Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нӕ бон куыд у фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 ноябрь
    • 9–11. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 фыст ныхӕстӕ сӕххӕст сты ӕви нӕ? Бамбарын ӕй кӕн.

      9 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–3. Тагъд рӕстӕджы адӕмтӕ фидарӕй дзурдзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» Ӕмӕ хъуамӕ уӕм «цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус», цӕмӕй уыцы рӕстӕг ма фӕсайды уӕм (1 Фес. 5:6). Цӕй ӕмӕ цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, Библимӕ гӕсгӕ уый размӕ цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, ууыл. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр цырддзаст уӕм.

      10 Дыууӕ дунеон хӕсты фӕстӕ дӕр адӕм тынг бӕллыдысты, цӕмӕй зӕххыл сабырдзинад уыдаид. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ скодтой Нациты Лигӕ, ӕмӕ адӕмы ныфс уыди, уыцы организаци сабырдзинад кӕй ӕрхӕсдзӕн. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ та ахӕм ныфс сӕвӕрдтой Иугонд Нациты Организацийыл. Хицауӕдтӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ сӕ зӕрдӕ дардтой уыцы организацитыл, зӕгъгӕ, уыдоны фӕрцы зӕххыл сабыр цард уыдзӕн. Зӕгъӕм, 1986 азы Иугонд Нациты Организаци фехъусын кодта, уыцы аз Ӕппӕтдунеон сабырдзинады аз кӕй уыдзӕн. Уыцы аз бирӕ политиктӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ Италийы, горӕт Ассизийы, фембӕлдысты католикон аргъуаны сӕргълӕууӕгимӕ, цӕмӕй иумӕ сабырдзинады тыххӕй скуывтаиккой.

      11 Фӕлӕ нӕдӕр уӕд, нӕдӕр уый фӕстӕ, сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады тыххӕй кӕй дзырдтой, уымӕй 1 Фессалоникӕгтӕм 5:3 фыст ныхӕстӕ нӕ сӕххӕст сты. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ, уыцы пехуымпарады цӕй кой ис, «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт», зӕгъгӕ, уый нӕма ӕрцыд.

      12. «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» тыххӕй куыд фехъусын кӕндзысты, уый фӕдыл цы зонӕм?

      12 Цымӕ чи фехъусын кӕндзӕн уыцы ахсджиаг хабар, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ? Цы бар дардзысты уымӕ чырыстон динты ӕмӕ иннӕ динты разамонджытӕ? Уыцы хъуыддаг алы бӕстӕты хицауӕдтӕм та куыд хаудзӕн? Уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ бӕлвырд зонӕм уый, ӕмӕ, уыцы хабар куыдфӕнды ма фехъусын кӕной ӕмӕ уый тыххӕй куыдфӕнды фидарӕй ма дзурой, уӕддӕр уыдон ныхӕстӕ йеддӕмӕ ницы уыдзысты. Ацы дуне ис Хӕйрӕджы къухы ӕмӕ суанг йӕ уидӕгты онг у ӕмбыд. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Уӕдӕ ма уымӕй ӕвзӕрдӕр цы хъуамӕ уа, ӕмӕ, Хӕйрӕг адӕмӕн цы хъуыдытӕ хъары, уыдоныл махӕй исчи куы баууӕнда ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгты архайын куы райдайа!

  • Нӕ бон куыд у фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 ноябрь
    • 14. Стыр Вавилонӕн йе сӕфт тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      14 Мӕнг динтӕм чи амоны, уыцы Стыр Вавилон сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ, уӕвгӕ, уый аккаг дӕр у. Уыцы бон куы ’рцӕуа, уӕд ын ӕппӕт «адӕмыхӕттытӕй, дзыллӕтӕй, адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» дӕр ничи баххуыс кӕндзӕн. Йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый абон дӕр бӕрӕг у (Рарг. 16:12; 17:15–18; 18:7, 8, 21). Зӕгъӕм, ног хабӕртты динтӕ ӕмӕ дины разамонджыты ныхмӕ арӕхӕй-арӕхдӕр дзурынц. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр Стыр Вавилоны разамонджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын истӕмӕй тӕссаг у. Фӕлӕ куыд тынг рӕдийынц! «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинады» тыххӕй куы фехъусын кӕной, уый фӕстӕ, Хӕйрӕджы дунейы цы хицауӕдтӕ ис, уыдон ӕвиппайды мӕнг динты ’рдӕм фӕуыдзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты. Стыр Вавилонӕн йӕ кой дӕр никуыуал райхъуысдзӕн! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ уый аккаг сты, цӕмӕй сӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (Рарг. 18:8, 10).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын