-
Куыст ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй Библийы цы фыст ис?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
2. Ӕхцамӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕхца адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны. Фӕлӕ нӕ фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, ӕрмӕст ӕхцайы фӕрцы амондджын нӕ уыдзыстӕм (Екклесиаст 7:12). Уӕдӕ, Библимӕ гӕсгӕ, хъуамӕ ӕхцауарзаг ма уӕм, фӕлӕ нын цы ис, уый фагыл нымайӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.) Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд нӕхимӕ ӕнамонд нӕ кӕсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕдзух фылдӕр цӕмӕдӕрты нӕ бӕлдзыстӕм. Стӕй ӕнӕхъуаджы хӕстӕ нӕ исдзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Ӕхцайыл нӕ хъаздзыстӕм. Ӕмӕ нын цыбыр рӕстӕгмӕ ӕнӕ фыдӕбонӕй бирӕ ӕхца бакусынӕй зӕрдӕ куы ӕвӕрой, уӕд-иу не сразы уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый тӕссаг у.
-
-
Куыст ӕмӕ ӕхцайы тыххӕй Библийы цы фыст ис?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
5. Цы нын ис, уый фагыл нымайын нӕхи пайдайӕн у
Бирӕтӕ архайынц бирӕ ӕхца бакусыныл. Цымӕ Библи та цы зӕгъы? Бакӕсут 1 Тимофеймӕ 6:6–8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Библийы цавӕр уынаффӕ ис?
Бирӕ ӕхца нӕм куы нӕ уа, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ амондджын уӕм. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
Кӕд ацы бинонтӕ хъӕздыг не сты, уӕддӕр амондджын цӕмӕн сты?
Фӕлӕ, зӕгъӕм, хъуаг ницӕмӕй ӕййафӕм, фӕлӕ нӕ уӕддӕр фылдӕр цыдӕртӕ хъӕуы. Уый тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй Йесо радзырдта иу хабар. Бакӕсут Лукайы 12:15–21 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесо цы хабар радзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? (15 стих)
Бакӕсут ӕмӕ абарут Ӕмбисӕндтӕ 10:22 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 6:10. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Дӕумӕ гӕсгӕ ахсджиагдӕр цы у: Йегъовӕ дӕ хӕлар уа ӕви дӕм бирӕ ӕхца уа? Цӕмӕн?
Адӕймаг ӕхцайӕ ’фсис куы нӕ фӕзоны, уӕд уый цавӕр бӕллӕхтӕм ӕркӕны?
-