Библийы чиныг 55 – 2 Тимофеймӕ
Ныффыста йӕ: Павел
Кӕм ӕрцыд фыст: Ромы
Фыст фӕцис: н. э. 65 азмӕ ӕв.
ПАВЕЛЫ та ногӕй Ромы ахӕстоны бакодтой. Фӕлӕ йӕ дыккаг хатт цы уавӕрты ӕрцахстой, уый бирӕ уӕззаудӕр уыд фыццаг хаттимӕ абаргӕйгӕ. Уый уыд н. э. 65 азмӕ ӕввахс. Н. э. 64 азы июлы ӕнӕхъӕн Ромыл дӕр сирвӕзт стыр арт ӕмӕ горӕты 14 районӕй 10-ӕн стыр зиан ӕрхаста. Ромаг историк Тациты ныхӕстӕм гӕсгӕ, паддзах Нерон «Ромыл арт йӕхӕдӕг кӕй бафтыдта, уый бамбӕхсын ын нӕ рауад. Ӕмӕ уӕд фӕаххосджын кодта ӕмӕ алы фыдмиты хай бакодта... ӕнӕуи дӕр се сӕфт кӕмӕй уыдтой, уыдоны, адӕм сӕ хуыдтой чырыстӕттӕ... Бирӕты аххосджын кодтой, горӕт кӕй басыгъд, тынгдӕр уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сын адӕм ӕнӕуынон кӕй уыдысты. Алыхуызон хъизӕмӕрттӕ сын ӕвзарын кодтой, афтӕмӕй сӕ мардтой. Сӕ уӕлӕ-иу сын сырдты цӕрмттӕ скодтой, цӕмӕй-иу сӕ куыйтӕ ныскъуыдтӕ кодтаиккой, хъӕдтыл-иу сӕ ӕрцауыгътой кӕнӕ та-иу куы ӕризӕр, уӕд-иу сӕ цырӕгъты бӕсты ссыгътой. Уыцы хабӕрттӕ кодтой Нероны дыргъдӕтты... Фӕлӕ сын уӕддӕр тӕригъӕд кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ иу адӕймаджы ӕгъатырдзинады тыххӕй марынц»a.
2 Чырыстӕтты карзӕй куы ӕфхӕрдой, уыцы рӕстӕг та Павелы ногӕй сбадын кодтой Ромы ахӕстоны ӕмӕ йӕ бакодтой хъадаманты. Кӕй ссӕрибар уыдзӕн, уый ныфс ӕй нӕ уыд, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ каст, фӕстаг тӕрхон ын кӕй рахӕсдзысты ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты. Ахӕстоны йӕ чи бабӕрӕг кодта, уыдон бирӕ нӕ уыдысты. Уымӕн ӕмӕ чырыстон у, уый ӕргом чи ’вдыста, уымӕн тӕссаг уыд ӕрцахсынӕй, фыдмитӕ бавзарынӕй ӕмӕ амӕлынӕй. Уӕдӕ Павелӕн тынг ӕхсызгон уыд, Ефесӕй йӕ иу ӕфсымӕр кӕй бабӕрӕг кодта, уый ӕмӕ ныффыста: «Дунедарӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕд Онисифоры бинонтӕм. Уый мӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ барӕвдыдта, ӕмӕ рӕхыстӕй баст кӕй уыдтӕн, уый дӕр ӕм худинаг нӕ каст. Фӕлӕ Ромы куы уыди, уӕд мӕ зӕрдиагӕй агуырдта ӕмӕ мӕ ссардта» (2 Тим. 1:16, 17). Мӕлӕтмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Павел йӕхи схуыдта «Йесо Чырыстийы апостол, Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн хай кӕмӕй ис, уыцы цардӕй йын Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта» (1:1). Павел зыдта, Чырыстиимӕ кӕй уыдзӕн. Уӕды рӕстӕджы стыр горӕттӕй бирӕты хъусын кодта, Иерусалимӕй Роммӕ ӕмӕ, чи зоны, суанг Испанийы дӕр (Ром. 15:24, 28). Павел йӕ фӕндагыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй азгъордта (2 Тим. 4:6–8).
3 Ӕвӕццӕгӕн, 2 Тимофеймӕ Павел ныффыста н. э. 65 азмӕ ӕввахс, йӕ хъизӕмӕртты хӕдразмӕ. Уӕд Тимофей, ӕвӕццӕгӕн, уыд Ефесы, уымӕн ӕмӕ йӕм Павел фыста, цӕмӕй уым баззадаид (1 Тим. 1:3). Павел ын дыууӕ хатты дзырдта, цӕмӕй йӕм тагъддӕр ӕрцыдаид ӕмӕ йемӕ Марчы ракодтаид, стӕй йын Троадӕйӕ йӕ пӕлӕз ӕмӕ йӕ чингуытӕ ӕрхастаид (2 Тим. 4:9, 11, 13, 21). Ахӕм уӕззау рӕстӕджы цы фыстӕг ныффыста, уый тынг бафидар кодта ӕрмӕст Тимофейы нӕ, фӕлӕ ма фидар кӕны ӕппӕт чырыстӕтты дӕр.
4 Дыккаг Тимофеймӕ чиныгыл дӕр ис ӕууӕндӕн ӕмӕ у Хуыцауы фӕндӕй фыст (бӕлвырдгӕнӕнтӕ йын ӕрхастам Фыццаг Тимофеймӕ чиныгыл ныхас кӕнгӕйӕ). Рагон фысджытӕ ӕмӕ йӕ историктӕ нымадтой Хуыцауы Ныхасы хайыл ӕмӕ дзы пайда кодтой, уыдонимӕ Поликарп дӕр (н. э. 2 ӕнус).
ЦЫ ПАЙДА У
10 «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй, ӕмӕ пайда». Пайда цӕмӕн? Тимофеймӕ дыккаг фыстӕджы Павел загъта: «Адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр ӕмбара ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (3:16, 17). Уӕдӕ «ахуыр кӕнын» пайда кӕй у, сӕйрагдӕр ууыл цӕуы дзырд 2 Тимофеймӕ фыстӕджы. Абон рӕстдзинад чи уарзы, уыдон сӕ зӕрдӕмӕ исынц, ацы фыстӕджы цы зондджын уынаффӕ ис, уый. Ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнджытӕ суой ӕмӕ сӕ Хуыцау банымайа, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕны ӕмӕ «ӕцӕгдзинады ныхас раст чи амоны, ахӕм кусджытыл». Тимофейы рӕстӕджы Ефесы куыд уыд, афтӕ абон дӕр ис, «ӕнӕзонд ӕмӕ дзӕгъӕл радзур-бадзуртӕ» чи кӕны, «ӕдзухдӕр ахуыр [чи] кӕны, фӕлӕ, ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонын йӕ бон [кӕмӕн] нӕу», ахӕмтӕ. Уыдон сты «раст ахуырады» ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ сты, ахӕм ахуыргӕнджыты зӕрдӕ балхӕнын (2:15, 23; 3:7; 4:3, 4). Цӕмӕй ныл ахӕм зондахаст ма бандава, уый тыххӕй хъуамӕ «фидар хӕцӕм... кӕй фехъуыстам, уыцы раст ныхӕсты хуызӕгыл» уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинадимӕ. Уымӕй уӕлдай ма фылдӕр хъӕуы, «Хуыцауы адӕймаг» Тимофейау, ӕфсымӕрты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр йӕ бон «ахуыр кӕнын кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕ». Куыд амондджын сты, йӕхимӕ уыцы хӕс чи исы, ӕмӕ иннӕты фӕлмӕнӕй чи ахуыр кӕны ӕмӕ чи хъусын кӕны дзырд «бирӕфӕразонӕй ӕмӕ... арӕхстджынӕй [чи] ахуыр кӕны»! (1:13; 2:2, 24, 25; 4:2).
11 Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй Тимофей йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» зыдта сыгъдӕг Фыстытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Лоидӕ ӕмӕ Евникӕ зӕрдиагӕй ахуыр кодтой. Дзырдбаст «гыццылӕй фӕстӕмӕ» ӕвдисы, абон дӕр сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ. Фӕлӕ гыццылӕй йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгдзинады арт кӕмӕн ссыгътой ӕмӕ Хуыцауы чи базыдта, уымӕн фӕстӕдӕр йӕ фыццаг уарзондзинад куы ӕруазал уа, уӕд та? Павел зӕгъы, цӕмӕй та уыцы арт ногӕй ссудзой, сыгъдӕг уд цы тых уадзы, цы уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд дӕтты, уый руаджы. Павел загъта, «фӕстаг бонты» уӕззау рӕстӕджытӕ кӕй скӕндзӕн, фыдракӕндтӕ ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй сарӕх уыдзысты. Уый тыххӕй тынг ахсджиаг у, цӕмӕй алчидӕр, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр къӕрцхъус уой ӕмӕ сӕ лӕггады рохуаты мацы уадзой (3:15; 1:5–7; 3:1–5; 4:5).
12 Цы хӕрзиуӕг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый йӕ фыдӕбоны аргъ у (2:3–7). Уымӕ гӕсгӕ Павел ӕргом здӕхта Хуыцауы Паддзахады байзӕддагмӕ: «Дӕ зӕрдыл дар, Йесо Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас ӕмӕ кӕй уыд Давиды байзӕддаг... хорз хабармӕ... гӕсгӕ». Павелы ныфс уыд, уыцы байзӕддагимӕ кӕй уыдзӕн. Дарддӕр ныфсджынӕй дзырдта, йӕ мӕлӕт кӕй ӕрхӕстӕг, уый тыххӕй: «Нырӕй фӕстӕмӕ мын ӕвӕрдӕй лӕууы рӕстдзинады кадыхуд – уыцы кадыхуд мын нӕ Хицау, рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, хӕрзиуӕгӕн ратдзӕн уыцы бон. Стӕй ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын йӕ фӕзындмӕ чи бӕллы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр» (2:8; 4:8). Куыд амондджын сты, бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи фӕлӕггад кодта ӕмӕ йӕ бон ахӕм ныхӕстӕ зӕгъын кӕмӕн у, уыдон! Фӕлӕ уый тыххӕй абон хъӕуы иузӕрдионӕй лӕггад кӕны, Йесо Чырыстийы уарзын ӕмӕ йыл Павелау ныфс дарын: «Нӕ Хицау мӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕппӕт фыдбылызтӕй дӕр ӕмӕ мӕ бахъахъхъӕндзӕн йӕ уӕларвон паддзахадӕн. Кад ын уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Аммен» (4:18).
[Фиппаинаг]
a «Корнелий Тацит». Сочинения в двух томах. Т. I. С. 298.