-
Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынцЙегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
-
-
6 Титмӕ та Павел ныффыста: «Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй, раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕнай ӕмӕ дын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ алы горӕты дӕр сӕвӕрай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уый хъуамӕ уа, фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй, ахӕм нӕлгоймаг, хъуамӕ йын иу ус йеддӕмӕ ма уа, йӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ уой уырнӕг, ма сӕ зоной, ӕвзӕр митӕ чи кӕны ӕмӕ хивӕнд чи у, ахӕмтӕй. Цӕстдарӕг у Хуыцауы ӕвӕрд уынаффӕгӕнӕг, ӕмӕ йӕм хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, ма уа хивӕнд, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, йӕ къух макӕмӕ иса, ма уа зыд ӕмӕ хи пайда ма агура, фӕлӕ хъуамӕ уа уазӕгуарзон, уарза хорздзинад, уа ӕмбаргӕ, раст адӕймаг, иузӕрдион, хиуылхӕцгӕ, иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ фидар хӕца, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл, цӕмӕй йӕ бон уа раст ахуырады фӕрцы зонд амонын дӕр ӕмӕ, ныхмӕ чи дзуры, уыдонӕн уайдзӕф бакӕнын дӕр» (Тит. 1:5–9).
-
-
Цӕстдарджытӕ Хуыцауы дзуг хизынцЙегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
-
-
9 Ахӕм ӕфсымӕртӕн сӕ цардӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы зондӕй кӕй архайынц. Кӕд цӕстдарӕгӕн бинонтӕ ис, уӕд хъуамӕ цӕра, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ома йын хъуамӕ иу ус йеддӕмӕ ма уа ӕмӕ йӕ бинонтӕн уа хорз уынаффӕгӕнӕг. Цӕстдарӕгӕн йӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ уой уырнӕг, уой коммӕгӕс ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст ӕмӕ сӕ ма зоной, ӕвзӕр митӕ чи кӕны ӕмӕ хивӕнд чи у, ахӕмтӕй. Уӕд ӕмбырды иннӕтӕн ӕнцон уыдзӕн хистӕр нӕлгоймагмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы бинонты царды фӕдыл, стӕй чырыстон царды цыфӕнды хъуыддаджы фӕдыл дӕр уынаффӕ ракурын. Уымӕй уӕлдай, цӕстдарӕгмӕ фау ӕрхӕссӕн хъуамӕ мацӕмӕй уа ӕмӕ йын хорз ном уа суанг ӕддагӕтты ’хсӕн дӕр. Цӕмӕй ӕмбырды ном мацӕмӕй фӕчъизи кӕна, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ макӕй бон уа фӕаххосджын кӕнын, йӕхи раст нӕ дары, зӕгъгӕ. Стӕй цӕстдарӕг хъуамӕ ма уа, ӕрӕджы цавӕрдӕр тӕригъӕды тыххӕй кӕмӕн бауайдзӕф кодтой, ахӕм. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн зын нӕ уыдзӕн ахӕм цӕстдарджы фӕзмын ӕмӕ йӕ фидарӕй зондзысты, цыфӕнды уавӕры дӕр сын сӕ уырнындзинадыл кӕй батыхсдзӕн (1 Кор. 11:1; 16:15, 16).
10 Ахӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ чырыстон ӕмбырдӕн лӕггад кӕнынц, кӕддӕр Хуыцауы адӕмӕн израилаг хистӕр лӕгтӕ куыд лӕггад кодтой, афтӕ. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты «зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрд» нӕлгоймӕгтӕ (Дык. з. 1:13). Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕрӕдигӕ не сты, уӕддӕр сӕ ӕмбырды дӕр ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр зонынц, ӕнӕзӕрдӕхудт чи у, Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ ис ӕмӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ дзӕвгар рӕстӕг чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕй. Фау ӕрхӕссӕн сӕм кӕй нӕй, уый фӕрцы сӕ бон у ӕмбырды раз сӕрибарӕй дзурын (Ром. 3:23).
-