Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фӕлварӕнты дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2021 | февраль
    • 2 Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд куыд хъуамӕ цин кӕнай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын уый Библи фӕдзӕхсы. Зӕгъӕм, ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста, фӕлварӕнтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый тыххӕй-иу нӕ ныфс кӕй хъуамӕ ма асӕтта, фӕлӕ-иу цин кӕй хъуамӕ кӕнӕм (Иак. 1:2, 12). Йесо та загъта, нӕ фӕдыл куы зилой, суанг уӕд дӕр амондджын кӕй хъуамӕ уӕм. (Бакӕс Матфейы 5:11.) Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ фӕлварӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр цин кӕнӕм? Нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын, Иаков 1 ӕнусы чырыстӕттӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕгӕй. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, уыцы чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уымӕ.

      1 ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔ ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ ӔМБӔЛДЫСТЫ?

      3. Иаков Йесойы ахуыргӕнинаг куы сси, уый фӕстӕ цы ’рцыд?

      3 Иаков уыди Йесойы ӕфсымӕр. Ӕмӕ, йӕ ахуыргӕнинаг куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иерусалимы чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой (Хъуыд. 1:14; 5:17, 18). Ахуыргӕнинаг Стефаны куы амардтой, уӕд чырыстӕттӕй бирӕтӕ Иерусалимӕй алыгъдысты, ӕмӕ «Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты», суанг Кипр ӕмӕ Антиохимӕ бахӕццӕ сты (Хъуыд. 7:58–8:1; 11:19). Бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, фӕлӕ, кӕдӕмфӕнды ма ацыдаиккой, алкӕм дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Ӕмӕ Ромы паддзахады бирӕ рӕтты ӕмбырдтӕ фӕзынд (1 Пет. 1:1). Фӕлӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ каст уӕззаудӕр рӕстӕджытӕ.

      4. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ ма цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?

      4 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Зӕгъӕм, н. э. 50 азмӕ ’ввахс Ромы паддзах Клавдий бардзырд радта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ иууылдӕр Ромӕй ацыдаиккой. Ӕмӕ, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдоны дӕр бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм ацӕуын (Хъуыд. 18:1–3). Н. э. 61 азмӕ ’ввахс апостол Павел ныффыста, чырыстӕтты адӕмы раз кӕй ӕфхӕрдтой, ахӕстӕтты сӕ кӕй ӕппӕрстой ӕмӕ сын сӕ исбон кӕй фӕхастой (Дзут. 10:32–34). Стӕй уыдонӕй дӕр чидӕртӕ уыдысты мӕгуыр ӕмӕ низтӕй хызт нӕ уыдысты (Ром. 15:26; Фил. 2:25–27).

  • Фӕлварӕнты дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2021 | февраль
    • Цалдӕр нывы: 1. Цырагъ цырагъдарӕны мидӕг судзы, ӕмӕ йӕ дымгӕ ӕмӕ къӕвда нӕ хуыссын кӕнынц. 2. Ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн йӕ къухы Библи гомӕй

      Цырагъ цырагъдарӕны мидӕг куы фӕсудзы, уӕд ӕй дымгӕ ӕмӕ къӕвда нӕ ахуыссын кӕнынц. Афтӕ, Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый вӕййы нӕ зӕрдӕты, ӕмӕ, цыфӕнды уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр фӕцин кӕнӕм (кӕс 6 абзац)

      6. Лукайы 6:22, 23 стихтӕм гӕсгӕ, чырыстӕттӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд цӕмӕн фӕцин кӕнынц?

      6 Бирӕтӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ, ӕнӕниз куы уой, бирӕ ӕхца сӕм куы уа ӕмӕ сӕ бинонтӕ кӕрӕдзи хорз куы ӕмбарой, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзысты амондджын. Фӕлӕ, Иаков цы циндзинады кой кодта, уый у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Ӕмӕ уыцы циндзинад, адӕймаг цы уавӕрты ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу (Гал. 5:22). Чырыстон куы фӕзоны, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕны, уый ӕмӕ Йесойы куы фӕфӕзмы, уӕд фӕцин кӕны ӕмӕ вӕййы ӕцӕг амондджын. (Бакӕс Лукайы 6:22, 23; Кол. 1:10, 11.) Цырагъ цырагъдарӕны мидӕг куы фӕсудзы, уӕд ӕй дымгӕ ӕмӕ къӕвда нӕ ахуыссын кӕнынц. Афтӕ чырыстонӕн дӕр йӕ циндзинад вӕййы йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ, цыфӕнды уавӕрты ма бахауа, уӕддӕр фӕцин кӕны. Куы фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ ӕхцахъуаг куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ циндзинад не ’рмынӕг вӕййы. Стӕй ныл нӕ бинонтӕ кӕнӕ иннӕтӕ куы фӕхудынц йе та нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕддӕр нӕ циндзинад нӕ фесафӕм, фӕлӕ ма нӕ циныл ноджыдӕр цин бафты. Нӕ уырнындзинады тыххӕй фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм (Матф. 10:22; 24:9; Иоан. 15:20). Уымӕ гӕсгӕ Иаков ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут» (Иак. 1:2).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын