Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
    • 6. а) Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ куыд хауы? ӕ) Радзур, абон не ’мчырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй. (Кӕс рамкӕ «Бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд...».)

      6 Павел коринфӕгтӕн бамбарын кодта, цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ йын кад хӕссынц. Ӕркӕсӕм-ма, куыд сын ӕй бамбарын кодта, уымӕ. Павел коринфӕгтӕн загъта, «Чырыстийы тыххӕй хорз хабарӕн коммӕгӕс» кӕй сты (2 Кор. 9:13). Ӕмӕ, Чырысти цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын сӕ кӕй фӕндыд, уый тыххӕй се ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтой. Се ’мчырыстӕтты тыххӕй цы хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонӕй та бӕрӕг уыд, «Хуыцау сын йӕ диссаджы стыр хорзӕхӕй... кӕй бахай кодта», уый (2 Кор. 9:14; 1 Пет. 4:10). Не ’фсымӕртӕн бахъуаджы сахат кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 1975 азы 1 декабры номыры фыст уыд: «Хъуамӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕнӕм, Йегъовӕ Хуыцауы цӕсты ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы цӕсты уыцы лӕггадӕн стыр аргъ кӕй ис, ууыл». Ӕцӕгдӕр, не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын у тынг ахсджиаг хъуыддаг, ӕмӕ хауы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ (Ром. 12:1, 7; 2 Кор. 8:7; Дзут. 13:16).

  • Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
    • 7, 8. Не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ нӕ къухы цы хъуыддӕгтӕ ӕфты, уыдонӕй фыццаг цавӕр у? Бамбарын ӕй кӕн.

      7 Не ’мчырыстӕттӕн цӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис, Павел коринфӕгтӕм йӕ дыккаг фыстӕджы цы ныффыста, уымӕй. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:11–15.) Йӕ ныхӕстӕй зыны, нӕ «лӕггады» фӕрцы, ома, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый фӕрцы, нӕ къухы ӕртӕ сӕйраг хъуыддаджы кӕй ӕфты. Цӕй ӕмӕ сӕм фӕд-фӕдыл ӕркӕсӕм.

      8 Фыццаг: не ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уӕлдӕр цы фондз стихы амынд ис, уым Павел Йегъовӕ Хуыцауы кой куыд арӕх кӕны, уымӕ. Уый ныффыста, зӕгъгӕ, «адӕм Хуыцауӕн арфӕ кӕнынц» ӕмӕ «бирӕтӕ Хуыцауӕн... арфӕ кӕндзысты» (11 ӕмӕ 12 стихтӕ). Павел ма ныффыста, кӕмӕн баххуыс кодтой, уыцы чырыстӕттӕ «Хуыцауы [кӕй] кадджын кӕнынц» ӕмӕ Йегъовӕйӕн «йӕ диссаджы хорзӕхы тыххӕй» кӕй арфӕ кӕнынц (13 ӕмӕ 14 стихтӕ). Фӕстагмӕ та Павел ныффыста: «Бузныг Хуыцауӕн!» (15 стих; 1 Пет. 4:11).

      9. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый уынгӕйӕ сӕм иуӕй-иутӕ цавӕр цӕстӕй ракӕсынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

      9 Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕ кӕсынц Павелы цӕстӕй – уыдон зонынц, уыцы хъуыддаджы фӕрцы Йегъовӕйӕн кад кӕй хӕссынц ӕмӕ йын йӕ «ахуырад [кӕй] рӕсугъд кӕнынц» (1 Кор. 10:31; Тит. 2:10). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, не ’мчырыстӕттӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый уынгӕйӕ бирӕтӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ адӕммӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм иу хабар. Иу сылгоймагӕн йӕ хӕдзары дуарыл ауыгъд уыд ахӕм фыст: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ардӕм ма хойӕнт». Иухатт уыцы ран тыхдымгӕ рацыд. Ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы сылгоймаг федта, йӕ хӕдзары акомкоммӕ цы хӕдзар ныппырх, уый чидӕртӕ куыд цалцӕг кӕнынц. Цалдӕр боны фӕкасти, уыцы адӕм куыд зӕрдиагӕй кусынц, уымӕ, ӕмӕ сӕм стӕй бацыд, чи сты, уый базонон, зӕгъгӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый куы базыдта, уӕд тынг бадис кодта ӕмӕ загъта: «Дзӕгъӕлы уӕм кастӕн ӕвзӕр цӕстӕй». Цымӕ уый фӕстӕ куыд бакодта? Йӕ дуарыл цы фыст ауыгъд уыд, уый айста.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын