Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хӕларзӕрдӕдзинад – Хуыцауы цӕсты ахсджиаг миниуӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 сентябрь
    • Адӕймагӕн хӕларзӕрдӕдзинад йӕ туджы кӕй ис, стӕй уыцы миниуӕг Хуыцауы цӕсты тынг ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ Хуыцау разӕнгард кӕны, цӕмӕй «кӕрӕдзимӕ уӕм хӕларзӕрдӕ» (Ефесӕгтӕм 4:32). Библи ма дзуры: «Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый». Дзырд «уазӕгуарзон»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый бӕлвырдӕй амоны, адӕймаг хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уа ӕцӕгӕлӕттӕм, ома, кӕй нӕ зоны, уыдонмӕ (1 Тимофеймӕ 3:2, фиппаинаг; Дзуттӕгтӕм 13:2).

  • Хӕларзӕрдӕдзинад – Хуыцауы цӕсты ахсджиаг миниуӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 сентябрь
    • Апостол Павел, адӕймаг ӕцӕгӕлӕттӕм хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уа, уый кой куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Уый фӕрцы чидӕртӕ, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой, афтӕмӕй зӕдты суазӕг кодтой». Дӕуӕн дӕр ахӕм диссаджы фадат куы фӕзындаид, цӕмӕй зӕдты суазӕг кодтаис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй зӕххыл дӕр нал хӕцыдаис. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар Павелы ныхӕстӕм, «зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕймаг иннӕтӕн, суанг ӕнӕзонгӕтӕн дӕр, ӕдзух хорздзинад куы араза, уӕд, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕу, афтӕ арфӕгонд уыдзӕн.

      Иуӕй-иу Библиты Павелы ныхӕстӕм цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ ис, уыдон амонынц, Райдианы чиныджы 18 ӕмӕ 19 сӕрты цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонмӕ. Дзырд дзы цӕуы Авраамы ӕмӕ Лоты тыххӕй. Сӕ дыууӕмӕ дӕр зӕдтӕ фӕзындысты ӕнӕзонгӕ лӕгты хуызы ӕмӕ сын ахсджиаг хабӕрттӕ фехъусын кодтой. Авраамӕн фехъусын кодтой, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ома йын фырт кӕй райгуырдзӕн. Лотӕн та загътой, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕ куы сафа, уӕд ӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Райдиан 18:1–10; 19:1–3, 15–17).

      Ацы стихтӕй базонӕн ис, Авраам ӕмӕ Лот хӕларзӕрдӕдзинад кӕй равдыстой, кӕй нӕ зыдтой, уыдонмӕ. Раджы заманты бӕлццоны суазӕг кӕнын – фӕнды ӕмбал уыдаид, фӕнды хион, фӕнды ӕцӕгӕлон – адӕмӕн се ’гъдау амыдта, стӕй уый нымадтой сӕ хӕсыл дӕр. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ-иу израилӕгтӕ хъуамӕ хорзы цыдаиккой, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй сӕ зӕххыл чи цард, уыдонӕн (Дыккаг закъон 10:17–19). Фӕлӕ Авраам ӕмӕ Лот сарӕзтой, фӕстӕдӕр Закъон израилӕгтӕй цы домдта, уымӕй бирӕ фылдӕр. Уыдон сӕ удӕй бацыдысты, цӕмӕй ӕцӕгӕлӕттӕн балӕггад кодтаиккой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Хуыцау стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта.

      Авраам хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд

      Авраам ахӕм хӕларзӕрдӕ кӕй разынд, уый тыххӕй йын Хуыцау раарфӕ кодта, ӕмӕ йын фырт райгуырд. Ӕмӕ уый фӕрцы мах дӕр арфӕгонд ӕрцыдыстӕм. Куыд? Хуыцау йӕ фӕнд кӕй уылты ӕххӕст кӕны, уыдонӕй фыццӕгтӕ уыдысты Авраам ӕмӕ йӕ фырт Исахъ. Уыдоны хӕдзарвӕндагӕй рацыд Мессийӕ, ома Йесо Чырысти. Стӕй сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый амыдта, Хуыцау йӕ уарзондзинадӕй ӕмӕ йӕ хӕларзӕрдӕдзинадӕй адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы саразинаг уыд, уымӕ (Райдиан 22:1–18; Матфейы 1:1, 2; Иоанны 3:16).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын