-
«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 1
-
-
«ЕНОХЫ ХУЫЦАУ АЙСТА»
Енох цардӕй куыд ахицӕн? Йӕ мӕлӕт йӕ цардӕй диссагдӕр уыд. Райдианы чиныджы фыст ис: «Уый фӕстӕ йӕ ничиуал федта, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау айста. Енох ӕдзухдӕр цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райдиан 5:24). Цымӕ Хуыцау Енохы куыд айста? Апостол Павел фӕстӕдӕр бамбарын кодта: «Йӕ уырнындзинады фӕрцы Енохы Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта, ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй айста, уымӕ гӕсгӕ йӕ ссарӕн никуыуал уыд. Фӕлӕ йын уый размӕ Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый» (Дзуттӕгтӕм 11:5). Цымӕ Павелы ныхӕстӕ, «Енохы Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты? Библийы иуӕй-иу тӕлмацты фыст ис, Хуыцау Енохы уӕлӕрвтӕм кӕй акодта. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Библийы фыст ис, уӕлӕрвты цӕрынӕн фыццаг Йесо Чырысти кӕй райгас (Иоанны 3:13).
Уӕдӕ цымӕ Хуыцау Енохы афтӕ куыд «айста», ӕмӕ «мӕлӕт нӕ федта»? Ӕвӕццӕгӕн ын Йегъовӕ йӕ цард ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй йӕ йе знӕгтӕ фыдмард ма акодтаиккой. Фӕлӕ уал ын уый размӕ «Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый». Куыд? Йӕ мӕлӕты размӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, цӕстылуайӕны равдыста, фидӕны зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕт. Уымӕй Йегъовӕ Енохӕн бамбарын кодта, райгонд дзы кӕй у, уый, ӕмӕ Енох мӕрдвынӕй баци. Енохы ӕмӕ ма Хуыцауы ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл» (Дзуттӕгтӕм 11:13). Уый фӕстӕ йын йе знӕгтӕ, чи зоны, йӕ мард агуырдтой, фӕлӕ йӕ «ссарӕн никуыуал уыд». Ӕвӕццӕгӕн ӕй Йегъовӕ цыдӕр фӕкодта, цӕмӕй дзы ма фӕхынджылӕг кодтаиккой кӕнӕ та йын табу кӕнын ма райдыдтаиккойb.
Енохы мӕлӕты тыххӕй цы базыдтам, уый ма рох кӕнӕм, афтӕмӕй йын йӕ царды фӕстаг минуттӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. Хабар ӕндӕрхуызон зынтӕй уыдаид. Енох размӕ лидзы, фырфӕлладӕй йын улӕфт нал фаг кӕны, иу гыццыл ма, ӕмӕ йӕ къӕхтӕ йӕ быны фӕтасдзысты. Йе знӕгтӕ йӕ мӕнӕ-мӕнӕ ӕрбаййафдзысты. Цы тӕрхоны хабар хъусын кодта, уый тыххӕй йӕм ахӕм мӕсты сты, ӕмӕ сӕ ницыуал бауромдзӕн. Енох иу хибар ран амбӕхст, цӕмӕй йӕ улӕфт гыццыл ӕрсабыр уыдаид, фӕлӕ йӕ ӕмбары, сӕ къухтӕй йын фервӕзӕн кӕй нал ис. Ныртӕккӕ йӕ фыдмард кӕй акӕндзысты, уый хорз зоны. Енох йӕ Хуыцаумӕ скуывта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Цы цӕстылуайӕн уыны, уый ахӕм ирд у, ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, цыма бынтон ӕндӕр дунейы фестад.
Енохы марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд ӕй Йегъовӕ айста
Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы ныв слӕууыд йӕ цӕстыты раз. Уый у диссаджы дуне, Енох цы дуне зыдта, уыимӕ йын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Афтӕ рӕсугъд дзы у, ӕмӕ цыма раст Едемы цӕхӕрадоны ис, афтӕ йӕм кӕсы. Ӕрмӕст дзы нӕй, чи йӕ хъахъхъӕны, уыцы херувимтӕ. Ис дзы бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сты ӕрыгон, ӕнӕниз ӕмӕ амондджын. Бӕрӕг у: фыдзӕрдӕ дзы ничи никӕмӕ дары ӕмӕ дины тыххӕй ничи никӕй ӕфхӕры. Енох ӕмбары, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у. Дзурын дӕр ын нӕ хъӕуы, ам кӕй ис йӕ бынат, ай кӕй у йӕ хӕдзар. Йӕ зӕрдӕ бынтондӕр ӕрсабыр. Енох йӕ цӕстытӕ ӕрӕхгӕдта ӕмӕ тарф фынӕй баци.
Ӕмӕ абоны онг дӕр «фынӕй кӕны». Уый ис ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – Йегъовӕ Хуыцауы хъуыдыйы! Фӕстӕдӕр Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн уыцы бон, ӕмӕ, мӕрдтӕй Хуыцауы хъуыдыйы чидӕриддӕр ис, уыдон фехъусдзысты Чырыстийы хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты. Сӕ цӕстытӕ куы байгом кӕной, уӕд фендзысты диссаджы рӕсугъд ног дуне – ӕгӕрон фарн кӕм уыдзӕн, уыцы дуне (Иоанны 5:28, 29).
-
-
«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 1
-
-
b Йегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, Моисейы мардӕн ӕмӕ Йесойы мардӕн дӕр афтӕ уый тыххӕй бакодта (Дыккаг закъон 34:5, 6; Лукайы 24:3–6; Иудӕйы 9).
-