71 зарӕг
Хуыцауы лӕвар – йӕ сыгъдӕг тых
1. Кадджын Хуыцау, фӕлмӕн Фыд Йегъовӕ,
Зоныс, ӕнӕххӕст, лӕмӕгъ ыстӕм.
Курӕм, нӕ уӕззау уаргъ нын фӕрог кӕн,
Ратт нын дӕ тыхӕй, цӕмӕй фидар уӕм.
2. Зонӕм, дӕ кады аккаг кӕй не стӕм,
Арӕх рӕдийӕм нӕ хъуыддӕгтӕй.
Тынг дын лӕгъстӕ кӕнӕм, амон алкӕд
Раст фӕндаг махӕн дӕ сыгъдӕг тыхӕй.
3. Кӕд мах фӕллад, лӕмӕгъ йе ныфссаст уӕм –
Хъару нын ратдзынӕ уыцы бон.
Фидар нӕ кӕн дӕ тыхӕй, Йегъовӕ,–
Сисӕм нӕхи мах цӕргӕстау бӕрзонд!
(Кӕс ма Пс. 51:11; Иоан. 14:26; Хъуыд. 9:31.)