Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цыппар барӕджы чи сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 3
    • БАРӔГ САУ БӔХЫЛ

      «Ӕмӕ федтон сау бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ къухы уыди барӕнтӕ. Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс, цыма цыппар херувимы ’хсӕнӕй чидӕр радзырдта: „Мӕнӕуы къус динарыл. Хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл. Оливӕйы сой ӕмӕ сӕнмӕ та ма бавнал“» (Раргомад 6:5, 6).

      Ацы барӕг амоны ӕххормагдзинадмӕ. Цӕстылуайӕны кӕсӕм, хӕринаджы аргъ ӕнахуыр зынаргъ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Мӕнӕуы къусы (700 граммы) аргъ уыди иу динар. Фыццаг ӕнусы-иу адӕймаг иу динарыл куыста ӕнӕхъӕн бон! (Матфейы 20:2). Ахӕм аргъ уыди хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусӕн дӕр (2 килӕйы ӕмӕ 100 граммы), кӕд ӕмӕ-иу хъӕбӕрхор мӕнӕуӕй бирӕ асламдӕр уыди. Уӕдӕ ахӕм уавӕрты стыр бинонтӕ фӕдарӕн куыд уыди? Адӕмӕн ма загъд уыд, цӕмӕй фӕстауӕрц кодтаиккой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хӕринӕгтӕ хъуыди, уыдоныл. Цӕстылуайӕны уыцы хӕринӕгтӕ барст цӕуынц оливӕйы сой ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыдон алы хӕдзары дӕр уыдысты.

      Цымӕ истӕмӕй бӕрӕг у, сау бӕхыл чи рацыд, уыцы барӕг 1914 азӕй фӕстӕмӕ размӕ кӕй бырсы? 20 ӕнусы ӕххормагӕй амарди 70 милуан адӕймаджы бӕрц. Иу ран фыст уыд: «2012–2014 азмӕ мамӕлайы къӕбӕрӕй цардысты 805 милуан адӕймаджы – зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фарӕстӕм хай». Ӕндӕр ран та фыст уыди: «Алы аз дӕр ӕххормагӕй амӕлы, СПИД-ӕй, тӕфсӕгӕй ӕмӕ рӕуджыты низӕй иумӕ цас адӕм амӕлы, уымӕй фылдӕр». Ӕмӕ кӕд бирӕтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй ӕххормаг мачи ӕййафа, уӕддӕр сау бӕхыл чи ис, уыцы барӕг дарддӕр размӕ бырсы.

  • Цыппар барӕджы чи сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 3
    • Сау бӕхыл барӕг амоны ӕххормагдзинадмӕ

      Раргомад 6:5, 6

      САУ БӔХ

      Чи йыл бады, уыцы барӕг амоны ӕххормагдзинадмӕ. Тынг бирӕ адӕм амардысты ӕххормагӕй кӕнӕ зындзинӕдтӕ баййӕфтой, хӕринаг кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй.

  • Цыппар барӕджы чи сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (парахат кӕнынӕн) 2017 | № 3
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын