Библийы чиныг 59 – Иаковы
Ныффыста йӕ: Иаков
Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы
Фыст фӕцис: н. э. 62 азы размӕ
«ЙӔ СӔРЫЗОНД фӕцыди». Афтӕ хъуыды кодтой Йесойы тыххӕй йӕ хиуӕттӕ. Зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл «йе ’фсымӕртӕ не ’ууӕндыдысты». Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ, Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтыл нымад нӕ уыдысты (Марчы 3:21; Иоан. 7:5; Матф. 13:55). Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесойы ӕфсымӕр Иаков ныффыста, Библийы йӕ ном чи хӕссы, уыцы чиныг?
2 Библийы фыст ис, Йесо куы райгас, уӕд Иаковмӕ кӕй фӕзынд. Уый тыххӕй Иаков баууӕндыд, Йесо Мессийӕ кӕй уыд, ууыл (1 Кор. 15:7). Хъуыддӕгты 1:12–14 кӕсӕм, Фӕндзайӕм боны размӕ Марийӕ ӕмӕ Йесойы ӕфсымӕртӕ апостолтимӕ кӕй ӕрӕмбырд сты кувынмӕ Иерусалимы. Фӕлӕ цымӕ апостол Иаков ныффыста ацы фыстӕг? Нӕ, фыстӕджы райдиан фыссӕг йӕхи апостол нӕ хоны, фӕлӕ «Хицау Йесо Чырыстийы цагъар». Стӕй Иудӕйы фыстӕг дӕр райдайы, Иаковы фыстӕг цы ныхӕстӕй райдайы, ахӕм ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, «Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕ, Иаковы ӕфсымӕр» (Иак. 1:1; Иудӕ 1). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Иаков ӕмӕ Иудӕ уыдысты Йесойы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ ныффыстой, Библийы сӕ нӕмттӕ чи хӕссы, уыцы чингуытӕ.
3 Иаков фӕлтӕрдджын чырыстон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд ӕмбырдӕн ацы фыстӕджы уынаффӕтӕ раттын. Иаков Иерусалимы ӕмбырды цӕстдарӕг уыд ӕмӕ йын тынг аргъ кодтой. Павел дзырдта, зӕгъгӕ, ӕмбырд кӕуыл лӕууы, уыдон сты «Хицауы ӕфсымӕр Иаков», Кифӕ ӕмӕ Иоанн (Гал. 1:19; 2:9). Иаковы кӕй нымадтой, уый бӕрӕг у, Петры ахӕстонӕй куы ссӕрибар кодтой, уӕд уайтагъд кӕй арвыста, «Иаков ӕмӕ ӕфсымӕртӕн» фехъусын кӕнут, зӕгъгӕ. Цымӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты сунӕт кӕныны фарстайы фӕдыл, уӕд «апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ» Иаков нӕ ныхас кодта? Цы уынаффӕ рахастой, уый дӕр ӕмӕ Иаковы фыстӕг дӕр райдайынц иухуызон, «арфӕйаг ут!», зӕгъгӕ. Уымӕй дӕр бӕрӕг у, иу адӕймаг сӕ кӕй ныффыста (Ап. хъ. 12:17; 15:13, 22, 23; Иак. 1:1).
4 Историк Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Иаковы дуртӕй кӕй амардтой, уым аххосджын уыд хистӕр сауджын Анани, саддукей. Уыцы хабар ӕрцыд н. э. 62 азмӕ ӕввахс, ромаг хицау Фест куы амард ӕмӕ йӕ фӕстӕ Альбин хицау куы нӕма сси, уӕдa. Фӕлӕ кӕд ныффыста Иаков йӕ фыстӕг? Иаков йӕ фыстӕг Иерусалимы ныффыста, «алы рӕттӕм чи фӕлыгъд, уыцы дыууадӕс мыггагмӕ» (Иак. 1:1). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ рӕстӕг рацыдаид, цӕмӕй, н. э. 33 азы ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд чырыстон дин апарахат уыдаид. Стӕй ма хъуыди рӕстӕг, цӕмӕй, ацы фыстӕджы цы тӕссаг уавӕрты кой цӕуы, уыдон фӕзындаиккой. Фыстӕгӕй ма бӕрӕг у, чырыстӕттӕ гыццыл къордтӕ кӕй нал уыдысты, фӕлӕ ӕмбырдтӕ. Уыдис дзы фӕлтӕрдджын «хистӕр нӕлгоймӕгтӕ», уыдон куывтой лӕмӕгъты тыххӕй ӕмӕ сӕ фидар кодтой. Уымӕй уӕлдай ма, фаг рӕстӕг рацыд, цӕмӕй сбӕрӕг уыдаиккой, ӕмбырды чи ссӕрбӕрзон ӕмӕ йӕ лӕггадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын чи райдыдта, уыдон (2:1–4; 4:1–3; 5:14; 1:26, 27). Уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иаков йӕ фыстӕг ныффыста н. э. 62 азмӕ ӕввахс, кӕд Иосиф Флавий ӕмӕ ма ӕндӕр историктӕ раст ныффыстой Фесты мӕлӕтимӕ баст хабӕрттӕ ӕмӕ цӕй тыххӕй амард, уый.
5 Иаковы фыстӕгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый бӕрӕг у, Ватиканы №1209, Синайы ӕмӕ Александрийы манускриптты кӕй ис, уымӕй. Стӕй ма уыд, н. э. 397 азы Карфагены уынаффӕмбырдӕй раздӕр арӕзт чи ӕрцыд, ахӕм рагон каталогты (ӕппынкъаддӕр, дӕс каталогы). Иаковы фыстӕгӕй ма арӕх пайда кодтой аргъуаны рагон фысджытӕ ӕмӕ ацы фыстӕг Фыстады иннӕ чингуытимӕ ӕнгом баст у.
6 Иаков ацы фыстӕг цӕмӕн ныффыста? Фыстӕгмӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, ӕмбырды ӕфсымӕрты ’хсӕн зындзинӕдтӕ цӕмӕн уыд, уый. Чырыстон ӕгъдаумӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, суанг-иу йӕ сӕрты дӕр ахызтысты, ӕмӕ иуӕй-иутӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ ацы дунеимӕ балымӕн сты. Кӕйдӕрты фӕндыд Иаковы фыстӕг сдзырддаг кӕнын, зӕгъгӕ, разӕнгард кӕны уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисынмӕ ӕмӕ афтӕмӕй Павелы ныхӕсты ныхмӕ дзуры, ома фервӕзынӕн уырнындзинад фаг у. Фӕлӕ Иаковы ныхӕстӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, кӕй дзырдта, уырнындзинадӕн ӕрмӕст ныхӕстӕ фаг кӕй не сты, фӕлӕ ма хъуыддӕгтӕ дӕр кӕй хъӕуы. Павел та дзырдта ӕрмӕст Моисейы Закъоны хъуыддӕгты тыххӕй. Иаков Павелы ныхӕстӕ фӕбӕлвырддӕр кодта ӕмӕ бамбарын кодта, уырнындзинад цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, уый. Иаковы уынаффӕтӕ стыр ӕххуыс сты чырыстӕттӕн, цӕмӕй алы бон дӕр сӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕной.
7 Иаков спайда кодта фос, нау, зӕхкусджытӕ ӕмӕ зайӕгойты тыххӕй цӕвиттонтӕй. Уый фӕрцы зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъарынц уырнындзинад, фӕразондзинад ӕмӕ фидардзинады тыххӕй цы дзырдта, уый. Иаков адӕмы Йесойау кӕй ахуыр кодта, уый ноджы стырдӕр тых дӕтты йӕ уынаффӕтӕн. Ацы фыстӕгӕй зыны, Иаков адӕймаджы уды конд хорз кӕй зыдта.
ЦЫ ПАЙДА У
15 Кӕд Иаковы чиныджы Йесойы ном ӕрмӕст дыууӕ хатты ӕмбӕлы (1:1; 2:1), уӕддӕр ын бирӕ хӕттыты спайда кодта йӕ ахуырӕдтӕй. Уый бӕрӕг у, Иаковы фыстӕг ӕмӕ Уӕлхох уацамынд куы абарӕм, уӕд. Йегъовӕйы ном та дзы ӕмбӕлы 13 хатты (Ног дунейы тӕлмацы). Иаков Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕй загъта, зӕгъгӕ, уыдон иузӕрдион чырыстӕттӕн сты арфӕдзинӕдтӕ (4:10; 5:11). Иаков ма арӕх хаста цӕвиттонтӕ ӕмӕ скъуыддзӕгтӕ Дзуттаг Фыстытӕй, цӕмӕй йӕ уынаффӕтӕ бамбарын кодтаид. Йӕ ныхӕстӕ кӕцӕй ист сты, уый тыххӕй-иу загъта: «Фыстытӕ куыд зӕгъынц, афтӕ», «сӕххӕст, Фыстад цы зӕгъы, уый» ӕмӕ «Фыстад... зӕгъы» (2:8, 23; 4:5). Иаков уынаффӕтӕ лӕвӕрдта ӕмӕ разӕнгард кодта Хуыцауы Ныхасыл ӕууӕндынмӕ. Уый тыххӕй радзырдта, Авраам йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куыд равдыста, Раав дӕр йӕ хъуыддӕгты фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцыд, Иов куыд фидар разынд, ӕмӕ Илиа кӕй зыдта, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕ кӕй хъусы (Иак. 2:21–25; 5:11, 17, 18; Райд. 22:9–12; Йес. Н. 2:1–21; Иов 1:20–22; 42:10; 1 Пад. 17:1; 18:41–45).
16 Иаковы фыстӕджы ис диссаджы уынаффӕтӕ: ныхӕстӕм ӕрмӕст хъусын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕххӕст кӕнын; уырнындзинад хъуамӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа; фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ цин ма сафӕм; Хуыцауӕй зонд курӕм; ӕппынӕдзух кувӕм; паддзахы закъон ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ, «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр» (Иак. 1:22; 2:24; 1:2, 5; 4:8; 5:13–18; 2:8). Иаков дзырдта мӕнг ахуырӕдты, ӕвзаг фыдбылыз куы хӕсса, ӕмбырды хъулон митӕ кӕныны, монцты фӕдыл цӕуыны ӕмӕ хъӕздыгдзинадыл ныфс дарыны ныхмӕ (3:1, 8; 2:4; 4:3; 5:1, 5). Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уыдон Хуыцауыл гадзрахатӕй цӕуынц ӕмӕ сты йе знӕгтӕ. Иаков ма бамбарын кодта, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин цавӕр у, уый: «Сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕн сӕ тыхсты сӕ фарсмӕ балӕуу ӕмӕ ацы дунейӕ дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз» (4:4; 1:27). Ацы уынаффӕтӕ се ’ппӕт дӕр сты стыр ӕххуыс ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ ратта, фыццаг чырыстон ӕмбырд кӕуыл лӕууыд, уыдонӕй иу (Гал. 2:9). Ацы уӕззау рӕстӕг дӕр Иаковы фыстӕг стыр пайда у чырыстӕттӕн, уымӕн ӕмӕ «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» дӕтты «рӕстдзинады мыггаг» (3:17, 18).
17 Иаковы фӕндыд ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ къухы бафтыдаид, цӕмӕ тырныдтой, уый – Хуыцауы Паддзахады цӕрын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кодта: «Афтӕ сымах дӕр фӕразон ут, фидар кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ Хицауы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззад». Уыдон амондджын сты, кӕд фӕлварӕнты фидар лӕууынц, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх у, «Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – цард» райсын (5:8; 1:12). Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы цард – ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты уа ӕви зӕххыл ӕнустӕм – уый аргъ у, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Ацы диссаджы фыстӕг алкӕйдӕр сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнусон цардмӕ тырна, фӕнды йын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уа, фӕнды зӕххыл Йегъовӕйы ног дунейы, нӕ Хицау Йесо Чырысти Паддзах кӕм уыдзӕн, уым (2:5).
[Фиппаинаг]
a «Jewish Antiquities», XX, 197-200 (ix, 1); «Webster’s New Biographical Dictionary», 1983, p. 350.