-
Цыппар барӕджы чи сты?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 3
-
-
БАРӔГ СЫРХ-СЫРХИД БӔХЫЛ
«Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, сырх-сырхид, бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырдзинад айсыны бар, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи марой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыди стыр хъама» (Раргомад 6:4).
Уыцы барӕг амоны хӕстмӕ. Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй сабырдзинад цалдӕр адӕмыхаттӕй нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй айса. 1914 азы цы хӕст райдыдта, уым цал бӕстӕйы архайдта, уыйбӕрц иу хӕсты дӕр никуы. Йӕ фӕстӕ райдыдта Дыккаг дунеон хӕст, ӕмӕ уым та ноджы фылдӕр адӕм фӕцагъды. Иуӕй-иуты нымадмӕ гӕсгӕ, 1914 азӕй фӕстӕмӕ цы хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ уыди, уыдоны фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр! Уӕдӕ цӕфтӕй ӕмӕ сахъатӕй чи баззад, уыдон дӕр къаддӕр нӕ уыдысты.
Цӕмӕй бӕрӕг у, хӕстытӕ нӕ рӕстӕгмӕ кӕй амонынц? Историйы мидӕг афтӕ никуы уыд, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид зӕххыл цард скуынӕг кӕнын, фӕлӕ абон та уый сӕ бон у. Сабырдзинад бахъахъхъӕныныл чи архайы, суанг уыцы организацитӕн дӕр, зӕгъӕм, Иугонд Нациты Организацийӕн, сӕ бон нӕу, сырх-сырхид бӕхыл чи рацыд, уыцы барӕджы бауромын.
-