12 зарӕг
Хуыцауы зӕрдӕвӕрд – ӕнусон цард
1. Загъта Йегъовӕ, кӕй ратдзӕн
Махӕн ӕнӕкӕрон цард.
Сабыр уӕд зӕхх бынӕн райсдзӕн,
Алкӕмдӕр уыдзӕн фарн.
БАЗАРД
Ӕнустӕм цӕрдзыстӕм!
Ныр уымӕ тырндзыстӕм.
Йӕ ныхас Хуыцауӕн
Нӕ фӕмӕнг уыдзӕн.
2. Алцӕмӕй ’ххӕст мах уыдзыстӕм
Не Стыр Хуыцауы фӕндӕй.
Диссаджы цардӕй цӕрдзыстӕм,
Амондджынӕй, фӕрнӕй.
БАЗАРД
Ӕнустӕм цӕрдзыстӕм!
Ныр уымӕ тырндзыстӕм.
Йӕ ныхас Хуыцауӕн
Нӕ фӕмӕнг уыдзӕн.
3. Тагъд мӕрдтӕ райгас уыдзысты,
Нал уыдзӕн маст ӕмӕ хъыг.
Тавдзӕн Хуыцау мах йӕ уарзтӕй,
Ссӕрфдзӕн алы цӕссыг.
БАЗАРД
Ӕнустӕм цӕрдзыстӕм!
Ныр уымӕ тырндзыстӕм.
Йӕ ныхас Хуыцауӕн
Нӕ фӕмӕнг уыдзӕн.
(Кӕс ма Ис. 25:8; Лук. 23:43; Иоан. 11:25; Рарг. 21:4.)