Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ацы дунеимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    • 3. а) Йесо политикӕйы цӕуылнӕ архайдта? б) Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ сты минӕвӕрттӕ? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

      3 Йесо политикӕйы нӕ архайдта, фӕлӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ – адӕмӕн дзырдта, фидӕны Паддзах кӕм хъуамӕ суыдаид, уыцы уӕларвон хицауады тыххӕй (Данел 7:13, 14; Лукайы 4:43; 17:20, 21). Ӕмӕ ромаг хицау Понтий Пилатӕн дӕр уымӕн загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36). Ӕцӕг чырыстӕттӕ Чырыстийыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл сты иузӕрдион ӕмӕ уыцы Паддзахады тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъусын кӕнынц (Матфейы 24:14). Апостол Павел ныффыста: «Мах стӕм минӕвӕрттӕ Чырыстийы бӕсты. Ӕмӕ Чырыстийы бӕсты адӕмӕн лӕгъстӕ кӕнӕм: „Хуыцауимӕ бафидаут“» (2 Коринфӕгтӕм 5:20)a.

      4. Ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй сты, уый куыд ӕвдисынц? (Кӕс рамкӕ «Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ сӕхи хызтой политикӕйӕ».)

      4 Минӕвӕрттӕ ӕндӕр бӕстӕйы номӕй кӕй фӕархайынц, уымӕ гӕсгӕ, кӕм вӕййынц, уыцы бӕстӕйы хъуыддӕгтӕм ницы бар фӕдарынц. Уыдонӕн сӕ хӕс у сӕхи бӕстӕйы хъуыддӕгты сӕрыл дзурын. Уый зӕгъӕн ис Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн «сӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты» (Филиппӕгтӕм 3:20). Сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы Чырыстийы «ӕндӕр фыстӕй» милуантӕ «Хуыцауимӕ бафидыдтой» (Иоанны 10:16; Матфейы 25:31–40). «Ӕндӕр фыстӕ» сты Йесойы сӕрст ӕфсымӕрты ӕххуысгӕнджытӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ сты иу дзуг, ӕмӕ, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады фарс кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ политикӕйы хъуыддӕгтӕй сӕхи хизынц. (Бакӕс Исайы 2:2–4.)

  • Ацы дунеимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
    • a Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ Чырысти у Паддзах, зӕххыл ын цы сӕрст фӕдылдзӕуджыты ӕмбырд ис, уымӕн (Колоссӕгтӕм 1:13). 1914 азы та йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыд «дунейыл хицаудзинад». Уымӕ гӕсгӕ ныр сӕрст чырыстӕттӕ дӕр сты, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады минӕвӕрттӕ (Раргомад 11:15).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын