-
Уарзондзинады «ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл» цӕуыс?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 15 июль
-
-
Царды адджын, ӕмуд бинонтӕй хуыздӕр ницы ис! Бинонтӕ кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ фӕдарынц, уый равдисынӕн-иу грекъӕгтӕ арӕх пайда кодтой дзырд сторге́-йӕ. Чырыстӕттӕ архайынц сӕ бинонты уарзыныл. Павел загъта, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн»b (2 Тим. 3:1, 3).
Бинонтӕ кӕрӕдзи цы уарзтӕй хъуамӕ уарзой, уый абон, хъыгагӕн, нал ис. Уыйбӕрц сылгоймӕгтӕ аборт цӕмӕн скӕнынц? Уыйбӕрц адӕм сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм сӕ хъус цӕуылнӕ дарынц? Уыйбӕрц адӕмӕн сӕ бинонты цард цӕмӕн хӕлы? Ӕппӕт уыдӕттӕ цӕуынц, бинонты ’хсӕн уарзондзинад кӕй нал ис, уый аххосӕй.
-
-
Уарзондзинады «ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл» цӕуыс?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 15 июль
-
-
b Дзырдбастӕй «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» (а́ сторгои) тӕлмац ӕрцыд грекъаг дзырд сторге́-йы иу формӕ ӕппӕрццаг разӕфтуан а-имӕ, нысан кӕны «ӕнӕ». Кӕс ма Ромӕгтӕм 1:31.
-