61 зарӕг
Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?
1. Арфӕ ӕз кӕндзынӕн, Йегъовӕ, дӕуӕн.
Дӕ хӕрзтӕ ӕнустӕм ӕз нӕ бафиддзынӕн.
Дӕ Сыгъдӕг Ныхас у мӕ зӕрдӕйӕн айдӕн.
Ӕххуыс кӕн, цӕмӕй уон ӕнаипп дӕ кадӕн.
Дзырд радтон, дӕу тыххӕй кӕй цӕрдзынӕн ӕз,
Ӕмӕ мын мӕ ныхас нӕу хуымӕтӕджы хӕс.
Лӕггад дын кӕнын ӕз зӕрдӕйы фӕндӕй.
Бӕллын ӕз, цӕмӕй уай райгонд мӕнӕй.
2. Басгар мын мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй ӕз уынон,
Дӕ разы ныр хъуамӕ цавӕр адӕймаг уон.
Дӕ хорзӕх дӕттыс, чи у иузӕрдыг, уымӕн.
Дӕ уарзтӕй уон хайджын ӕз дӕр, уый фӕнды мӕн.
(Кӕс ма Пс. 18:25; 116:12; 119:37; Ӕмб. 11:20.)