӕ агурӕм, уымӕй. Ӕзӕр сӕ куы хъуыды кӕнай, куы сыл дызӕрдыг кӕнай, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй (Лукайы 6:45). Фӕлӕ нын Библи дзуры, уарзондзинад «ӕппӕтыл ӕууӕнды», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 13:7). Уарзондзинад ӕвзӕр никуы фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ кӕддӕриддӕр хорз. Уый пырх нӕ кӕны, фӕлӕ фидар. Адӕмыл ӕртхъирӕнтӕй уарзондзинад ӕмӕ хорз ныхӕстӕ тынгдӕр ӕндавынц. Уӕдӕ нӕ алыварс чи ис, уыдонӕй ӕппӕлгӕ куы кӕнӕм ӕмӕ сын ныфс куы дӕттӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй сыл нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уый (1 Фессалоникӕгтӕм 5:11, НФ). Чырыстийау нын ӕфсымӕртӕм хорз ахаст куы уа, уӕд сын уымӕй сӕ тыхыл тых ӕфтаудзыстӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕной.
21 «Чырыстийы зондыл» ахуыр кӕнын ӕмӕ царды мидӕг уыцы зондӕй архайын, уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йесойы цыдӕр хъуыддаджы фӕзмӕм. Раззаг статьяйы куыд загътам, афтӕмӕй уый фыццаджыдӕр нысан кӕны, алы хъуыддагмӕ дӕр уый цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй кӕсыныл ахуыр кӕнын. Евангелиты фӕрцы ма нӕ бон у базонын Йесойы удыхъӕды ӕндӕр миниуӕг дӕр, йӕ хӕслӕвӕрдмӕ йын цавӕр ахаст уыд ӕмӕ йӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кодта, уый. Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Уыцы мӕнг документы автор афыста Йесойы «ӕддаг бакаст»: йӕ сӕрыхъуынтӕ, йӕ боцъо ӕмӕ йӕ цӕстытӕ. Библитӕлмацгӕнӕг Эдгар Гудспид ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, уыцы мӕнг документӕн «йӕ нысан уый мидӕг уыдис, цӕмӕй адӕм Йесойы ӕддаг бакаст базыдтаиккой, нывгӕнджытӕн уагъд бӕрӕгуӕттӕ йӕ куыд ӕвдисынц, афтӕ».
b Куыд зыны, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ иууыл иу кары нӕ уыдысты. Уымӕн ӕмӕ «сывӕллӕттӕй» тӕлмацгонд дзырд пайдагонд цӕуы Иаиры 12-аздзыд чызгмӕ дӕр (Маркы 5:39, 42, НД; 10:13). Фӕлӕ уыцы цау фысгӕйӕ Лука та пайда кӕны, ноггуырдтӕм дӕр цы дзырд хауы, уымӕй (Лукайы 1:41; 2:12; 18:15, НД).
c Кӕс статья «Иннӕтӕн аргъ кӕныс?», «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1998 аз, 1 апрель, уыр.
-
-
Йесойы цы разӕнгард кодта, дӕу дӕр уый разӕнгард кӕны?Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 мартъи
-
-
Йесойы цы разӕнгард кодта, дӕу дӕр уый разӕнгард кӕны?
«Йесо, рацӕугӕйӕ, федта бирӕ адӕмы ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕ фыййау фыстау; ӕмӕ райдыдта ахуыр кӕнын уыдоны» (МАРКЫ 6:34).
1. Адӕм хорз миниуджытӕ кӕй ӕвдисынц, уый диссаг цӕуылнӕ у?
ИСТОРИЙЫ дӕргъы адӕмӕй бирӕтӕ ӕвдыстой хорз миниуджытӕ. Цӕмӕн, уый ӕмбарыс. Иегъовӕ Хуыцау ӕвдисы уарзондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, рӕдаудзинад ӕмӕ аргъ кӕмӕн кӕнӕм, ахӕм бирӕ ӕндӕр диссаджы миниуджытӕ. Адӕм фӕлдыст сты Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ растдӕр уый ӕмбарын кӕны, бирӕтӕ Хуыцауы хуызӕн уарзӕгой, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг цӕмӕн сты, стӕй ма сӕ фылдӕр исты раст куы нӕ саразынц, уӕд сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл цӕмӕн фӕхуды, уый дӕр (Уӕвынад 1:26; Ромӕгтӕм 2:14, 15). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, уыцы миниуджытӕ адӕм ӕмхуызон кӕй не ’вдисынц, ууыл.
2. Цавӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕнынц адӕм, хъуыдыгӕнгӕйӕ, ома Чырыстийы фӕзмынц?
2 Ӕвӕццӕгӕн зондзынӕ, арӕх рынчынфӕрсӕг чи цӕуы, цӕнкъуылтӕн чи тӕригъӕд кӕны, йе та мӕгуыргуртӕн, цы йӕм ис, уый хӕлӕг чи нӕ кӕны, ахӕм рӕдау адӕймӕгты. Уӕдӕ ахъуыды кӕнӕм, инфекцион рынчындӕтты, сидзӕрдӕтты кӕнӕ та сдзӕбӕх кӕныны ныфс кӕмӕн нӕй, ахӕм рынчынтӕ кӕм сты, уыцы рынчындӕтты, йе та сӕрмагонд клиникӕты барвӕндонӕй кусгӕйӕ йӕ цард чи арвиты ӕмӕ уый, уыцы адӕмӕн тӕригъӕд кӕй кӕнынц, уый тыххӕй чи аразы, уыдоныл дӕр. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕнӕхӕдзар кӕнӕ лыгъд адӕмӕн баххуыс кӕныныл чи архайы. Гӕнӕн ис, уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, афтӕ аразгӕйӕ уыдон кӕй фӕзмынц, чырыстӕттӕн цӕвиттон чи ныууагъта, уыцы Йесойы. Евангелиты мах кӕсӕм, Чырысти рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта ӕмӕ ӕххормаг адӕмы кӕй ӕфсӕста (Маркы 1:34; 8:1—9; Лукайы 4:40). Йесойы уарзондзинад, рӕвдыд, фӕлмӕнзӕрдӕдзинады бӕрӕгӕй зыны «Чырыстийы зонд», ӕмӕ Чырысти та фӕзмыдта йӕ уӕларвон Фыды (1 Коринфӕгтӕм 2:16).
3. Цӕмӕй нын Йесойы хорз хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕнгас уа, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы равзарын?
3 Фӕлӕ никуы фӕхатыдтӕ, абон Йесойы уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕуыл бандӕвта, уыдонӕй бирӕты Чырыстийы зонды сӕйраг хицӕндзинад кӕй ферох вӕййы, уый? Маркы Евангелийы 6-ӕм сӕрмӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм. Уым кӕсӕм, адӕм сӕ рынчынты Йесомӕ дзӕбӕх кӕнынмӕ куыд хастой, уый тыххӕй. Ацы сӕры ма ноджыдӕр дзырдӕуы, Йесомӕ цы мингай ӕххормаг адӕм ӕрбацыд, уыдоны диссаджы хуызы куыд бафсӕста, ууыл дӕр (Маркы 6:35—44, 54—56). Йесо адӕмы кӕй сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сӕ кӕй бафсӕста, уый дзурӕг у, тынг сӕ кӕй уарзта ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кодта, ууыл. Фӕлӕ цымӕ Йесо адӕмӕн сӕйраджыдӕр ахӕм хуызы ӕххуыс кодта? Ӕмӕ Йесо Иегъовӕйы куыд фӕзмыдта, афтӕ махӕн та цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй уарзондзинады, хӕларзӕрдӕдзинады ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады хъуыддаджы Йесойы хуыздӕр фӕзмӕм?
Фыццаг бынаты адӕмы духовон домӕнтӕ
4. Маркы 6:30—34-ӕм стихты цы цау ис фыст, уый цы уавӕры ӕрцыд?
4 Йесо адӕмӕн фыццаджыдӕр тӕригъӕд кодта, духовон ӕгъдауӕй сыл фӕхӕцӕг кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Уыдон цух уыдысты, буары домӕнтӕй ахсджиагдӕр цы у, уымӕй — духовон хӕринагӕй. Маркы 6:30—34-ӕм стихты фыст ис иу хабар. Уый ӕрцыд Галилейы денджызы былыл н. э. 32 азы Куадзӕнмӕ ’ввахс. Апостолтӕн сӕ цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ цӕмӕн, уый дӕр ӕмбарӕм. Йесо сӕ кӕдӕм арвыста, уым адӕмӕн хъусын кодтой, ӕмӕ йӕм ныр фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ сӕ тынг фӕнды, цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон ын тагъддӕр куы радзуриккой, уый. Фӕлӕ уӕдмӕ адӕм ӕрӕмбырд сты. Уыдон афтӕ бирӕ сты, ӕмӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн нӕдӕр сӕ дзыхы иу къӕбӕр акӕныны фадат ис, нӕдӕр сӕ фӕллад суадзыны фадат. Йесо йӕ апостолтӕн дзуры: «Ацӕут хибар ранмӕ ӕмӕ иучысыл уӕ фӕллад суадзут» (Маркы 6:31, МСЕ). Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, Капернауммӕ хӕстӕг бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ аленк кодтой, Галилейы денджызы фаллаг фарс цы хибар бынат уыд, уырдӕм. Фӕлӕ адӕм денджызы былтыл азгъордтой ӕмӕ бӕлӕгъы разӕй фесты. Куыд бакӕндзӕн Йесо? Иунӕгӕй йӕ кӕй нӕ ныууагътой, уый тыххӕй сӕм, мыййаг, смӕсты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ!
5. Йесомӕ цы адӕм ӕрбацыд, уыдонмӕ цы ӕнкъардта ӕмӕ сын цы сарӕзта?
5 Йесойы зӕрдӕ фӕрыст утӕппӕт адӕмы уындӕй, уымӕй дӕр се ’хсӕн уыдис, йӕ фенын тынг кӕй фӕндыд, ахӕм рынчынтӕ (Матфейы 14:14; Маркы 6:44). Марк фыссы, Йесо сын цӕй тыххӕй фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын цы сарӕзта, уый: «Йесо... федта бирӕ адӕмы ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕ фыййау фыстау; ӕмӕ райдыдта ахуыр кӕнын уыдоны бирӕ [цӕуылдӕртыл]» (Маркы 6:34). Йесо ӕрмӕст дуне адӕмы нӕ федта. Уый федта, духовон домӕнтӕ кӕмӕн ис, ахӕм хицӕн адӕймӕгты. Уыдон уыдысты ӕнӕхицау, дзӕгъӕл фыстау, нӕ сын уыд, цъӕх нӕууыл сӕ чи хызтаид, чи сӕ хъахъхъӕдтаид, ахӕм фыййау. Йесо зыдта, хӕларзӕрдӕ фыййауау сыл чи хъуамӕ мӕт кодтаид, уыцы дурзӕрдӕ дины разамонджытӕ хуымӕтӕг адӕмӕй се сӕфт кӕй уыдтой ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй ӕххормаг кӕй сты, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр кӕй нӕ уый, уый (Иезекиль 34:2—4; Иоанны 7:47—49). Йесо та ахӕм нӕ уыд, хорзӕй сын йӕ бон цыдӕриддӕр уыд аразын, уымӕй йӕхиуыл нӕ ауӕрста. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын амонын райдыдта.
6, 7. а) Евангелитӕм гӕсгӕ Йесо, адӕмӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ, фыццаджыдӕр цӕуыл хъуыды кодта? ӕ) Йесо адӕмӕн цӕмӕн хъусын кодта ӕмӕ сӕ цӕмӕн ахуыр кодта?
6 Ныр та ӕркӕсӕм, уыцы цауы тыххӕй ӕндӕр Евангелийы цы дзырдӕуы, уымӕ: фыццаджыдӕр дзы хъусдард цӕмӕ у здӕхт; цы дзы у иууыл ахсджиагдӕр. Ныффыста йӕ Лука, дохтыр чи уыд ӕмӕ тынгдӕр адӕмы физикон ӕнӕниздзинадыл чи хъуыды кодта, ахӕм адӕймаг. «Адӕм... Йӕ [Йесойы] фӕдыл ацыдысты; ӕмӕ сӕ Уый райста, ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыди, уыдоны дзӕбӕх кодта» (Лукайы 9:11, НФ; Колоссӕгтӕм 4:14). Кӕд Йесойы диссӕгтӕ кӕм цӕуынц фыст, уыцы скъуыддзӕгтӕй алкӕцыйӕ нӕй уый зӕгъӕн, уӕддӕр ацы ран Лука Хуыцауы разӕнгардӕй фыццаг цӕй кой ракодта? Йесо адӕмы кӕй ахуыр кодта, уый кой.
7 Раст афтӕ у, уӕлдӕр кӕй бакастыстӕм, уыцы бынаты, Маркы 6:34-ӕм стихы дӕр. Ацы стих ирдӕй ӕвдисы, Йесо адӕмӕн сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй тӕригъӕд кодта ӕмӕ сын цы хъуыддаджы ӕххуыс кодта, уый. Уый уыдта адӕмы духовон домӕнтӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кодта. Йӕ лӕггаддзинады райдианы Йесо загъта: «Ӕндӕр сахартӕн дӕр хъуамӕ хъусын кӕнон Хуыцауы Паддзахад, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн Ӕз» (Лукайы 4:43). Фӕлӕ раст нӕ уаид, афтӕ куы хъуыды кӕниккам, ома Йесо Паддзахады уацхъуыд ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй хъусын кодта, ӕмӕ йӕ хӕс кӕй уыд. Нӕ, Йесо адӕмӕн фыццаджыдӕр хъусын кодта, кӕй сӕ уарзта ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй. О, уыцы рынчынтӕ, хӕйрӕджджынтӕ, мӕгуыртӕ ӕмӕ ӕххормӕгтӕн ӕппӕты стырдӕр хорздзинад уыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад базонынӕн, райсынӕн ӕмӕ бауарзынӕн баххуыс кӕнын. Паддзахады тыххӕй ӕцӕгад иууыл ахсджиагдӕр уымӕн уыдис, ӕмӕ уый руаджы сбӕлвырд уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн кӕй ис хицауиуӕг кӕныны бар ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы Паддзахад кӕй ӕрхӕсдзӕн адӕмӕн ӕнусон хӕрзиуджытӕ.
8. Цавӕр ахаст уыд Йесойӕн адӕмӕн хъусын кӕныны ӕмӕ сӕ ахуыр кӕныны хъуыддагмӕ?
8 Йесо зӕхмӕ сӕйраджыдӕр ӕрцыд Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ. Йӕ зӕххон лӕггаддзинады кӕрон уый Пилатӕн загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон; алкӕцы ӕцӕгадӕй чи у, уый хъусы Мӕн хъӕлӕсмӕ» (Иоанны 18:37). Раззаг дыууӕ статьяйы мах дзырдтам, Йесо кӕй уыд диссаджы хорз адӕймаг — уый мӕт кодта адӕмыл, уыд хуымӕтӕг, къӕрцхъус, кӕддӕриддӕр цӕттӕ уыд иннӕтыл ӕууӕндынмӕ, ӕмӕ сӕйраджыдӕр та уыд уарзӕгой. Кӕд нӕ фӕнды, Чырыстийы зонд цы нысан кӕны, уый ӕцӕгӕй зонын, уӕд хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, цы миниуджытӕ йӕм уыд, уыдон. Афтӕ ма ахсджиаг у, Чырыстийы зонд Йесойы хъусын кӕныны ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрынмӕ кӕй разӕнгард кодта, уый дӕр.
Уый иннӕты дӕр разӕнгард кодта хъусын кӕнынмӕ
9. Хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыр кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты чи хъуамӕ ӕвӕрдтаид?
9 Уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад сӕйраджыдӕр адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнгӕйӕ канд Йесо не ’вдыста. Уый йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй уый цы зӕрдӕйы уагӕй архайдта, уыдон дӕр уыцы зӕрдӕйы уагӕй архайдтаиккой, фыццаг бынаты уый цы ӕвӕрдта, уыдон дӕр уый ӕвӕрдтаиккой ӕмӕ уый куыд кодта, уыдон дӕр афтӕ кодтаиккой. Зӕгъӕм, Йесо 12 апостолы куы равзӕрста, уӕд цы ми хъуамӕ кодтаиккой? Маркы 3:14, 15-ӕм стихты дзырдӕуы: «Равзӕрста уыдонӕй дыууадӕс, цӕмӕй уой Йемӕ, ӕмӕ цӕмӕй уыдоны ӕрвита хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ цӕмӕй уыдонмӕ уа низтӕй дзӕбӕх кӕныны ӕмӕ хӕйрӕджыты сурыны бар». Апостолтӕн ахсджиагдӕр цы хъуыддаг уыд, уый фӕхатыдтӕ?
10, 11. а) Йесо апостолты лӕггад кӕнынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын цы бахӕс кодта? ӕ) Йесо апостолты куы ’рвыста, уӕд сын се ’ргом сӕйраджыдӕр цӕмӕ здӕхта?
10 Фӕстӕдӕр Йесо йӕ 12 апостолӕн ратта адӕмы дзӕбӕх кӕныны ӕмӕ хӕйрӕджыты сурыны тых (Матфейы 10:1; Лукайы 9:1). Уый фӕстӕ сӕ арвыста «Израилы хӕдзары сӕфт фыстӕм». Цӕмӕн? Йесо сын загъта: «Цӕугӕйӕ та хъусын кӕнут, кӕй ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад; рынчынты дзӕбӕх кӕнут, хъотырджынты сыгъдӕг кӕнут, мӕрдты ӕгас кӕнут, хӕйрӕджыты сурут» (Матфейы 10:5—8; Лукайы 9:2). Уӕдӕ цы куыст хъуамӕ кодтаиккой? «Уыдон ацыдысты ӕмӕ [1] хъусын кодтой фӕсмондзинады тыххӕй; [2] сырдтой бирӕ хӕйрӕджыты ӕмӕ бирӕ рынчынты сӕрстой зетийӕ ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой» (Маркы 6:12, 13).
11 Цымӕ ахуыр кӕныны хъуыддаг Евангелиты алы ран фыццаг бынаты кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, сӕйрагдӕр цы хъуыддаг у ӕмӕ нӕ уыцы хъуыддагмӕ цы хъуамӕ разӕнгард кӕна, ууыл ӕгӕр бирӕ дзурӕм? (Лукайы 10:1—8). Нӕ, фылдӕрхатт фыццаг ахуыр кӕныны тыххӕй кӕй дзырдӕуы, стӕй та дзӕбӕх кӕныны тыххӕй, уый афтӕ дзӕгъӕлы нӕу. Ӕркӕсӕм ацы цаумӕ, уыцы сӕры ма цы хъуыддӕгты тыххӕй ис фыст, уыдонимӕ иумӕ. Йесо йӕ 12 апостолы куы нӕма арвыста, уӕд тынг фӕтӕригъӕд кодта адӕмӕн. Мах кӕсӕм: «Цыд Йесо ӕппӕт сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕмбырдгӕнӕнты, хъусын кӕнгӕйӕ Паддзахады Евангели ӕмӕ дзӕбӕх кӕнгӕйӕ адӕмы алкӕцы низ ӕмӕ алы ӕнӕхъарудзинад. Уынгӕйӕ адӕмы къордтӕ, Уый фӕтӕригъӕд кодта уыдонӕн, кӕй уыдысты уыдон тыхсаст ӕмӕ хӕлиу, куыд ӕнӕ фыййау фыстӕ. Уӕд зӕгъы Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: кӕрдинаг бирӕ, кусджытӕ та гыццыл; уӕдӕ лӕгъстӕ кӕнут хуымы Хицауӕн, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» (Матфейы 9:35—38).
12. Йесо ӕмӕ апостолтӕ цы диссӕгтӕ арӕзтой, уыдонӕн ма ноджыдӕр цавӕр нысаниуӕг уыдис?
12 Апостолтӕ йемӕ кӕй уыдысты, уый фӕрцы Чырыстийы зонд хуыздӕр базыдтой. Уыдон ӕмбӕрстой иу хъуыддаг: кӕд адӕмы ӕцӕгӕй уарзтой ӕмӕ сын тӕригъӕд кодтой, уӕд сын иннӕ хорз хъуыддӕгты ӕмрӕнхъ хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаиккой ӕмӕ сӕ ахуыр кодтаиккой, уыимӕ уый хъуамӕ уыдаид сӕ сӕйрагдӕр нысан. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм хорз хъуыддӕгтӕн, куыд низтӕ дзӕбӕх кӕнын, сӕ нысан ӕрмӕст тыхст адӕймагӕн баххуыс кӕнын нӕ уыд. Адӕмӕй иуӕй-иутӕ тынгдӕр тыхстысты, диссаджы ӕгъдауӕй сӕ кӕй дзӕбӕх кодтой ӕмӕ сӕ кӕй ӕфсӕстой, ууыл (Матфейы 4:24, 25; 8:16; 9:32, 33; 14:35, 36; Иоанны 6:26). Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ адӕмӕн ӕрмӕст физикон ӕгъдауӕй нӕ ӕххуыс кодтой. Уыцы диссӕгтӕ-иу йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдоны-иу бауырныдта, Йесо кӕй уыд Хуыцауы Фырт ӕмӕ Моисей развӕлгъау цы «Пехуымпары» тыххӕй дзырдта, уый (Иоанны 6:14; Дыккаг закъон 18:15).
13. Дыккаг закъоны 18:18-ӕм стихмӕ гӕсгӕ фидӕны «Пехуымпарӕн» йӕ сӕйраг нысан цы хъуамӕ уыдаид?
13 Йесо «Пехуымпар» кӕй уыд, уый ахсджиаг цӕмӕн у? Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ йӕ сӕйраг хӕс цы уыд? Мыййаг, адӕмы диссаджы хуызы кӕй дзӕбӕх кодта кӕнӕ ӕххормӕгтӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый тыххӕй сын хӕринаг кӕй лӕвӕрдта, уымӕй хъуамӕ уыдаид зындгонд? Дыккаг закъоны 18:18-ӕм стихы дзырдӕуы: «Ӕз сын се ’фсымӕртӕй сӕвӕрдзынӕн дӕу [Моисейы] хуызӕн Пехуымпар, ӕмӕ Йын Мӕ ныхӕстӕ бавӕрдзынӕн Йӕ дзыхы, ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр бахӕс кӕнон, уый сын дзурдзӕн». Уӕдӕ апостолтӕ иннӕтӕн тӕригъӕд кӕныныл ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисыныл куыд ахуыр кодтой, афтӕ ма уый дӕр хъуамӕ бамбӕрстаиккой, ӕмӕ сӕ кӕд Чырыстийы зондмӕ гӕсгӕ архайын фӕнды, уӕд адӕмӕн кӕй хъуамӕ хъусын кӕной ӕмӕ сӕ кӕй хъуамӕ ахуыр кӕной. Уымӕй стырдӕр хорзинад сын ницы уыд сӕ бон саразын. Уый адӕмы ӕрмӕст рӕстӕгмӕ нӕ дзӕбӕх кодта сӕ низтӕй ӕмӕ сӕ ӕрмӕст дыууӕ ӕртӕ хатты не ’фсӕста, фӕлӕ сын хаста ӕнусон пайда (Иоанны 6:26—30).
Чырыстийы зондыл ахуыр кӕнын абон
14. Чырыстийы зонд нӕм куы уа, уӕд уый нӕ уацамындыл куыд ӕндавдзӕн?
14 Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ома Чырыстийы зондыл хӕцын сӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр I ӕнусы чи цард, уыдонӕн — Йесойӕн ӕмӕ, Павел афтӕ кӕмӕ фыста, зӕгъгӕ, «махмӕ... ис Чырыстийы зонд», уыцы рагон ахуыргӕнинӕгтӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:16). Мах ӕмбарӕм, хорз уацхъуыд хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын мах хӕс дӕр кӕй у, уый (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Фӕлӕ уӕддӕр хорз уаид, уыцы куыст кӕнынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны, ууыл куы ахъуыды кӕниккам. Хӕсджын кӕй стӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма аразӕм уыцы хъуыддаг. Уацамынды сӕйраджыдӕр хайад исӕм, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесойы фӕзмын нысан кӕны адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын (Матфейы 22:37—39).
15. Уацамынды тӕригъӕдгӕнаг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алыххатт ӕнцон нӕу, уырнындзинадмӕ махӕн цы цӕстӕнгас ис, ууыл разы чи нӕу, уыдонӕн тӕригъӕд кӕнын, уӕлдайдӕр та сын нӕ уацхъуыдмӕ куыдфӕндыйы ахаст куы вӕййы, кӕнӕ сӕ немӕ ныхас кӕнын куы нӕ фӕфӕнды, йе та нӕ ныхмӕ куы рацӕуынц, уӕд. О, фӕлӕ адӕмы куы нал уарзӕм ӕмӕ сын тӕригъӕд куы нал кӕнӕм, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ чырыстон лӕггаддзинады хайад исынмӕ сӕйраджыдӕр цы разӕнгард кӕны, уый фесафӕм. Уӕдӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй тӕригъӕдгӕнаг уӕм? Хорз уаид, Йесойӕн адӕммӕ цы цӕстӕнгас уыд, махӕн дӕр ахӕм цӕстӕнгас куы уаид, ӕмӕ уый та уыдта, адӕм ӕнӕфыййау фыстау «тыхсаст ӕмӕ хӕлиу» кӕй уыдысты, уый (Матфейы 9:36). Цымӕ абон дӕр адӕмӕй бирӕтӕ ахӕм уавӕры не сты? Дины мӕнгфыййӕуттӕ сӕ рохуаты ныууагътой ӕмӕ сӕ духовон ӕгъдауӕй бакуырм кодтой. Гъе уый тыххӕй уыдон нӕ зонынц нӕдӕр, Библи цардӕн цы диссаджы уынаффӕтӕ дӕтты, уый ӕмӕ нӕдӕр, рӕхджы Хуыцауы Паддзахад зӕххыл цы дзӕнӕтон уавӕртӕ скӕндзӕн, уый. Паддзахадыл сӕ ныфс кӕй нӕ дарынц, уымӕ гӕсгӕ царды зындзинӕдтӕ, уыимӕ мӕгуырдзинад, бинонты цард кӕй хӕлы, низтӕ ӕмӕ мӕлӕты йеддӕмӕ ницы уынынц. Махӕн та нӕ бон у уыдонӕн баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕм ис царддӕттӕг уацхъуыд, уӕларвыл цы хицауад хицауиуӕг кӕны, уый тыххӕй, ома Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.
16. Адӕмӕн нӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнынмӕ цы хъуамӕ разӕнгард кӕна?
16 Дӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоны духовон домӕнтыл зӕрдӕбынӕй куы ахъуыды кӕныс, уӕд дӕ нӕ бафӕнды, цӕмӕй сын дӕ бон цас у, уыйбӕрц дзурай Хуыцауы диссаджы фӕндоны тыххӕй? Бӕгуыдӕр, уацамынды хъуамӕ уӕм тӕригъӕдгӕнаг. Адӕмы зындзинад мах дӕр Йесойау куы ’мбарӕм, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъӕлӕсы уагӕй, нӕ цӕстӕнгасӕй ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕй. Афтӕмӕй нын нӕ ныхӕстӕ ӕнцондӕрӕй исдзысты, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдон» (Куыстытӕ 13:48, НД).
17. а) Адӕмы кӕй уарзӕм ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый куыд ис ӕвдисӕн? ӕ) Цӕуылнӕ у фаг кӕнӕ ӕрмӕстдӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразын, кӕнӕ ӕрмӕстдӕр хъусын кӕнын?
17 Уӕвгӕ та царды алкӕддӕр ӕмӕ алкӕмдӕр хъуамӕ уӕм уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Уый та нысан кӕны, рынчынтӕ, мӕгуыртӕ ӕмӕ царды бирӕ хорздзинӕдтӕй абон ӕнӕхай чи у, уыдонмӕ хӕларзӕрдӕ ахаст дарын, нӕ бон цас уа, уыйбӕрц сын сӕ зындзинӕдты ӕххуыс кӕныныл архайын. Уырдӕм хауы, йӕ зынаргъ адӕймаг цардӕй кӕмӕн ахицӕн, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы рыст фӕлмӕн ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй рогдӕр кӕнын дӕр (Лукайы 7:11—15; Иоанны 11:33—35). Фӕлӕ адӕммӕ уарзондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад сӕйраджыдӕр, хӕрзиуӕггӕнджытӕ цы хорз хъуыддӕгтӕй февдисынц, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕй хъуамӕ ма ӕвдисӕм. Адӕмӕн фылдӕр пайда ӕрхӕсдзыстӕм, уыцы хорз миниуджытӕ адӕмӕн хъусынгӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнгӕйӕ куы ’вдисӕм, уӕд. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм, Йесо иудейаг дины разамонджытӕн цы загъта, уый: «Дӕсӕм хай... дӕттут битъынайӕ, хъонтхорайӕ, зирайӕ, ӕмӕ... ныууагътат закъоны сӕйрагдӕрты: тӕрхон, хорзӕх ӕмӕ уырнындзинад; адон ӕмбӕлд кӕнын, ӕмӕ уый нӕ хъуыд ныууадзын» (Матфейы 23:23). Йесо дзы иу дӕр нӕ ныууагъта ӕмӕ иннӕ дӕр — адӕмӕн сӕ физикон домӕнтыл дӕр тыхст ӕмӕ сын царддӕттӕг духовон зонындзинӕдтӕ дӕр лӕвӕрдта. Йесо арӕзта дыууӕ хъуыддаджы дӕр. Фӕлӕ йын уӕддӕр сӕйрагдӕр уыд адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй цы хорздзинад арӕзта, уый сын хаста ӕнусон пайда (Иоанны 20:16).
18. Чырыстийы зонд цы у, уый кӕй базыдтам, уый нӕ цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?
18 Куыд бузныг хъуамӕ уӕм Иегъовӕйӕ, Чырыстийы зонд нын кӕй раргом кодта, уый тыххӕй! Евангелиты руаджы нӕ бон хуыздӕр базонын у, ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг цы хъуыды кодта, цы ӕнкъардта, цавӕр миниуджытӕ йӕм уыд, цы хъуыддӕгтӕ кодта ӕмӕ фыццаг бынаты цы ӕвӕрдта, уый. Библи нын Йесойы тыххӕй цы ӕргом кӕны, уый кӕсдзыстӕм, хъуыды йыл кӕндзыстӕм ӕмӕ царды афтӕ араздзыстӕм ӕви нӕ, уый та нӕхицӕй кӕнгӕ у. Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм — кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды Йесойы фӕзмын, уӕд, ӕнӕххӕст уӕвгӕйӕ, нӕ бон цас у, уыйбӕрц хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, фыццаджыдӕр уый куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын, цы ӕнкъардта, уый ӕнкъарын ӕмӕ царды алцӕмӕ дӕр уый цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй кӕсын. Цӕй уӕдӕ Чырыстийы зондыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ царды уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Уый у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг, ӕппӕты хуыздӕр фадат адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ куыд махӕн, афтӕ иннӕ адӕмӕн дӕр уымӕй тынгдӕр ницы баххуыс кӕндзӕн, Йесо ӕххӕстӕй кӕй фӕзмыдта, уыцы тӕригъӕдгӕнаг Фыд Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн (2 Коринфӕгтӕм 1:3; Дзуттытӕм 1:3).
-
-
Йесойы цы разӕнгард кодта, дӕу дӕр уый разӕнгард кӕны?Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 мартъи
-
-
[Ныв ӕнӕхъӕнӕй ис 17 фарсыл]
-