Библийы чиныг 57 – Филимонмӕ
Ныффыста йӕ: Павел
Кӕм ӕрцыд фыст: Ромы
Фыст фӕцис: н. э. 60–61 азмӕ ӕв.
ПАВЕЛЫ фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ фыстӕг абоны чырыстӕттӕн тынг цымыдисаг у. «Иннӕ адӕмыхӕттытӕм ӕрвыст» апостолы фыстӕджытӕй ацы фыстӕгӕй цыбырдӕр сты Иоанны Дыккаг ӕмӕ Ӕртыккаг фыстӕджытӕ. Павелы иннӕ фыстӕджытӕй уӕлдай, ацы фыстӕг цавӕрдӕр ӕмбырдмӕ кӕнӕ цӕстдарӕгмӕ фыст нӕу, фӕлӕ иу адӕймагмӕ. Ныффыста дзы, ӕфсымӕримӕ йӕ цы хъуыддагыл фӕндыд аныхас кӕнын, уый. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ӕфсымӕр уыд хъӕздыг лӕг Филимон, Фригийы горӕт Колоссӕй (Къаннӕг Ази) (Ром. 11:13).
2 Павел ацы фыстӕг цӕмӕн ныффыста, уый бӕлвырд у. Фыццаг хатт Ромы ахӕстоны куы бадт (н. э. 59–61 азты), уӕд сӕрибарӕй хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй иу уыд Онисим, йӕ хицау Филимонӕй чи алыгъд, уыцы цагъар (Филимон уыд Павелы ӕмбал). Онисим сси чырыстон, ӕмӕ Павел сфӕнд кодта, фӕстӕмӕ йӕ Филимонмӕ арвитын ӕмӕ Онисим йӕхӕдӕг дӕр разы уыд. Уыцы рӕстӕг Павел ныффыста Ефесы ӕмӕ Колоссы ӕмбырдтӕм. Дыууӕ фыстӕджы дӕр хорз уынаффӕ ратта Чырыстийы цагъартӕн ӕмӕ цагъартӕ кӕмӕн уыд, уыдонӕн. Дзырдта, цагъартӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дардтаиккой, уый фӕдыл (Еф. 6:5–9; Кол. 3:22–4:1). Уыцы фыстӕджытӕй уӕлдай ма Павел ныффыста Филимонмӕ ӕмӕ йын Онисимы тыххӕй лӕгъстӕ кодта, хорз цӕстӕй йӕм ракӕс, зӕгъгӕ. Иннӕ фыстӕджытӕй уӕлдай, ацы фыстӕг Павел йӕхӕдӕг ныффыста (Филим. 19). Йӕхи фыст кӕй у, уый фӕрцы йӕ ныхасӕн стырдӕр уӕз уыд.
3 Ацы фыстӕг фыст ӕрцыд н. э. 60–61 азтӕм ӕввахс, уӕд Павел Ромы дзӕвгар рӕстӕг хъусын кодта ӕмӕ бирӕтӕ чырыстӕттӕ систы. Стӕй ма тагъд кӕй ссӕрибар уыдзӕн, уый ныфс ӕй кӕй уыд, (уый тыххӕй фыст ис 22 стихы) уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ахӕстоны цасдӕр рӕстӕг куы бадт, уӕд ӕй кӕй ныффыста. Ӕвӕццӕгӕн, Павел Филимонмӕ, Ефесы ӕмӕ Колоссы ӕмбырдтӕм фыстӕджытӕ Тихик ӕмӕ Онисимӕн арвыста (Еф. 6:21, 22; Кол. 4:7–9).
4 Филимонмӕ Павел кӕй ныффыста, уый бӕрӕг у фыццаг стихӕй – ис дзы йӕ ном. Ууыл нӕ дызӕрдыг кодтой Ориген ӕмӕ Тертуллиан дӕрa. Ацы фыстӕг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, уый ма бӕрӕг у, Мураторийы скъуыддзаджы (н. э. 2 ӕнус) Павелы иннӕ фыстӕджытимӕ кӕй ис, уымӕй дӕр.
ЦЫ ПАЙДА У
7 Филимонмӕ фыстӕгӕй бӕрӕг у, Павел адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕныны тыххӕй кӕй нӕ хъусын кодта, ӕмӕ кӕй нӕ архайдта уӕды рӕстӕг закъӕттӕ аивыныл, зӕгъӕм, цӕмӕй цагъартӕ мауал уыдаид. Чырыстӕттӕй цагъартӕ чи уыд, уыдоны ссӕрибар кӕныныл дӕр нӕ архайдта, фӕлӕ лыгъд цагъар Онисимы йӕ хицау Филимонмӕ Ромӕй арвыста Колоссмӕ, се ’хсӕн уыд 1 400 км бӕрц. Афтӕмӕй Павел арӕзта, апостолӕн цы ӕмбӕлыд, уый, Хуыцау ын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг ӕххӕст кодта – «хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ... ахуыр кодта Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй» (Ап. хъ. 28:31; Филим. 8, 9).
8 Филимонмӕ фыстӕг нын ӕвдисы, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ иудзинад уыд, уый. Базонӕн дзы ис, фыццаг чырыстӕттӕ кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй хуыдтой (Филим. 2, 20). Уымӕй уӕлдай ма нын ӕвдисы, абон ӕмбырды чырыстон закъӕттӕ куыд ӕххӕстгӕнгӕ сты, уый. Уынӕм, Павел ӕфсымӕрты куыд уарзта, адӕймаджы бартӕн ӕмӕ исбонӕн кӕй аргъ кодта, уӕздан ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд. Кӕд ын цӕстдарӕджы бартӕ уыд, уӕддӕр Филимонӕн бардзырд нӕ радта, Онисимӕн ныххатыр кӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын сӕрныллӕгӕй балӕгъстӕ кодта, чырыстон уарзондзинад ӕмӕ йе ’мбал кӕй уыд, уый номӕй. Павел Филимонимӕ йӕ фыстӕджы куыд уӕзданӕй ныхас кодта, уымӕй фӕзминаг у абоны цӕстдарджытӕн.
9 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павелы ныфс уыд, Филимон ын йӕ курдиат кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ Филимон ӕцӕгӕйдӕр афтӕ куы бакодтаид, уӕд хъуыддагӕй равдыстаид, Йесо Матфейы 6:14 цы загъта ӕмӕ Павел Ефесӕгтӕм 4:32 цы ныффыста, уый. Абон чырыстӕтты куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд уыдон дӕр хъуамӕ хӕларзӕрдӕ уой ӕмӕ хатыр кӕной. Кӕд Филимонӕн йӕ цагъарыл йӕ бар цыд, фӕлӕ йын уӕддӕр ныххатыр кодта, уӕд абон чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ хатыр кӕной, чи сӕ фӕхъыг кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн, ӕмӕ уый Филимоны уавӕримӕ абаргӕйӕ, зын нӕу.
10 Филимонмӕ фыстӕджы тынг хорз зыны, Йегъовӕйы сыгъдӕг уд кӕй архайы, уый. Зӕгъӕм, уый зыны, Павел зын фарста куыд дӕсны аскъуыддзаг кодта, уымӕй. Уый бӕрӕг у, Павел цы хӕлардзинад ӕмӕ уарзондзинад равдыста ӕмӕ чырыстон ӕфсымӕртыл куыд ӕууӕндыд, уымӕй. Стӕй ма бӕрӕг у, Филимонмӕ фыстӕг дӕр Фыстады иннӕ чингуытау кӕй ахуыр кӕны чырыстон уагӕвӕрдтыл, иудзинадмӕ кӕй разӕнгард кӕны. Уымӕй уӕлдай ма, «сыгъдӕджыты» ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад ис, уый ахсджиаг у. Уыцы «сыгъдӕджытӕ» сӕ ныфс дарынц Хуыцауы Паддзахадыл ӕмӕ сӕ цардӕй ӕвдисынц, Йегъовӕйы ӕнувыдӕй кӕй уарзынц (5 стих).
[Фиппаинаг]
a «The International Standard Bible Encyclopedia», edited by G. W. Bromiley, Vol. 3, 1986, p. 831.