-
Адӕймаджы цавӕр уарзондзинад кӕны амондджын?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | январь
-
-
2. Нӕ рӕстӕджы бирӕтӕм цы уарзондзинад ис, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
2 Фӕлӕ ма Библийы загъд уыд ӕндӕр уарзондзинады тыххӕй дӕр, ӕмӕ уыцы уарзондзинадӕн Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзынимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Апостол Павел ныффыста: «Фӕстаг бонты... адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг... Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тим. 3:1–4). Ахӕм адӕм ӕрмӕстдӕр сӕ уды дзӕбӕхӕн фӕцӕрынц. Фӕлӕ ахӕм зондахаст кӕмӕн ис, уыдон амондджын никуы уыдзысты, кӕд уымӕ фӕбӕллынц, уӕддӕр. Ӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕ хиуарзон кӕй сты, «тынг уӕззау рӕстӕг» дӕр уымӕн скодта.
-
-
Адӕймаджы цавӕр уарзондзинад кӕны амондджын?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2018 | январь
-
-
ХУЫЦАУЫ УАРЗӔМ ӔВИ НӔХИ?
4. Адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Бамбарын ӕй кӕн.
4 Павел ныффыста: «Адӕм уыдзысты хиуарзон». Адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Нӕ. Уӕвгӕ нӕ афтӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг скодта. Йесо загъта: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Мар. 12:31). Адӕймаг йӕхи куы нӕ уарза, уӕд иннӕты та куыд хъуамӕ уарза! Библийы ма ноджыдӕр фыст ис: «Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары» (Еф. 5:28, 29). Уӕдӕ, адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй ницы ис.
5. Йӕхи ӕгӕр тынг чи уарзы, уыдон сӕхи куыд фӕдарынц?
5 Фӕлӕ, 2 Тимофеймӕ 3:2 цы уарзондзинады кой ис, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Йӕхи ӕгӕр тынг чи уарзы, уыдон сӕхицӕй, цы сты, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл вӕййынц. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:3.) Иннӕтӕ сӕм нымады дӕр нӕ вӕййынц, ӕрмӕстдӕр сӕ сӕхи мӕт вӕййы. Исты раст куы нӕ рауайы, уӕд сӕ рӕдыдыл нӕ басӕттынц, фӕлӕ иннӕты аххосджын кӕнынмӕ фӕвӕййынц. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы хиуарзон адӕм барст цӕуынц уызынтимӕ. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, уызын йӕхи куы атымбыл кӕны, уӕд мидӕгӕй йӕхицӕн фӕлмӕн вӕййы, ӕддӕмӕ та дзы сындзытӕ йеддӕмӕ ницы фӕзыны. Ахӕм адӕм ӕцӕг амондджын никуы вӕййынц.
6. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нын цавӕр пайда хӕссы?
6 Иуӕй-иу Библи иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел ӕвзӕр миниуджытӕ куы ранымадта, уӕд ӕппӕты фыццаг хиуарзондзинады тыххӕй уымӕн загъта, ӕмӕ иннӕ ӕвзӕр миниуджытӕ дӕр адӕймагмӕ уый тыххӕй фӕзынынц. Хуыцауы чи уарзы, уыдонмӕ та ис хорз миниуджытӕ: цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуылхӕцындзинад (Гал. 5:22, 23). Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (Пс. 144:15). Йегъовӕ у амондджын Хуыцау, ӕмӕ йӕ адӕм дӕр сты амондджын. Искӕмӕй исты ратона, ӕрмӕст ууыл чи вӕййы, ахӕм хиуарзон адӕмӕй уӕлдай, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕн хорздзинад аразынц, ӕмӕ уый фӕрцы сты зӕрдӕрухс (Хъуыд. 20:35).
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хиуарзон ма суӕм? (кӕс 7 абзац)
7. Нӕхи Хуыцауӕй тынгдӕр уарзын райдыдтам ӕви нӕ, уый бамбарынӕн нын цавӕр фарстатӕ баххуыс кӕндзысты?
7 Фӕлӕ, мыййаг, нӕхи Хуыцауӕй тынгдӕр уарзын нӕ райдыдтам? Цымӕ уый нӕ бон куыд у бамбарын? Ӕркӕсӕм-ма, Филиппӕгтӕм 2:3, 4 стихты цы уынаффӕ ис, уымӕ: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут. Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр». Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ацы уынаффӕмӕ хъусын? Архайын, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнон? Ӕмбырды ӕмӕ уацамынды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ фӕагурын?» Нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ иннӕтӕн ма ’вгъау кӕнӕм, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уый тыххӕй фӕхъӕуы фыдӕбон кӕнын, стӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр. Фӕлӕ йӕ куы зонӕм, Дунедарӕг Хуыцау нӕ райгонд кӕй у, уӕд ма уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа!
8. Иуӕй-иу чырыстӕтты, Хуыцауы кӕй уарзынц, уый цӕмӕ баразӕнгард кӕны?
8 Иуӕй-иу чырыстӕттӕн ахӕм фадат вӕййы, цӕмӕй хуыздӕр куыстмӕ бацӕуой ӕмӕ схъӕздыг уой. Фӕлӕ уыдон уыцы фадатӕй не спайда кӕнынц, Хуыцауы кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ йӕ хъуыддаджы фылдӕр аразын кӕй фӕфӕнды, уый тыххӕй. Эрикӕ цӕры Иугонд Штатты ӕмӕ у дохтыр. Хуыздӕр бынаты кусыны бӕсты райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ ма йӕ цардӕмбалимӕ иумӕ цалдӕр бӕстӕйы дӕр балӕггад кодтой. Эрикӕ загъта: «Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ ныл ӕрцыд бирӕ диссаджы хабӕрттӕ, стӕй нын фӕзынд ног ӕмбӕлттӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы систӕм ӕцӕг хъӕздыг». Эрикӕ ныр дӕр ма дохтырӕй кусы. Фӕлӕ йӕ рӕстӕг фылдӕр хардз кӕны, цӕмӕй адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад амона, стӕй хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕна. Ӕмӕ йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын уый хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ йӕ цардӕй у райгонд.
ХӔЗНАТӔ УӔЛӔРВТЫ ӔМБЫРД КӔНӔМ ӔВИ ЗӔХХЫЛ?
9. Ӕхцауарзаг адӕймаг амондджын цӕуылнӕ вӕййы?
9 Павел ныффыста, адӕм «ӕхцауарзаг» кӕй уыдзысты. Цалдӕр азы размӕ Ирландийы иу пионер-ӕфсымӕр иу нӕлгоймагимӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кодта. Уыцы нӕлгоймаг йӕ дзыппӕй ӕхца систа ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ мӕ хуыцау!» Кӕд бирӕтӕ ахӕм ныхӕстӕ ӕргом нӕ зӕгъиккой, уӕддӕр ахӕм зондыл хӕст сты – ӕхца ӕмӕ, ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уыдӕттӕй тынгдӕр ницы уарзынц. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Ӕвзист чи уарзы, уый никуы бафсӕддзӕн ӕвзистӕй, ӕмӕ хъӕздыгдзинад чи уарзы, уый – мулкӕй» (Еккл. 5:10). Ӕхцауарзаг адӕймаг ӕхцайӕ ӕфсис нӕ фӕзоны, ӕмӕ йӕ цард фылдӕр ӕхца бакусыныл ацӕуы. Фӕлӕ уый тыххӕй йӕхи «бирӕ мӕстыты хай бакӕны» (1 Тим. 6:9, 10).
10. Иакейы фырт Агур мӕгуырдзинад ӕмӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй цы ныффыста?
10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон ӕнӕ ӕхцайӕ фӕцӕрӕн нӕй. Ӕмӕ Библийы дӕр фыст ис, ӕхца адӕймаджы иуӕй-иу хъуыддӕгты хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны (Еккл. 7:12). Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн, цардӕн ӕй цы хъӕуы, ӕрмӕст уый уа, фӕлӕ уӕддӕр амондджын уа? Куыннӕ. (Бакӕс Екклесиаст 5:12.) Иакейы фырт Агур ныффыста: «Мӕгуырдзинад дӕр мын ма ратт ӕмӕ хъӕздыгдзинад дӕр. Къӕбӕр мын дӕтт мӕ фаг». Зын бамбарӕн нӕу, афтӕ цӕмӕн скуывта, мӕгуырдзинад мын ма ратт, зӕгъгӕ. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй давын райдыдтаид, уымӕн ӕмӕ уӕд Хуыцауы ном фӕхудинаг кодтаид. Фӕлӕ цымӕ афтӕ та цӕмӕн скуывта, хъӕздыгдзинад мын ма ратт, зӕгъгӕ? Уый афтӕ бамбарын кодта: «Цӕмӕй ӕгӕр ма бафсӕдон ӕмӕ дӕ ма ныууадзон ӕмӕ ма зӕгъон: „Чи у Йегъовӕ?“» (Ӕмб. 30:8, 9). Агурӕй уӕлдай, абон бирӕтӕ сӕ ныфс дарынц сӕ хъӕздыгдзинӕдтыл, Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ, ӕмӕ, чи зоны, нӕхӕдӕг дӕр ахӕмты зонӕм.
11. Йесо ӕхцайы фӕдыл цавӕр уынаффӕ радта?
11 Ӕхцауарзаг адӕймаг Хуыцауы зӕрдӕ никуы барухс кӕндзӕн. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр». Уый размӕ та загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут – ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, стӕй сӕм давджытӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц. Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм давджытӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц» (Матф. 6:19, 20, 24).
12. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ, адӕймаг хуымӕтӕг цард куы кӕна, уӕд ын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
12 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ архайынц хуымӕтӕг цард кӕныныл. Афтӕмӕй сын фылдӕр рӕстӕг вӕййы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, ӕмӕ уый фӕрцы амондджындӕр сты. Иугонд Штатты чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, Джек, йе стыр хӕдзар ӕмӕ йӕ бизнес ауӕй кодта, цӕмӕй йӕ бинойнагау пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Мах цардыстӕм рӕсугъд ран, уыдис нын хорз хӕдзар ӕмӕ стыр зӕхх. Ӕмӕ мын сӕ ауӕй кӕнын ӕнцон кӕцӕй уыд. Иннӕмӕй та-иу мын куысты цы зындзинӕдтӕ уыд, уыдоны тыххӕй-иу афтӕ сдӕн, ӕмӕ-иу мӕ ницыуал хъуыд. Ӕмӕ афтӕ уыд бирӕ азты дӕргъы. Мӕ бинойнаг та пионерӕй лӕггад кодта ӕмӕ-иу алкӕддӕр уыцы хъӕлдзӕг уыди. Афтӕ-иу мын бакодта: „Мӕнӕн цы хицау ис, уымӕй хуыздӕр хицауӕн скӕнӕн нӕй!“ Ныр ӕз дӕр лӕггад кӕнын пионерӕй, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн дӕр ис иу хицау, Йегъовӕ».
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суӕм? (кӕс 13 абзац)
13. Ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?
13 Цӕмӕй, ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, Библи ӕхцайы тыххӕй цы зӕгъы, уыимӕ разы кӕй дӕн? Мӕ царды мын фыццаг бынаты ӕхца амал кӕнын у? Ахсджиагдӕр мын цы у: ӕхца ӕви мын Йегъовӕимӕ ӕмӕ адӕмимӕ цы хӕлардзинад ис, уый? Ӕцӕгдӕр мӕ уырны, Йегъовӕ мӕ, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъӕуы, уый цух кӕй никуы ныууадздзӕн?» Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдоны кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн! (Матф. 6:33).
-