-
«Цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уыныс?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 апрель
-
-
10. а) Н. э. размӕ 1513 азы нисаны мӕйы Йегъовӕ израилӕгтӕн цы бафӕдзӕхста? ӕ) Моисей Йегъовӕйы ныхасмӕ цӕмӕн байхъуыста?
10 Н. э. размӕ 1513 азы нисаны мӕйы Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисей ӕмӕ Аароны уылты бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕнӕсахъат уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк аргӕвстаиккой ӕмӕ йын йӕ тугӕй сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ бапырх кодтаиккой (Рац. 12:3–7). Израилӕгтӕ уый размӕ ахӕм хъуыддаг никуы арӕзтой. Фӕлӕ уӕддӕр, фӕстӕдӕр апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй Моисей «йӕ уырнындзинады фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ дуӕртты тарвӕзтӕ тугӕй бапырх кодта, цӕмӕй зӕд Хуыцауы адӕмы фыццаг хъӕбултӕм ма бавнӕлдтаид» (Дзут. 11:28). Моисей зыдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, египетӕгтӕн сӕ фыццаггуырд фыртты тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.
11. Моисей израилӕгты цӕмӕн бафӕдзӕхста?
11 Моисейӕн йӕхи фырттӕ уыцы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, Мадиамы уыдысты, ӕмӕ сын уыцы зӕд зиан нӕ ракодтаид (Рац. 18:1–6). Фӕлӕ Моисей израилӕгты уарзта ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, сӕ фыццаггуырд фырттӕн тӕссаг кӕй у. Гъемӕ йын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ бакодта, ӕмӕ израилаг бинонтӕн бацамыдта, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый. Библийы фыст ис: «Моисей уайтагъд фӕдзырдта Израилы хистӕр лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: „Ацӕут, ӕмӕ уӕ алчидӕр... Куадзӕны нывонд аргӕвдӕд“» (Рац. 12:21).
12. Йегъовӕ нын цавӕр ахсджиаг хабар бахӕс кодта хъусын кӕнын?
12 Абон Йегъовӕйы адӕм зӕдты ӕххуысӕй хъусын кӕнынц ахӕм ахсджиаг хабар: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд йӕ тӕрхоны сахат! Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!» (Рарг. 14:7). Уыцы хабар хъӕуы ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын. Хъуамӕ адӕмы фӕдзӕхсӕм, цӕмӕй Стыр Вавилонӕй рацӕуой, ӕмӕ сыл «йӕ бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой» (Рарг. 18:4). Сӕрст чырыстӕттӕ, ӕмӕ ма семӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр, адӕмӕн дзурынц, цӕмӕй «Хуыцауимӕ бафидауой» ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой (Иоан. 10:16; 2 Кор. 5:20).
Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл куы ӕууӕндай, уӕд хорз хабар ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕндзынӕ (кӕс 13 абзац)
13. Хорз хабар ныфсджынӕй цӕй фӕрцы хъусын кӕндзыстӕм?
13 Мах фидарӕй зонӕм, «тӕрхоны сахат» кӕй ралӕууыд. Стӕй нӕ фидарӕй уырны уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы, ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта «цыппар зӕды зӕххы цыппар кӕроныл лӕугӕйӕ. Уыдон фидар хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл» (Рарг. 7:1). Уырнындзинады цӕстӕй уыныс, уыцы зӕдтӕ стыр бӕллӕхы зианхӕссӕг дымгӕтӕ суадзынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уый? Кӕд о, уӕд дӕ бон уыдзӕн хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын.
-
-
«Цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уыныс?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 апрель
-
-
1, 2. а) Афтӕ цӕмӕн зынди, ӕмӕ Моисей тӕссаг уавӕры ис? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.) ӕ) Моисей «паддзахы фыдӕхӕй» цӕуылнӕ фӕтарст?
-