Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 7. Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ цыфӕнды хицауады закъӕттӕй дӕр хуыздӕр сты

      Хицауӕдтӕ сфидар кӕнынц, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Хуыцауы Паддзахадӕн дӕр ис йӕхи закъӕттӕ, ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон сӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, адӕм иууылдӕр Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд дуне цыхуызӕн уыдзӕн?a

      • Йегъовӕ домы, цӕмӕй, йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрой. Куыд хъуыды кӕныс, уый бар ын ис? Цӕмӕн?

      • Цӕмӕй бӕрӕг у, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕн сӕ бон кӕй у аивын? (11 стих)

      Пъӕлицӕйы кусӕг машинӕтӕ баурӕдта. Алы кары адӕм фӕндаджы сӕрты фӕхизынц.

      Хицауӕдтӕ рауадзынц, сӕ адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ адӕмы закъӕттӕй бирӕ хуыздӕр сты

  • Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 41 урок. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзийы къухтыл хӕцынц.

      41 УРОК

      Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

      Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй дзурын бирӕтӕ ӕфсӕрмы кӕнынц. Библи уый тыххӕй дзуры ӕргом, фӕлӕ уӕзданӕй. Цы фыст дзы ис, уый нын пайда у, уымӕн ӕмӕ Библи ныффыссын кодта Йегъовӕ – не Сфӕлдисӕг. Ӕмӕ йӕ уый зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы у, уый. Йегъовӕ нын дзуры, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрӕм.

      1. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

      Уый у Йегъовӕйы лӕвар. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыцы лӕвар циндзинад хӕсса, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи сты, ахӕм нӕлгоймагӕн ӕмӕ сылгоймагӕн. Лӕг ӕмӕ ус ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕрцы сын цот рацӕуы. Стӕй ма афтӕмӕй кӕрӕдзийыл фӕузӕлынц ӕмӕ бӕрӕг вӕййы, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый. Хуыцауы Ныхасы дӕр афтӕ уый тыххӕй ис фыст: «Цин кӕн дӕ усыл, де ’взонджы бонты дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай, ууыл» (Ӕмбисӕндтӕ 5:18, 19). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ сӕ цардӕмбӕлттыл ӕнувыд уой ӕмӕ сыл гадзрахатӕй ма цӕуой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:4.)

      2. Цы у хӕтындзинад?

      Библийы фыст ис: «Хӕтаг адӕм... Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Библийы фысджытӕй грекъаг ӕвзагыл чи фыста, уыдон хӕтындзинады тыххӕй куы фыстой, уӕд пайда кодтой дзырдӕй порне́йа. Уымӕ хауы: 1) лӕг ӕмӕ ус чи не сты, ахӕм адӕм ӕмуат куы ’рцӕуынцa, 2) гомосексуализм ӕмӕ 3) фосимӕ схуыссын. Нӕхи хӕтындзинадӕй куы хизӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, стӕй уый пайда уыдзӕн нӕхицӕн дӕр (1 Фессалоникӕгтӕм 4:3).

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, дӕ бон куыд у дӕхи хӕтындзинадӕй хизын ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕнын цы пайда хӕссы.

      Иосиф Потифары усӕй фӕлидзы. Йӕ дарӕс усы къухы аззад.

      3. Хӕтындзинадӕй дард лидз

      Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иосиф «нӕ» загъта, йемӕ ӕмуат ӕрцӕуын кӕй фӕндыд, уыцы сылгоймагӕн. Бакӕсут Райдиан 39:1–12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Иосиф уыцы сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл цӕуылнӕ сразы? (9 стих)

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, Иосиф раст бакодта? Афтӕ цӕмӕн зӕгъыс?

      Нӕ рӕстӕджы ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Иосифы фӕзмын ӕмӕ хӕтындзинадӕй дард лидзын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

      ВИДЕОРОЛИК: «Ӕнӕгъдаудзинадӕй дард лидз» (5:06)

      Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи хӕтындзинадӕй хизӕм. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Адӕймаг ӕнӕгъдау ми, гӕнӕн ис, цавӕр уавӕрты бакӕна?

      • Дӕ бон куыд у хӕтындзинадӕй дард лидзын?

      4. Дӕ бон у фидар фӕлӕууын

      Адӕймагӕн, гӕнӕн ис, зын цӕмӕн уа йӕхи ӕнӕгъдау хъуыддаг саразынӕй бахизын? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Библи кӕс, цӕмӕй ӕнӕгъдаудзинадӕй дард лидзай» (3:02)

      • Иу ӕфсымӕр бамбӕрста, цӕуыл хъуыды кодта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн уыд, ӕмӕ йӕ усыл гадзрахатӕй рацыдаид. Уый куы бамбӕрста, уӕд цы сарӕзта?

      Хуыцауыл иузӕрдион чи у, суанг уыцы чырыстӕтты дӕр хатт фӕхъӕуы ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнын. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕнай? Бакӕсут Филиппӕгтӕм 4:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

      • Библи куы кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыддаг ма бакӕнӕм?

      5. Йегъовӕйы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн сты

      Йегъовӕ зоны, хуыздӕр нын цы у, уый. Ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, куыд ис хӕрзӕгъдау цард кӕнӕн ӕмӕ уый цы пайда хӕссы. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 7:7–27 кӕнӕ бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Зондджын ут» (9:31)

      • Ӕрыгон лӕппу йӕхи тӕссаг уавӕры куыд баппӕрста? (Ӕмбисӕндтӕ 7:8, 9)

      • Ӕмбисӕндты 7:23, 26 цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, хӕтындзинад стыр бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕны. Хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, уӕд нӕхи цавӕр бӕллӕхтӕй бахиздзыстӕм?

      • Хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, уӕд фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

      Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библийы гомосексуализмы тыххӕй цы фыст ис, уый ӕгӕр карз у ӕмӕ Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг у уарзондзинад, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм се ’ппӕт дӕр амондджынӕй цӕрой ӕнустӕм. Уый тыххӕй та йын хъуамӕ йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Хуыцау афтӕ зӕгъы, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр гомосексуалон фӕндтимӕ хъӕуы тох кӕнын?

      Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй нӕ алкӕй дӕр хъӕуы йӕ царды цыдӕртӕ фӕивын. Цымӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у? Бакӕсут Псалом 19:8, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон зынӕххӕстгӕнӕн сты? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

      Нывтӕ: 1. Ӕрыгон сылгоймаг ӕнкъардӕй йӕ уарзоны фарсмӕ бады. Ӕхсӕвыгон клубы тамако дымы ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ нуазы. 2. Уыцы сылгоймаг Паддзахады залы хотимӕ хъӕлдзӕгӕй ныхӕстӕ кӕны.

      Йегъовӕ бирӕтӕн баххуыс кодта, хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрынӕн. Дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийы куы уарзой ӕмӕ ӕмуат куы ’рцӕуой, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис».

      • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Ӕмуат ӕрцӕуын у Йегъовӕйы лӕвар, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи сты, ахӕм нӕлгоймагӕн ӕмӕ сылгоймагӕн.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Хӕтындзинадмӕ цы хауы?

      • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕтындзинадӕй дард лидзӕм?

      • Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын цы пайда у?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй-иу нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ баиу кӕной.

      «Библи цы зӕгъы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, сӕ къухтӕ куы не ’рфыссынц, афтӕмӕй иумӕ куы фӕцӕрынц, уый тыххӕй?» (интернет-статья)

      Базон, кӕд Библи гомосексуализмы ныхмӕ у, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ гомосексуалисттӕй хъуамӕ не сӕфт уынӕм.

      «Гомосексуализм ӕвзӕр у?» (интернет-статья, уырыссаг)

      Базон, Хуыцау ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон нӕ куыд хъахъхъӕнынц.

      «Оралон секс дӕр сексыл нымад у?» (интернет-статья, уырыссаг)

      Бакӕс, гомосексуалист чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаджы царды хабар, «Уыдон мӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ кастысты», зӕгъгӕ. Уымӕй базондзынӕ, цӕмӕн ӕй бафӕндыд йӕ цард фӕивын ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.

      «Библи ивы адӕймаджы цард» (2011 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      a Искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕй уӕлдай ма порне́йа-мӕ хауы, зӕгъӕм, оральный ӕмӕ анальный секс кӕй хонынц, уый ӕмӕ искӕй ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм ӕвналын.

  • Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 43 урок. Бадты рӕстӕг стъолыл ис карз нозт ӕмӕ ӕндӕр нуазинӕгтӕ.

      43 УРОК

      Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?

      Алы рӕтты адӕм нозтмӕ алыхуызон цӕстӕй кӕсынц. Иуӕй-иутӕ уарзынц хаттӕй-хатт се ’мбӕлттимӕ ануазын. Иннӕтӕ та ӕппындӕр нӕ нуазынц. Чидӕртӕ та фӕнуазынц, цалынмӕ не срасыг вӕййынц, уӕдмӕ. Цымӕ Библийы та нозты тыххӕй цы фыст ис?

      1. Библимӕ гӕсгӕ, нуазын ӕвзӕр у?

      Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ нуазын ӕвзӕр у. Хуыцау нын цы бирӕ лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй иу у сӕн. Библийы фыст ис: «Дӕттыс сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна» (Псалом 104:14, 15). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй Библийы кӕй тыххӕй ис фыст, уыдонӕй дӕр-иу чидӕртӕ хатт анызтой (1 Тимофеймӕ 5:23).

      2. Библийы нозты фӕдыл цавӕр уынаффӕ ис?

      Йегъовӕ у фыднозт кӕныны ныхмӕ, адӕймагыл йӕ нозт бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд дӕр (Галатӕгтӕм 5:21). Йӕ Ныхасы фыст ис: «Сӕнӕй бӕрц чи нӕ зоны... уыдонимӕ ма у» (Ӕмбисӕндтӕ 23:20). Уӕдӕ кӕд нуазӕм (суанг иунӕгӕй дӕр), уӕддӕр-иу уыйбӕрц хъуамӕ ма бануазӕм, цӕмӕй нӕхи мауал ӕмбарӕм, цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, ууыл нӕ бар мауал цӕуа кӕнӕ не ’нӕниздзинадӕн исты зиан ӕрхӕссӕм. Нозтӕй бӕрц куы нӕ зонӕм, уӕд хъуамӕ ӕппындӕр ма нуазӕм.

      3. Иннӕтӕ нозты фӕдыл цы уынаффӕ рахастой, уымӕн нӕ бон аргъ кӕнын куыд у?

      Алчидӕр хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, нуаздзӕн ӕви нӕ. Бӕрцӕй нуаздзынӕн, зӕгъгӕ, чи аскъуыддзаг кодта, уыдонӕн хъуамӕ ма тӕрхон кӕнӕм. Нуазын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн та хъуамӕ тыххӕй ма нуазын кӕнӕм (Ромӕгтӕм 14:10). Ӕмӕ, кӕй нуазӕм, уый искӕмӕн цӕлхдур куы уа, уӕд ӕппындӕр нӕ нуаздзыстӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:21.) Мах хъуыды кӕнӕм иннӕты пайдайыл, нӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:23, 24.)

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, нуаздзынӕ ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн. Стӕй ма базон, кӕд нозтмӕ ӕмхиц дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ныууадзай.

      4. Аскъуыддзаг кӕн, нуаздзынӕ ӕви нӕ

      Йесо нозтмӕ цы цӕстӕй каст? Ацы фарстайӕн дзуапп базоныны тыххӕй бакӕс, Йесо фыццаг цы диссаг сарӕзта, уый тыххӕй. Бакӕсут Иоанны 2:1–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Ацы диссагӕй нӕ бон цы у базонын, Йесо нозтмӕ ӕмӕ, чи нуазы, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй?

      • Йесо нозты ныхмӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, чи нуазы, уыдонмӕ?

      Кӕд чырыстӕттӕн нуазӕн ис, уӕддӕр хатт хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй-иу ма бануазӕм. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 22:3 ӕмӕ стӕй ахъуыды кӕн, дӕлдӕр цы уавӕртӕ ис, уыдоны бануазис ӕви нӕ, ууыл:

      • хъӕудзӕн дӕ машинӕ скъӕрын кӕнӕ техникӕимӕ архайын;

      • сывӕрджын дӕ;

      • дохтыр дын нуазын нӕ уадзы;

      • нозтӕй бӕрц нӕ зоныс;

      • закъонмӕ гӕсгӕ дын нуазыны бар нӕй;

      • раздӕр нозтӕй бӕрц чи нӕ зыдта ӕмӕ ныр ӕппындӕр чи нал нуазы, ахӕм адӕймагимӕ дӕ.

      Чындзӕхсӕвты кӕнӕ ӕндӕр бадтыты хъуамӕ ӕнӕмӕнг нозт ӕрӕвӕрай? Уый фӕдыл дын уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕндзӕн видеоролик. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

      ВИДЕОРОЛИК: «Фынгыл нозт ӕрӕвӕрон ӕви нӕ?» (2:41)

      Бакӕсут Ромӕгтӕм 13:13 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 10:31, 32. Алы стихы фӕстӕ дӕр-иу аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы уагӕвӕрд дын куыд баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй барухс уыдзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн?

      Ӕфсымӕр рестораны сӕн бануазыныл не сразы. Йемӕ цы дыууӕ хойы ис, уыдон сӕн нуазынц.

      Алы чырыстон дӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, нуаздзӕн ӕви нӕ, уый. Кӕд хатт ануазы, уӕддӕр кӕцыдӕр уавӕрты, гӕнӕн ис, ӕмӕ ма бануаза

      5. Аскъуыддзаг кӕн, цас нуаздзынӕ, уый

      Кӕд нуазыс, уӕд дӕ зӕрдыл бадар: кӕд Йегъовӕ нозты ныхмӕ нӕу, уӕддӕр фыднозт кӕнын тӕригъӕдыл нымайы. Цӕмӕн? Бакӕсут Осийы 4:11, 18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ӕгӕр бирӕ нуазын тӕссаг цӕмӕй у?

      Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр бирӕ ма нуазӕм? Хъуамӕ уӕм бонзонгӕ, ома нӕ бӕрц зонӕм. Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 11:2 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй, цас нуаздзынӕ, уый аскъуыддзаг кӕнай ӕмӕ уымӕй фылдӕр ма нуазай?

      6. Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фыднозт мауал кӕна

      Базон, иу нӕлгоймагӕн йӕ нозт ныууадзынӕн цы баххуыс кодта. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Мӕ цардӕй сфӕлмӕцыдтӕн» (6:32)

      Нывтӕ: къамтӕ видеороликӕй «Мӕ цардӕй сфӕлмӕцыдтӕн». 1. Дмитрий нозты авгмӕ кӕсы. 2. Дмитрий, йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ чызг Библи иумӕ ахуыр кӕнынц.
      • Дмитрий-иу нозтджынӕй цыхуызӕн уыд?

      • Йӕ нозт ныууадзын йӕ бон уайтагъд баци ӕви нӕ?

      • Йӕ нозт ныууадзынӕн ын цы баххуыс кодта?

      Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:10, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Библийы фыднозт кӕныны тыххӕй цы фыст ис?

      • Цӕмӕй бӕрӕг у, фыднозт чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон аивын кӕй у?

      Бакӕсут Матфейы 5:30 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йесойы ныхӕстӕ, дӕ къух ралыг кӕн, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ цӕуылдӕрты нӕ къух сисын бахъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Кӕд нозтмӕ ӕмхиц дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ныууадзай?a

      Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 15:33 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Фыднозт кӕнын чи уарзы, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд дыл уый куыд фӕзындзӕн?

      ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Чырыстӕттӕн нуазӕн нӕй?»

      • Цавӕр дзуапп ын раттис?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Йегъовӕ нозт радта, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна. Фӕлӕ Йегъовӕ у фыднозт кӕныны ныхмӕ.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?

      • Фыднозт кӕнын тӕссаг цӕмӕй у?

      • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, иннӕтӕ нозты фӕдыл цы уынаффӕ рахастой, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Ӕрыгӕттӕн цы ’ххуыс кӕндзӕн нозты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

      «Нозт цӕмӕ ӕркӕны, ууыл-иу ахъуыды кӕн» (2:31)

      Базон, адӕймагӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй фыднозт мауал кӕна.

      «Нозтӕй хъӕуы бӕрц зонын» (2010 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Чырыстӕттӕн сидтытӕ уадзын ӕмбӕлы?

      «Кӕсджыты фарстатӕ» (2007 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)

      Иу нӕлгоймаджы царды хабарӕй, «Ӕз уыдтӕн „ӕнӕбын боцкъа“», зӕгъгӕ, базондзынӕ, йӕ нозт ныууадзынӕн ын цы баххуыс кодта.

      «Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      a Ӕнӕ нозтӕй чи нӕ фӕразы, уыдоны сӕ нозт ныууадзыны тыххӕй, чи зоны, бахъӕуа дохтырты ӕххуыс. Дохтыртӕй бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, нозтмӕ ӕмхиц чи уыди, уыдон хъуамӕ ӕппындӕр ма нуазой.

  • Уӕззау тӕригъӕд куы саразай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • Кӕд Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзыс ӕмӕ, дӕ бон цы у, уый аразыс, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнай, уӕддӕр-иу хатт фӕрӕдидзынӕ. Фӕлӕ иуӕй-иу тӕригъӕдтӕ иннӕтӕй уӕззаудӕр вӕййынц (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ дӕ уӕддӕр кӕй уарзы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна ӕмӕ дын баххуыс кӕна.

      1. Цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ ныххатыр кӕна?

      Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон тынг фӕмаст кӕнынц, уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый куы бамбарынц, уӕд. Фӕлӕ сын удӕнцой хӕссы, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Исай 1:18). Нӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн. Адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Ӕвзӕр цы у, уый нал фӕаразы ӕмӕ Йегъовӕйӕн фӕлӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Стӕй фӕархайы, цӕмӕй йӕ зондахаст сраст кӕна ӕмӕ йӕ тӕригъӕдмӕ чи ’ркодта, уыцы хъуыддӕгтӕ мауал араза, фӕлӕ цӕра Йегъовӕйы сыгъдӕг закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. (Бакӕс Исайы 55:6, 7.)

      2. Йегъовӕ нын хистӕр нӕлгоймӕгты уылты куыд баххуыс кӕны?

      Йегъовӕ зӕгъы, уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд-иу цӕмӕй «фӕдзурӕм ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм». (Бакӕс Иаковы 5:14, 15.) Уыцы ӕфсымӕртӕ уарзынц Йегъовӕйы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕамонынц, сӕ бон куыд у се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уой (Галатӕгтӕм 6:1).

      Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кӕндзысты? Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ хистӕр нӕлгоймаджы нын Библийы фӕрцы бамбарын кӕндзысты, цы сарӕзтам, уый Хуыцауы цӕсты раст цӕуылнӕ у. Ратдзысты ма нын уынаффӕтӕ, цӕмӕй тӕригъӕд мауал саразӕм ӕмӕ нӕ ныфс бауадздзысты, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый куы не ’рфӕсмон кӕны, уӕд ӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнынц, цӕмӕй йӕ зондахаст ӕмбырды иннӕтыл ма бандава.

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Фылдӕр базон, Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны, уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыдонӕн. Уӕд дзы йе ’ххуысы тыххӕй тынгдӕр бузныг уыдзынӕ.

      3. Нӕ тӕригъӕды тыххӕй куы радзурӕм, уӕд фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уыдзыстӕм

      Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕн нӕ тӕригъӕды тыххӕй радзурӕм. Бакӕсут Псалом 32:1–5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Хорз цӕмӕн у, нӕ тӕригъӕд Йегъовӕйӕ куы нӕ бамбӕхсӕм, фӕлӕ йын ӕй ӕргом куы радзурӕм?

      Нӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн куы радзурӕм ӕмӕ уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс куы ракурӕм, уӕд нын бирӕ фенцондӕр уыдзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны» (3:01)

      • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Кенонӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уыдаид?

      Нӕ тӕригъӕдты тыххӕй-иу хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом радзурӕм, мацы-иу сӕ басусӕг кӕнӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной. Бакӕсут Иаковы 5:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Нӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом куы радзурӕм, уӕд сын ӕнцондӕр цӕмӕн уыдзӕн, цӕмӕй нын баххуыс кӕной?

      Нывтӕ: 1. Ӕфсымӕр, цы сарӕзта, уый тыххӕй тынг маст кӕны ӕмӕ йӕ цӕсгом йӕ къухтӕй бамбӕрзта. 2. Ӕфсымӕр Йегъовӕмӕ кувы. 3. Ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ телефонӕй ныхас кӕны. 4. Ӕфсымӕр ӕртӕ хистӕр нӕлгоймагимӕ фембӕлд. 5. Ӕфсымӕр йӕ мидбылты худы, уымӕн ӕмӕ ныр йӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг.

      Дӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алцыдӕр ӕргом радзур ӕмӕ сын се ’ххуысыл сразы у

      4. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы, тӕригъӕд чи саразы, уымӕ

      Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы нал фӕфӕнды, уӕд ӕй ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнынц, ӕмӕ нын йемӕ иумӕйагӕй ницыуал вӕййы. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 5:6, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Гыццыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй сӕнхъизын кӕны. Ацы цӕвиттонӕй куыд зыны, йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы адӕймаг ӕмбырдыл куыд бандавдзӕн, уый?

      Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисынц, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн кӕй феххуыс кӕнынц, уымӕй. Уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Кӕй сӕ фӕхицӕн кодтой, уый сын зын уыди, фӕлӕ уый фӕрцы бамбӕрстой, цы сарӕзтой, уый раст кӕй нӕ уыд (Псалом 141:5).

      Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонмӕ Йегъовӕ цы зӕрдӕ дары, уымӕй куыд зыны, рӕстӕй кӕй фӕархайы, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы?

      5. Куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕны

      Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд Йегъовӕ цы фенкъары, уый. Бакӕсут Лукайы 15:1–7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай?

      Бакӕсут Йезекилы 33:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

      Фыййау фысӕн йӕ цӕф арӕхстгай бӕтты.

      Хорз фыййау йӕ фыстыл куыд фӕтыхсы, афтӕ тыхсы Йегъовӕ дӕр махыл

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Тӕрсын, мӕ тӕригъӕды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы радзурон, уӕд мӕ ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕной».

      • Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый куы нал аразӕм, уӕд.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй-иу нӕ тӕригъӕды тыххӕй Йегъовӕйӕн радзурӕм?

      • Цы хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕна?

      • Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс цӕмӕн хъуамӕ ракурӕм?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, иу нӕлгоймаг йӕхиуыл куыд бавзӕрста, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый тыххӕй Исайы 1:18 цы фыст ис, уый.

      «Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл макуы дызӕрдыг кӕн» (5:02)

      Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд феххуыс кӕнынц, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн?

      «Тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонмӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ис ӕвдисӕн?» (2024 азы августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Базон, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймагмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдисынц.

      «Ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?» (2024 азы августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Бакӕс, рӕстдзинад чи ныууагъта, иу ахӕм нӕлгоймаджы хабар, «Мӕн хъуыд Йегъовӕмӕ раздӕхын», зӕгъгӕ. Уымӕй базондзынӕ, фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ цӕмӕн раздӕхт.

      «Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын