67 зарӕг
Алкӕд Йегъовӕмӕ кув
1. Алкӕд нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ кув.
Алы бон уымӕн дӕ сагъӕстӕ дзур.
Уый у ӕнувыд, дӕ зӕрдӕ йыл дар.
Зон, уый дӕуӕн у дӕ хуыздӕр хӕлар.
Алкӕд Йегъовӕмӕ кув.
2. Царды тыххӕй йын ӕдзух бузныг дзур,
Хатыр дзы алкӕд сӕрныллӕгӕй кур.
Кӕд ’мӕ фӕрӕдыдтӕ – ’ргом ын ӕй зӕгъ,
Не Скӕнӕг зоны, кӕй ыстӕм лӕмӕгъ.
Алкӕд Йегъовӕмӕ кув.
3. Кув ӕм тыхст уавӕры, агур дзы ’ххуыс –
Уый у нӕ Фыд, ууыл дарӕм нӕ ныфс.
Бакӕн йӕ базыры аууон дӕхи,
Ратдзӕн дын зӕрдӕйы фарн ӕмӕ цин.
Алкӕд Йегъовӕмӕ кув.
(Кӕс ма Матф. 6:9–13; 26:41; Лук. 18:1.)