17 зарӕг
Размӕ, Ӕвдисӕнтӕ!
1. Ацы фӕстаг бонты фидар мах лӕууӕм,
Хуыцауӕн йӕ адӕм ыстӕм, йӕ фарс хӕцӕм.
Уадз Хӕйрӕг мах цасфӕнды фауӕд –
Лӕууӕм фидар Хуыцауы фӕрцы алкӕд.
БАЗАРД
Цӕй, размӕ, Ӕвдисӕнтӕ, фидарзӕрдӕ ут!
Хуыцауы куыст хъӕлдзӕгӕй иумӕ ’ххӕст кӕнут!
Зӕгъут алкӕм, ног дуне къӕсӕрыл кӕй и,
Алчи уӕд стыр хӕрзтӕй ’фсӕст уыдзӕни!
2. Йагъы ӕфсӕддон нӕ агуры ’нцон цард –
Мах дунейӕн, хицӕуттӕн нал кӕнӕм лӕггад.
Хӕцӕм алкӕд уаг ӕмӕ ’гъдауыл,
Ӕмӕ иузӕрдион ыстӕм Хуыцауыл.
БАЗАРД
Цӕй, размӕ, Ӕвдисӕнтӕ, фидарзӕрдӕ ут!
Хуыцауы куыст хъӕлдзӕгӕй иумӕ ’ххӕст кӕнут!
Зӕгъут алкӕм, ног дуне къӕсӕрыл кӕй и,
Алчи уӕд стыр хӕрзтӕй ’фсӕст уыдзӕни!
3. Худынц Хуыцауы ыстыр фӕндтыл ӕргом,
Ӕппын ын нӕ кад кӕнынц, фауынц ын йӕ ном.
Цӕй, мах та йӕ рухс кӕнӕм алкӕм,
Йе стыр кад ын куыд базоной ’ппӕт адӕм.
БАЗАРД
Цӕй, размӕ, Ӕвдисӕнтӕ, фидарзӕрдӕ ут!
Хуыцауы куыст хъӕлдзӕгӕй иумӕ ’ххӕст кӕнут!
Зӕгъут алкӕм, ног дуне къӕсӕрыл кӕй и,
Алчи уӕд стыр хӕрзтӕй ’фсӕст уыдзӕни!
(Кӕс ма Фил. 1:7; 2 Тим. 2:3, 4; Иак. 1:27.)